Стыр Уӕлахизы боны цытмӕ уадзгӕ акци «Войны священные страницы навеки в памяти людской»-йы фӕлгӕтты Ленингоры районы ми-лицийы хайады кусджытӕ бафснайдтой дыууӕ цыртдзӕвӕны алыварс.

Цъолды хъӕуы советон дуджы сӕвӕрдтой ӕнӕном солдаты цыртдзӕвӕн. Милицийы кусджытӕ йын йӕ алыварс ӕмбонд – рӕхыстӕ цӕджындзтӕм фидарӕй, бацалцӕг кодтой, ныххафтой йын йе згӕтӕ ӕмӕ йӕ ногӕй сахуырстой. Ахӕм куыстытӕ бакодтой цыртдзӕвӕнимӕ дӕр. Йӕ алыварс территори дӕр ын асыгъдӕг кодтой хӕмпӕлтӕй, хус сыфтӕртӕй ӕмӕ бырӕттӕй.

Икъоты хъӕуы та ис Сталины бюст ӕмӕ уымæ дæр базылдысты, сахуырстой йæ ахорæнæй, йæ алыварс ын ссыгъдæг кодтой хӕмпӕлтӕ ӕмӕ бырӕттӕй.

Ацы акцийы фӕлгӕтты иннӕ районты дӕр сыгъдӕг кӕнынц цыртдзӕвӕнтӕ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.