Æвзонг натуралистты республикон станц у Хуссар Ирыстоны рагондæр уæ-лæмхас ахуырадон-хъомыладон уагдæттæй сæ иу. Ам алыгъуызон тематикон кружокты райзæрдæйæ архайынц нæ горæты æмæ республикæйы районты скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Æвзонг æрдзуарзджытæ, уагдоны ахуыргæнджыты разамынадæй зонгæ кæнынц удæгас æрдзы дунеимæ, ахуыр кæнынц райгуырæн къуымы флорæ æмæ фаунæ, уынаффæ кæнынц экологийы фарстытыл.

Ахуырадон уагдоны цы куыстытæ уагъд цæуынц, уыдоны спецификон здæхтмæ гæсгæ станц ис горæтгæрон, цыран æвзонг натуралисттæ зæххы фадгуыты хайад исынц алыгъуызон халсартæ, дидинджытæ æрзайын кæныны. Уæлæмхас ахуырадон уагдоны директор Гæбæраты Дзерассæйы ныхæстæм гæсгæ, ардæм цæуынц 420 ахуыргæнинагæй фылдæр. Ныртæккæ станцы архайы 22 программæйы, ома, ахуыры кружоктæ – «Æвзонг зоологтæ», «Æвзонг экологтæ», «Цæрæгойтæ нæ алыварс», «Цæрæгойты дуне», «Дидинджыты дуне», «Мæ райгуырæн къуым», «Адæмон æрмдæсныйад», «Нырыккон ирон хæринæгтæ», «Райгуырæн къуымы флорæ» æмæ æндæртæ. Станцы уагъд æрцæуынц музыкалон æмæ литературон-аивадон изæртæ, ацæуынц экскурситы горæтæн æддæмæ, цыран сывæллæттæ сæ хъус дарынц удæгас æрдзы цæрæгойты æмæ мæргъты цардмæ, æмбырд кæнынц æрмæг гербаритæ æмæ æндæр коллекцитæн. Станцы уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ.  22-æм апрелы æнæхъæн планетæ банысан кодта Зæххы дунеон бон – уый у сыгъдæг Дон, Зæхх, Уæлдæфы бæрæгбон. Ацы бон Зæххы æппæт цæрджыты  зæрдыл æрлæууын кæны, нæ планетæйы æрдзы, æппæт удæгас организмты бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уый.

Æрвылаз дæр 22-æм апрелы Æвзонг натуралистты станцы кусджытæ дæр сæ хъомылгæнинæгтимæ банысан кæнынц Зæххы бон. Уыцы бон дунейы алы бæстæты айзæлы дунейы дзæнгæрæг. Уый планетæйы цæрджытæм æрсиды, цæмæй æппæт тыхтæй дæр архайой планетæйы сабырдзинад, нæ иумиаг хæдзар – Зæххы рæсугъддзинад бахъахъхъæныныл. Станцы кусджытæ ауадзынц акци «Зеленый росток» æмæ ныссадзынц алыгъуызон зайæгойтæ.

 

Бæрæгбоны историйæ

1969 азы АИШ-ы Хуссар Калифорнийы горæт Санта-Барбарамæ æввахс æрцыд тæссаг авари – нефты тоннæтæ бахаудысты океаны былгæрон дæттæм. Аварийы фæстиуæгæн амардысты 3500 денджызон маргъы, афтæ ма денджызон цæрæгойтæ – дельфинтæ, денджызон пылтæ æмæ домбайтæ. Стыр зиан æрхаста йæ алыварс æрдзæн. Ацы трагикон цау æппæрццаг тæлмæнтæ ныууагъта америкæйæгтыл. Уыдон аскъуыддзаг кодтой азы дæргъы æппынкъаддæрæй иу хатт адæмы зæрдыл æрлæууын кæнын алфæмбылай дунемæ сæ ахасты тыххæй. 1970 азы мингай америкæйæгтæ рацыдысты горæтты уынгтæм. Уыдон уагътой митингтæ æмæ демонстрацитæ æрдз бахъахъхъæныны тыххæй. Уый фæдыл домдтой  ног закъæттæ райсын, сагътой бæлæстæ, уынгтæй ластой бырæттæ, сыгъдæг кодтой цæугæдæтты донбылгæрæттæ. Зæххы бон фыццаг нысан кодтой æрмæстдæр АИШ-ы, фæлæ фæстæдæр ацы бæрæгбон æрбаиу кодта бирæ бæстæты цæрджыты. Азæй-азмæ сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта. Райдыдтой Уæрæсейы дæр Зæххы бон нысан кæнын. 1990 азы 22-æм апрелæй фæстæмæ æнæхъæн дуне нысан кæны Зæххы дунеон бон.

