Æрæджы нæ историктæ Мамысоны комы сбæрæг кодтой ног историон, культурон цыртдзæвæнтæ аст. Ахæмтæ Ирыстоны зæххыл бирæ ис, фæлæ се ‘ппæт  нæма сбæрæг кодтой.

Уыдон сты Самтхосы Дзуар, Цъынайы дзуар, Комахцойы Реком, Майрæм æмæ Каузæд, Моурауты мæсыг, Елойты мæсыг æмæ «Ныхас».

Ацы культурæйы цыртдзæвæнты ахадындзинад раиртасыны фæстæ сын лæвæрд æрцыд историон статус республикæйы æмвæзадыл. Нырæй фæстæмæ уыцы бынæтты, стæй сæ алыварс фæзты нал уыдзæн арæзтад, нæ уыдзæн зæххытæй пайда кæнæн, сæ цæст сæм дардзысты æмбæлон органтæ.

Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй уыдон сты нæ историон бынтæ, зонгæ нæ кæнынц нæ фыдæлты цард æмæ архайдимæ, æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын, фидæны фæлтæртæн бавæрын.

Ныртæккæ историктæ æмæ археологтæ дарддæр агурынц культурæйы хæзнатæ.

 

АХАДГÆ   ÆХХУЫС

Цæгат Ирыстон та радон хатт арвыста ахадгæ æххуыс Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджытæн. Уыдон сты фондз тагъд æххуысы машинæйы алы техникон фæрæзтæй ифтонгæй. Уыдонæй дыууæ самал кодтой Медицинон академийы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Адæмон фронты регионалон хайадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй машинæтæ æрвыст æрцыдысты фронты раззаг хахмæ. Уыцы арфæйаг хъуыддаг у стыр бавæрæн Уæлахизмæ.

Ахæм æххуыстæ хæсты райдайæнæй нырмæ Ирыстонæй бирæ фæцыдис. Республикæйы цæрджытæ абоны онг дæр æдзух æрвитынц гуманитарон æххуыс. Цалдæргай уæзласæн машинæтæ куы иу хъæуæй араст вæййынц, куы – иннæмæй. Дзæуджыхъæуы дæр сæрмагонд пункттæм адæм хæссынц се ‘ххуысы хай. Уыдон æмрæнхъ фæстæ нæ лæууынц, æгæрыстæмæй, скъоладзаутæ дæр. Зæгъæн ис, фронтмæ алы скъолайæ дæр ацыд æххуыс.

Нæ хæстонты фарсмæ балæууын у алкæйы хæс дæр. Уæд Уæлахиз дæр нæ къухы тагъддæр бафтдзæн.

                     Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.