Раздæр ноджы фыддæр фыдæвзарæнтæ æвзæрстам, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн ирон адæмы хурхы стæджы хъæбæрау чи ныссагъд, уыцы паддзахадон арæныл, фылдæр рæстæг дзы хъуыд æнхъæлмæ кæсын, дзыназын, нуæрттæ халын. Ныр та цы, æгæр бирæ адæм дзы куынæ бамбырд уа, уæд – хатт фондздæс минуты æмæ арæн фæстейæ аззад…

 

Фæлæ дзы раздæр æрмæстдæр кодтам фæлмæцгæ, рисгæ, кæрæдзийыл нæ ардауыны, кæрæдзи хæрыны фæрæз нын нæ уыд. Цалдæргай сахатты, бонты, æхсæвты алæууын-иу кæй бахъуыд, уыдон дæр-иу æхцонæй сулæфыдысты, сæ хъизæмарæй-иу куы фервæзтысты, уæд, æмæ та-иу сæ ферох арæныл бавзаргæ зындзинад. Ныр та? Искæй дзы иу-фондз минуты уæлдай рæстæг алæууын бахъæуæд, уый йедтæмæ бæстæ цъиувæдисæй байдзаг вæййы. Æмæ та æргомæй разыны, уыцы цъиувæдис чи сисы, уыдоны бынтондæр кæй нæ вæййы адæмы, арæныл æвзаргæ зындзинæдты мæт, æрмæстдæр сæ политикон нысæнттæн уавæрæй спайда кæнын кæй фендавы…

Иу цæвиттон: мæй – дыууæ мæйы размæ Дæллаг Зæрæмæджы контролон-уадзæн пунктыл, ома, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн паддзахадон арæныл ацырдæм цæуæг машинæтæй æнхъæлмæ чи каст, уыдон бирæ нæ уыдысты. Уыдаиккой фондз, дæс кæнæ чысыл фылдæр. Фæлæ æрцыд æнахуыр цымыдисаг хабар. Фæндаг цы хъулон-мулон хъилæй æрæхгæнынц, ууыл хæрдмæ схæцыдысты, фæлæ машинæтæ сæ бынатæй не змæлынц. Хъил хъилæй лæууы, машинæтæ – æнæзмæлгæйæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æппæты разæй цы машинæ лæууыд, уымæн йæ шофыр машинæйы нæ разынд, йæ фæстæ чи лæууыд, уыдонæн та йæ иувæрсты ахизæн нæ уыд. Уыцы уавæр ахаста цалдæр минуты бæрц. Хъил хъилæй лæууы, чи не змæлы, уыцы машинæ-ты нымæц та фылдæрæй-фылдæр кæны. Бæлццæттæ тыхсын райдыдтой, машинæ-ты хицæуттæй чидæртæ машинæтæй рахызтысты, мæсты кæнынц, фæлæ сæ маст кæуыл ныккалой – арæнхъахъхъæнджытæ кæй ницы аххосджын сты, уый æмбарынц. Уæдмæ шофыртæй чидæр афтæ бакодта: «Далæ фæзилæны цы лæппу лæууы, уый у машинæйы хицау». Иу æвзонг лæппу, æцæгæйдæр, лæууыд, машинæты къæдзил даргъæйдаргъдæр кæм кодта, уыцы ран фæсфæд æмæ иу каст хæрдмæ чи ныхъил, уыцы хъилмæ кодта, иннæ каст та, машинæты къæдзил фæстæмæ чи ивæзта, уыцы радмæ… Куы фæхатыд, адæм æм æгæр ныккастысты æмæ тас у, сæ масты азар æй куы басудза, уымæй, уæд йæ дзыппæй телефон фелвæста, машинæты радмæ йæ ныццарæзта, уыцы дæргъæй-дæргъмæ колоннæйы ныв фелвæста æмæ ныййарц йæ машинæйы ‘рдæм…

Махмæ афтæ у – нæ маст тагъд сысы… Уæды онг фырмæстæй фæйнæрдæм алывыдтæ чи калдта, уыцы адæм куыддæр бамбæрстой, ныртæккæ аирвæздзысты, афтæ сæ алчи дæр, чысыл раздæры бавзаргæ маст ныхъуыргæ, йæ машинæйы смидæг.

Махмæ афтæ у… Цы æрцæуы, ууыл рæстæгыл нæ ахъуыды кæнæм, ницы хатдзæгтæ саразæм, æрмæст нæ йæ фæстиуджытæ æгъатырæй куы ныцъист кæнынц, уæд райхъал вæййæм, уæд ныл æртæфсы алцы дæр. Диссаг куыд нæу, утæппæт адæмæй иу дæр нæ ахъуыды кодта, æппæты разæй лæууæг машинæйы хицау цæмæн афтæ бакодта, ууыл. Искæдæм куы фездæхтаид, искуы куы афæстиат уыдаид, уæд ын бамбарæн уыд, фæлæ никуы афæстиат. Цас гæнæн уыд, уый бæрц фæлæууыд, даргъæй-даргъдæр чи кодта, уыцы колоннæйы цур, стæй колоннæйы ныв фелвæста æмæ ныййарц йæ машинæмæ. Фæлæ æхсæвы рабæрæг, цæмæн афтæ рауад, уый: интернеты фæзынд, шофыр кæй систа, уыцы ныв, йæ быны, «адæмы хъизæмарæй чи мары», республикæйы уыцы къухдариуæгады адресыл алы хъылма æмхæццæ  æртхъи-рæнтæ æмæ фидистæ, афтæмæй. Иугæр уыцы рæстæджы стыр «пробкæтæ» нæ уыд, уæд кæмæндæр æви кæмæндæрты «повод» нал уыд æвзæрстытæй æвзæрстыты ‘хсæн сæ «патриотизм» æмæ «адæмыл æнувыддзинад» равдисынæн æмæ æрхъуыды кодтой ахæм цыдæр.

