Æрæджы нæ газеты фæрстыл рацыд нæ республикæйы Арæзтад æмæ архитетурæйы министры интервью. Уым Елдзарты Константин дзырдта, зæгъгæ, Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчкы арæзтадон згъуыдтытæ иуварс кæнынмæ бавнæлта йæ саразæг фирмæ. Министр ныфсджынæй загъта йæ ныхас. Дыууæ къуырийы фæстæ бабæрæг кодтам парчы уавæр, фæлæ дзы уадиссаг ивындзинæдтæ нæ федтам.

Нæ вæййы афтæ,  æмæ цыдæр сарæзтай æмæ дзы иу хъæндзинæд дæр нæ разынд. Фæлæ куыд ис афтæ гæнæн. Цы уыд, уый ныппырх кæн, хуыздæр саразыны ныфсытæ æвæргæйæ æмæ, йæ сæндидзын кæнын дæр дæ бон ма суæд.

Ныртæккæ Стыр парк цы уавæры ис, уый схонæн ис  æрмæстдæр тезгъогæнæн бынат. Раздæры паркы уыд концертон зал, аив фæлладуадзæн бынæттæ, алыгъуызон хиирхæфсæн аттракционтæ. Сæ сæрибар рæстæг æмæ бæрæгбонтæ хъæлдзæгæй ам æрвыстой куыд сабитæ, афтæ карджын адæм дæр. Уыдис дзы чысыл цад, хъазыдысты йæдоны алыгъуызон кæсæгтæ. Цады лæгъзы  ленчытæ кодтой хъазтæ. Сæрмагондæй арæзт доны къанауты-иу адæм ленк кодтой чысыл наутыл. Ам ма уыд алыгъуызон хъеллаугæнæнтæ, хъазæнтæ, спортивон хиирхæфсæн комплекс. Ам ноджыдæр уыд «Чертове колесо» кæй хонынц, ахæм фæлгæсæн цалх. Уыдис ма дзы фæсивæды хиирхæфсæн кафе-ресторан. Уæлдай диссагдæр та уыд йæ æрдз, цъæх-цъæхид бæрзонд бæлæстæ сæрбæрзондæй фæлгæсыдысты æмæ сæ быны улæфæг адæмы хъахъхъæдтой сæрд тæвдæй, зымæг та тыхдымгæтæй. Нæ республикæйы цæрæг хистæр кары адæмæй-иу ахæм нæ разындзæн, йæ сабибонтæ науæд йе ‘взонджы бонты мысинæгты ацы парк кæмæн нæй. Абон уыцы хæрзиуджытæй æмыдзаг паркæй ницыуал баззад. Æрмæстдæр ма бæззы тезгъо кæнынæн. Раздæрæй цы æнусон иугай бæлæстæ баззад, уыдон дæр æрæнкъард сты, цыма мысынц сæ ивгъуыд. Æвæццæгæн, сын сæ бындзæфхæдтæ бахъыгдæрдтой арæзтадон куыстыты рæстæджы.

Чизоны чидæртæ зæгъдзысты, ома, ныр та цы… куыд рауад, афтæ рауад, ног парк нын ничиуал сараздзæнис. Стæй паркæй раздæр нырма æндæр цыдæртæ хъæуы саразын. Фæлæ уый раст хъуыды нæ кæсы мæнмæ. Адæймаджы кусын куыд хъæуы, улæфын дæр афтæ. Махæй алкæмæн нæ вæййы горæтæн æдде æрдзы хъæбысмæ, сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ цæуыны фадат. Ацы парчы зонæйы та фадат уыдис, цæугæдоны былгæрон хорз баулæфынæн. Уæдæ цæмæн хъуамæ уа ахæм уавæры ацы рæсугъд æмæ нысаниуæгджын бынат? Цæмæннæ дзы æрцыд арæзт хиирхæфсæн мадзæлттæ?

Афтæмæй иу æмæ дыууæ хатт нæ цыд дзырд парчы тыххæй. Хицауад æмæ горæты администрацийы æмбырдтæ иу куы цыд, уæд иу алыхатт дæр загътой, зæгъгæ, Стыр парк арæзт æрцæудзæн раздæр куыд уыд, уымæй хуыздæр хуызы. Æгæрыстæмæй, иу ын йæ ног генералон проект дæр æвдыстой. Хъыгагæн, парк арæзты рæстæджы уыцы проект æххæст цæуы æви нæ, уымæ ничи бацымыдис кодта. Уæдæ абон ацы къуыхцыйæн дзуапп Арæзтадон фирмæ куыд дæтты, афтæ æфхæрд хъуамæ æрцæуой цæстдарды органтæ дæр…

Хуыздæр æнхъæл – æвзæрдæр

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты ис æндæр бынæттæ дæр – Пионерты парк, Вокзалгæрон сквер, Театралон фæзуат æмæ æнд. Уымыты дæр не ‘мбæстæгтæ сæ фæллад фæуадзынц, тезгъо дзы кæнынц сæ сабитимæ. Фæлæ та ам дæр мæ хъуыдыйыл, æвæццæгæн, бирæ чидæртæ сразы уыдзысты, куы зæгъон Леуахийы донбылгæрон уæлдæф у сатæг, ис горæтæй дæрддзæгдæр æмæ автомашинæты æнуд тæф æмæ асфальт фæндаджы рыгæй у хибар.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.