1971 азы ИНО 21-æм марты сфидар кодта бæрæгбон æмæ æрсидт адæммæ, цæмæй æрбаиу уой æмæ афтæмæй хъахъхъæной нæ иумæйаг сæртæг хæдзары. 2009 азы ИНО 22-æм апрелы сфидар кодта дыккаг официалон бæрæгбон – Мад Зæххы дунеон бон.

Æвзонг натуралистты центры хъæппæрисæй Мад-Зæххы дунеон бон Хуссар Ирыстоны нысан кæнын райдыдтой 2012 азæй фæстæмæ экологон акци «Зеленый росток»-æй. Зæххы бон махæй алкæмæндæр фадат дæтты нæ иумæйаг хæдзарæн бузныг зæгъынæн.

25-æм апрелы Станцы хатдзæгтæ сарæзтой республикон экологон акци «Зеленый росток»-æн. Актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм. Акцийы хайад райстой республикæйы 17 скъолайы – Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы астæуккаг скъола, Знауыры районы Балта, Бехъмар, Терегуан æмæ Хъорнисы, Дзауы районы  Гуфтайы хъæуы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ, Дзауы скъола-интернат. Цхинвалæй та – 1, 2, 3, 5, 6, 9, 10, 11, 12-æм астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ æмæ скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ. Сæ презентацитæн сын аргъ кодта компетентон жюри: Буджиты Замирæ – РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады уæлæмхас ахуырады хайады хистæр; Мæргъиты Ирбег – Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты этнограф. Станцы раздæры директор; Гасситы Дзерассæ – РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг; Пæрæстаты Сергей – Геологи, экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты управленийы хистæр.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта станцы директор Гæбæраты Дзерассæ. Мадзал амыдта центры методист Хъæрджынты Аланæ.

 

Фæбæрæг сты уæлахиздзаутæ

Скъолаты минæвæрттæ иууылдæр презентацитæ сарæзтой акцийы фæлгæтты сæ бакæнгæ куыстытæн. Экраныл æвдыст цыдысты фотоальбомтæ чи сæ цы куыстытæ сæххæст кодта, уыдоны тыххæй. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Бехъмары астæуккаг скъола æмæ Цхинвалы скъола-интернаты минæвæрттæ сæ презентацитæ кæй сарæзтой сæ мадæлон æвзагыл æмæ сын уымæй рауадысты ноджы аивдæр. Иумиагæй презентациты мидис уыд ахæм, зæгъгæ, бафснайдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты цыртыты, кувæндæтты, цæугæдæтты, суадæтты алыварс, скъолаты кæртыты ныссагътой бæлæстæ, дидинджытæ æмæ афтæ дарддæр.

Жюрийы уæнгтæн зын уыд уæлахиздзау сбæрæг кæнын, уымæн æмæ ахуырдзауты презентацитæ иууылдæр уыдысты цымыдисон. Фæлæ хуыздæрты ‘хсæн вæййы ноджы хуыздæртæ. Жюри аскъуыддзаг кодта призон бынæттæ дыгай командæтыл адих кæнын. 1-аг бынæттæ саккаг кодта Знауыры районы Балта æмæ Терегуаны астæуккаг скъолатæн, 2-аг бынæттæ  дæр бацахстой ацы районы Бехъмар æмæ Хъорнисы астæуккаг скъолатæ æмæ 3-аг бынæттæ та – Орчъосан æмæ Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолатæ. Уæлахиздзаутæн Кады грамотæтимæ зæрдылдарынæн балæвар кодтой дидинджытæ горшокты сагъдæй. Иумæйагæй акцийы хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй. Уыдонæн дæр радтой, станцы кæй æрзайын кодтой, ахæм дидинджытæ, цæмæй сæ ныссадзой се скъолаты кæртыты.

Мадзалы кæрон Гæбæраты Дзерассæ арфæйы ныхæстæ загъта акцийы хайадисджытæн. Бафæндыд æй уыдонæн дарддæры æнтыстытæ сæ царды. «Зæххыл экологийы проблемæтæ раджы фæзындысты. Æмæ махмæ Хуссар Ирыстоны та ис сыгъдæг уæлдæф, кæцы ноджы хуыздæр уаид, махæй алчидæр иу бæлас кæнæ æндæр зайæгой куы ныссадзид, уæд», – загъта уый.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ центры актон залы къултыл конд кæй уыдысты алыгъуызон стендтæ æмæ лозунгтæ æрдз бахъахъхъæныны тыххæй æмæ афтæмæй рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц æрдзыл аудыныл.

Рæзгæ фæлтæрæй бирæтæ ацы станцы архайгæйæ бауарзынц зæххы куыст, цæрæгойтæм зилын, æрдзы рæсугъддзинад банкъарын æмæ аудыныл. Æмæ сæ афтæмæй бирæтæ сæ сомбон сбæттынц ахæм професситимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.