Президент Гаглойты Алан ауагъта æмбырд Цхинвалы Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы хæрзарæзтады фæдыл хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фарстаты фæдыл.
Æмбырды хайад райстой горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео, Генералон прокурор Собаты Григори, капиталон арæзтады управленийы сæргълæууæг Цоциты Зауыр.

Ивгъуыд къуырийы паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта  Улæфæн парк æмæ бацамыдта подрядон организаци парчы арæзтады рæстæджы цы згъуыдтæ æруагъта, уыдон.

Парк арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион прогарммæ реализаци кæныны фæлгæтты æмæ фæцис 2019 азы, фæлæ объект дзуапп нæ дæтты бакуыстгонд проектæн.

Гаглойты Алан Цхинвалы администраци æмæ капиталон арæзтады управлениийæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ бацæттæ кæной парчы æппæт цухдзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл фæндæттæ.

Собаты Григори Президентæн фехъусын кодта парчы арæзтады куыстыты гуырахстытæ фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы фæдыл цы фæдагурæн мадзæлттæ уагъд æрцыд, уый тыххæй æмæ уыдон подрядон организаци æгъæдджынæй кæй сæххæст кодта.

«Объекты уагъд æрцыд арæз-тадонтехникон экспертизæ, кæцы сбæрæг кодта, куыстытæ згъуыдтимæ арæзт кæй æрцыдысты . Подрядонмæ ахасты уголовон хъуыддаг конд æрцыд. Уый йæхимæ бæрн райста æппæт цухдзинæдтæ дæр йæхи хардзæй сраст кæнын», – загъта уый.

Генералон прокурор ма банысан кодта, зæгъгæ, уголовон хъуыддаджы фæлгæтты подрядон организацийæн ист æрцыд йæ исад, кæцыйæн йæ аргъ у иу æмæ æрдæг милуан сомы.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уыдон абон  æрæвналдзысты цалцæггæнæн куыстытæм.

«Абоны бон Арæзтады министрад æмæ подрядон организаци ныхас кæнынц кæцыдæр фарстаты фæдыл, афтæ ма цæттæ кæнынц техникон документтæ, уый фæстæ организацийæн йæ бон суыдзæн æппæт цухдзинæдтæ аиуварс кæнын», – загъта Собаты Григори.

Паддзахады сæргълæууæг æрдомдта, цæмæй парчы арæзтады рæстæджы цы цухдзинæдтæ уагъд æрцыд, уый фæдыл дзуапп радтой подрядонтæ.

«Дзурын фаг уыд, рахизын хъæуы æцæг хъуыддæгтæ аразынмæ. Уадз æмæ подрядон сраст кæна æппæт цухдзинæдтæ кæнæ та закъоны раз сдзуапп кæнæд», – загъта Президент.

Улæфæн зонæйыл ныхас кæнгæйæ, Хуыгаты Ромео банысан кодта, зæгъгæ, парк ис горæты администрацийы балансыл, фæлæ тарифы нæй.

«Парчы хæрзарæзтады тыххæй æхцайы фæрæзтæ хицæн нæ цæуынц, ныртæккæ мах кусæм ацы фарстыл Экономикæйы министрадимæ æмæ нæ ныфс ис, фидæн аз проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн», – загъта уый.

Президент Хуыгаты Ромеойæн бахæс кодта улæфæн зонæйы фæдыл æппæт бахыгъдтыл бакусын æмæ сæ иннæ къуырийы кæронмæ æрбавдисын.

Уымæй уæлдай ма, горæты сæргълæууæг радзырдта, Цхинвалы администраци кæй рахицæн кодта хæрзарæзтады комбинаты кусджыты, кæцытæ æрвылбон дæр сæ хъус дардзысты парчы территорийы сыгъдæгдзинадмæ. Горæты администрацийы хыгъдæй, йæ ныхæстæм гæсгæ, æлхæд æрцæудзысты рухсгæнæн прибортæ.

Уый ныфс бавæрдта, паддзахады сæргълæууæджы æппæт хæслæвæрдтæ æххæст кæй æрцæудзысты.

Капиталон арæзтады управленийы сæргълæууæг Цоциты Зауыр Гаглойты Аланы базонгæ кодта информацион бæлвырдгæнæнимæ улæфæн зонæйы хæрзарæзтады хронологиимæ. Уый ма радзырдта, æнæраст проектон планы тыххæй цад эксплуатаци нæ цыд, йæ фæрстæ нал бæззынц, гидроизоляци дзы нæй.

«Донуаты цухдзинæдтæ сты, проект æмбæлонæй æххæст кæй не ‘рцыд, уый. Мах ныхас кодтам гидротехнологтимæ, кæцытæ кусынц донуаты æлхынцъыты ног проектыл. Уыдон сарæзтой дыууæ варианты, дыууæйæн дæр ис сæххæстгæнæн æмæ слæудзысты æртæ миулан соммæ æввахс», – загъта уый.

Уый ма бавдыста газонтыл дон пырх кæныны фарст аскъуыддзаг кæныны фæдыл план. Цоциты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, автоматиконæй пырх кæныны системæ слæудзæн 7,5 милуан сомы.

«Фарстыл нырма хъæуы бакусын, фæлæ уал махæн нæ бон у пырхгæнæн крантæ сфидар кæ-нын, цæмæй хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ донхæр кæной сæхæдæг.

Уымæй уæлдай ма, хæрзарæзтады комбинат æмæ горæты администраци иумæ кусынц бæлæстæ ныссадзыны фæдыл проектыл», – загъта уый.

Æмбырды рæстæджы ныхас цыд, Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ капиталон арæзтады управленийы минæвæрттæ  кæй бакустой план сы-вæллæтты фæзуаты пробелмæтæ аиуварс кæнын, афтæ ма воркауты зонæ саразыны фæдыл.

«Нæ проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты сывæллæтты дыууæ фæзуат уæлцъаримæ. Афтæ ма Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитетимæ мах бацæттæ кодтам проект воркаут-фæзуатæн, кæцы слæудзæн дыууæ милуан сомы бæрц. Ууыл архайдзæн Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет», – загъта Цоциты Зауыр.

Уымæй уæлдай ма, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео банысан кодта, зæгъгæ, «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Еналдыты Хъазбег фæндон бахаста Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы Хуссар Ирыстоны зынгæ гоймæгты бюсттæ сæвæрыны фæндон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, бюсттæ сфидар кæныны фæдыл хæрдзтæ йæхимæ райсдзæн «Стыр Ныхас».

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, иннæ къуырийы кæрон уагъд æрцæудзæн ноджы иу фембæлд, кæцыйы рæстæджы контроль æрцæудзæн æппæт бакуыстгонд плæнттыл æмæ байхъусдзæн æппæт фæндæттæм.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.