Сабаты, 28-æм октябры Къуайсайы астæуккаг скъоламæ фæуазæг сты кадджын уазджытæ. Цæгат Ирыстон-Аланийæ æрцыдысты Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар, Цæгат Ирыстон-Аланийы Æхсæнадон палатæйы уæнг Лалыты Лев, йæ цардæмбал Хæмыцаты Эммæ, журнал «Дарьял»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Тъехты Тамерлан æмæ æндæртæ.

Цытджын мадзалмæ ма æрбацыдысты фысджытæ Наниты Асиат æмæ Чехойты Оля, РХИ-йы Ветеранты республикон советы минæвæрттæ Дриаты Гела æмæ Лалыты Вячеслав, скъолайы коллектив æмæ ахуыргæнинæгтæ, библиотекæйы кусджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Левы хæрзаудæн архайдимæ хорз зонгæ сты куыд Ирыстоны Цæгаты, афтæ Хуссары дæр. Хæларзæрдæ меценат ивгъуыд аз Хетæгкаты Къостайы цырт йæхи финансон фæрæзтæй сæвæрдта Къуайсайы дæр. Уый размæ та ирон генийы цыртытæ сæвæрдта Дзау, Знауыр æмæ Цæгат Ирыстоны цалдæр районы. Афтæ ма  фæкæсынхъуаг адæймæгтæм алыхатт дæр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны,  материалон æгъдауæй сын баххуыс кæны.

Хуссар Ирыстоны разамынд дæр стыр аргъ кæнынц Левы хæрзаудæн архайдæн. Бирæ азты дæргъы намысджын куысты, активон æмбæстагон позици, æцæг патриотизм, хæрзаудæн архайд æмæ адæмуарзондзинады тыххæй Лалыты Лев Герасимы фырт Президент Гаглойты Аланы  барамындæй хорзæхджын æрцыд Кады орденæй. Къуайсайы астæуккаг скъолайы актон залы йын орден радта горæты мэр Хуыгаты Алан. Уый загъта: «Абон Къуыдаргоммæ æрцыдысты кадджын уазджытæ. Лев кæны ахсджиаг æмæ хъæуæг куыст. Æппæт тыхтæй дæр архайы, цæмæй Ирыстон размæ цæуа, хъомыл дзы кæной аккаг фæлтæртæ. Зæрдæйæ  цин кæны Ирыстоны цинтыл. Дзæвгар сты йæ саразгæ хорздзинæдтæ».

Хорзæх йæ хицауыл куы сæмбæлд, уæд Лалыты Левы цардвæндаг æмæ хæрзиуæгон архайды тыххæй радзырдта Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Сулико. Стыр бузныг загъта меценатæн йæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй, банысан кодта, зæгъгæ, Лев у стыр адæймаг, йæ парахат зæрдæйы, дам, бынат ис дыууæ Ирыстонæн дæр æмæ сын лæггад кæны сыгъдæгзæрдæйæ.

Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр Лалыйы фырт афтид къухæй не ‘рцыд Къуыдаргоммæ. Сывæл-лæттæ æмæ библиотекæйæн балæвар кодта чингуытæ. Хуыгаты Сулико æмæ Чехойты Оляйы  та схорзæхджын кодта «Дети войны»-йы майданæй. Ацы хорзæхæн 2012 азы бындур æрæвæрдта æхсæнадон фонд «Дети Великой Отечественной войны». Организаци йæхæдæг сырæзт 1996 азы. Майдан у æхсæнадон æмæ лæвæрд цæуы УФ-йы æмæ ХПÆ-йы бæстæты æмбæстæгтæн.