Æмæ, чизоны, æцæгæйдæр, ахæм цыдæрты аккаг йедтæмæ не стæм?.. «Чизоны», цæмæн  афтæ у. Кæй нæ уырны, уый йæ хъус адарæд фæйнæрдæм, ацы бонты та адæмы æнцойдзинад куыд базмæстой, уымæ. Исчи цæгатæй æрцæуæд, уый йедтæмæ йæ хъуыры хъуамæ фæбадой: «Гонгæй, уже таможняйы тесттæ йедзаг кæнын хъæуы?». Афтæ зæгъын чи сфæраза, ницæй тесттæ дзы федтон, зæгъгæ, уый ноджы уайдзæфты бын фæкæндзысты – цы ис, цынæ ис, уыдæттыл дæр къæхтæ æмæ къухтæ бафтаудзысты: кæмæн йæ хæстæджы баурæдтой, кæмæн йæ зонгæйы фæстæмæ раздæхтой, чи дзы йæхи дыууæ цæстæй федта дыууæ сылгоймаджы тестты бланктæ дæтгæ æмæ афтæ дарддæр. Уæдæ цы фесты уыцы дыууæ сылгоймаджы? Кæд иутæн дæттынц бланктæ, уæд æндæрты цæмæн ауадзынц?.. Æмæ кæд æцæг афтæ у, уæд та уый дæр провокаци кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыггæнæн ис?..

Ис Уæрæсейы Федерацийы Роспотребнадзоры уынаффæ, кæцы уынаффæмæ гæсгæ 15 апрелæй фæстæмæ Уæрæсейы Федерацимæ цæуджытæ, хъуамæ арæныл хизгæйæ, бавдисой сæрмагонд анкетæ, уый фæстæ æртæ боны дæргъы хъуамæ сбæлвырд кæной, коронавирусæй рынчын сты æви нæ, æмæ цалынмæ фæстиуæг базоной, уæдмæ хъуамæ уой хиизоляцийы. Фæлæ уыцы ног фæтк нæ хауы Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй нæм ма хауа, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад рæстæгыл кæй бацархайдта, уый фæстиуæгæн. Уæрæсейы Федераци йæ территорийыл цы аразы, уый йæхи хъуыддаг у, нæ бон нæу йæ ныхмæ рацæуын. Нæ уавæры та кæй бацыд, уый тыххæй йын хъæуы бузныг зæгъын. Фæлæ бузныг зæгъыны бæсты адæмы змæнтынц æмæ ардауынц, Уæрæсе та нæ уавæры кæй бацыд, уый къух кæмæн нæ дæтты, ахæмтæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон арæныл дыууæрдæм цæуæг адæм цас фылдæр хъизæмæрттæ æвзарой, уый бæрц кæмæндæрты тынгдæр тулы. Цæмæн? Уымæн æмæ сæхимæ нæй, адæмы раз сæхи цæмæй равдисой, уый, æмæ хъуамæ спайда кæной адæмы тыхстдзинад кæнæ искæй æнамонддзинадæй. Уæдæ куыд, æндæр цы хуызы хъуамæ равдисой сæ «патриотизм»…

Æнæуый дæр фаг рыст æмæ зындзинæдтæ æвзарæм уыцы фæндагыл, ис дзы катай æмæ тыхстдзинады фаг проблемæтæ. Цы нæй, уый та ма цæмæн агурæм, нæхимæ йæ сыфцæй цæмæн ласæм, нæхицæн уæлдай рыст цæмæн æвзарын кæнæм? Искæй рыст æмæ æнамонддзинады амонд æмæ хæрзиуæг чи агуры, уыдон иуæрдыгæй афтæ дзурынц, хъуамæ, дам, хæдбарæй цæрæм, хъуамæ, дам, Уæрæсейы скондмæ бацæуыны хъуыдыйыл нæ къух сисæм. Иннæрдыгæй та домынц, цæмæй не ‘хсæн арæн ма уа, мачи нæ хъыгдара, мачи нæ урома… Ам дæр та сайынц. Цалынмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуæм, уæдмæ Уæрæсе йæ арæн нæ сисдзæн, уымæн æмæ паддзахадæн æддаг бæстæимæ хъуамæ уа паддзахадон арæн, уыцы бæстæимæ йын цыфæнды хæларадон ахастытæ ма уа, уæддæр. Æмæ кæйдæрты уымæн нæ фæнды, цæмæй Уæрæсейы скондмæ бацæуæм, уымæн æмæ сын змæст доны кæсаг æнцондæр ахсæн у. Æмæ уыдон сæхæдæг чи сты, уый зонут, ирон адæм? Мах-иу дæсгай мæйты нæ кадавар мыздты къапеччытæ дæр куынæ истам, уыцы рæстæджыты уыцы фæндагæй æхца голладжыдзæгтæй чи хаста, уыдон, кæнæ уыдон кæй ардауынц, ахæмтæ.

Фаг нын у, иугай адæймæгты ардыдæй кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсынæн, хъæбатыр æмæ сæрыстыр ирон адæм!

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.