Лалыты Лев скъолайы дирекцийæн фехъусын кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны йæ хъус дары Чермены хъæуы астæуккаг скъолайы кълæстæй сæ иуы ахуырдзаутæм. Æмæ йæ фæнды, Хуссар Ирыстоны дæр йæхимæ райса скъолайы райдиан кълæстæй сæ иуы. Йæ ныхæстæм гæсгæ сын кæндзæн алыварсон æххуыс. Скъолайы директор ын йæ дæлбар бакодта Къуайсайы астæуккаг скъолайы 2-æм къласы 10 ахуыргæнинаджы. «Къуайсаимæ мæ сбаста горæты сæрдар Хуыгаты Алан æмæ йын стыр бузныг зæгъын ацы хъарм фембæлды тыххæй. Ахуыргæнинæгты тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ сæ æрмæст ручкæтæ æмæ тетрæдтæй нæ ифтонг кæндзынæн, фæлæ ма семæ кæн-дзынæн хъомыладон куыст дæр. Хъуамæ æххуыс кæнæм ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн рæзгæ фæлтæры хъомылады хъуыддаджы. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй архайæм Ирыстоны фæрныгады тыххæй. Æмæ нæ Фыдыбæстæйы фæрныгад æмæ сомбон та сты рæзгæ фæлтæртæ», – загъта Лалыты Лев.

Уый ма стыр бузныг загъта Президент Гаглойты Аланæн ахæм бæрзонд хорзæх –  Кады орденæй йæ кæй схорзæхджын кодта, уый тыххæй.  Афтæ ма ба-нысан кодта, зæгъгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмард сты бирæ ирон лæппутæ. Уыдонæй бирæтæ сидзæртæй ныууагътой цалдæргай сывæллæтты. Мах, дам, хæсджын стæм, цæмæй сæм нæ хъус дарæм. Алы мыггаг дæр, дам, хъуамæ ауда йæ мыггаджы сидзæртыл.

«Лалыты Лев у йæ радтæг адæмы аккаг фырт. Тынг бирæ хæрзаудæн акцитæ йын  бантыст саразын. Тынг бирæ дзурæн ыл ис. Дис мæм фæкæсы, уыййас йæ бон куыд у хорздзинæдтæ тауын», – загъта поэт Чехойты Оля,  æмæ бакаст меценатыл йæхи фыст æмдзæвгæ.

Мадзалы  раныхас кодта Наниты Асиат. Уый арфæйы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн. «Левæн йæ уды куыд фæнды, афтæ лæггад кæны йæ радтæг адæмæн æмæ уымæй дæр у амондджын». Нанион æнæ рахатгæ нæ фæцис скъолайы сыгъдæгдзинад æмæ æмбæлон фæткы тыххæй æмæ уый фæдыл та бузныг загъта Хуыгаты Суликъойæн.

Къуайсайы библиотекæйы сæргълæуæг Багаты Асиат Лалыты Левæн балæвар кодта дыууæ нывы – хъæдæрмæгыл Къостайы музейы ныв æмæ иннæ та – пейзаж.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

ЧЕХОЙТЫ Оля

ЛАЛЫТЫ ЛЕВÆЙЫ 70-АЗЫ

ЮБИЛЕЙЫ ЦЫТÆН

Хæрзиуæджы фæзынд у Лева нæ Иры,

Нæ зынгхуыст лæппутыл йæ зæрдæ у рыст.

Цырт аразын хъæуы цæрдхъомæй йæ номыл

Ирыстонæн уый у йæ æнæмсæр фырт.

 

Нæ зонын ныхæстæ Левайæн йæ аккаг,

Йæ хъуыддæгтæм хауы æзнагæн йæ цæст.

Фыдгул нын нæ цæхæрцæст фыртты уæд мардта,

Куынал зыдта ‘рхуыст уый йæ хæдзары ‘хсæв.

 

Йæ нæртон хæрзтæ сты нæ Ирæн хæрзæбон

Ныллæг ын кæнын æз уæ разы мæ сæр.

Йæ номæй сæрыстыр у Хуссар Ирыстон

Йæ къæхты айст ноджы рæуæгдæр кæнæд.

 

Уый не ‘хсæн ис абон, Ирыстоны номдзыд.

Хуыцауæй фæцис уый нæ Ирæн лæвар

Мæгуыр лæгмæ Лева, уæлвонгæй нæ кæсы,

Уадз, рухс ран фæбадæт йæ ныййарæг мад.

 

Йæ уæззау хуынтæн Ир нæ зоны сæ нымæц,

Мæлæтмæ у уымæн  йæ бæсты цæттæ.

Цæвиттойнаг нын у уый рæзгæ фæлтæрæн,

Ныр, сæдæ азæй фылдæр, Вассойау, цæрæд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.