Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парк хæрзарæзт æрцыд цалдæр азы размæ. Инвестпрограммæйæ йын цы 33,5 милуан сомы рахицæн кодтой, уымæй арæзтадон компани «Цхинвалы арæзтадон организаци» схæрзарæзт кодта 20 мин квадратон метр. Улæфæн зонæйы сæвæрдтой 37 фæхсбандон. Парк срайдзаст кодтой 100 цырагъæй, схæрзарæзт кодтой цад, бындуронæй сарæзтой Леуахийы былгæрæттæ, тезгъогæнæн фæндæгтæ, ныссагътой дзы цъæхдарæнтæ. Фæлæ уæддæр ацы бынат бирæты зæрдæмæ нæ цæуы. Абарынц æй раздæры паркимæ. Паркæн йæ раздæры хуызы чи бахъуыды кодта, уыдон æй мысынц. Фæсивæды иууыл уарзондæр бынат – кафейы-иу уагъд цыд дискотекæтæ. Фæстæдæр ацы кафейы фæласта ивылд Леуахи. Советон дуджы ацы паркы уагъд цыд хъазтизæртæ. Ам-иу æмбæлдысты уарзæттæ. Сабитæ хъæлдзæгæй æрвыстой сæ рæстæг, цы аттракционтæ дзы уыд, уым. Фæсивæды уарзондæр хъеллаугæнæн «Хæйрæджы цалх» куы фехæлд, уæддæр ма-иу дзы сбадтысты сывæллæттæ æмæ-иу æй къухæй зылдтой. Паркы цы концертон зал уыд, уырдæм-иу хуынд æрцыдысты зындгонд уæрæсейаг зарæггæнджытæ. Алы сабат та-иу дзы уыдысты бынæттон сфæлдыстадон къордты ралæудтытæ. Иудзырдæй, улæфт боны адæм тырныдтой уырдæм. Æмæ ныр та? Боныгон дзы адæймаг нæ фендзынæ, æрмæст изæрыгæтты – тезгъогæнджытæ. Ам раздæр цы бæлæстæ уыд, уыдонæй ма аззадысты стæмтæ. Парк аразынмæ куы бавнæлдтой, уæд Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къæбысты Зауыр бирæ тох кодта алы бæласы бахъахъхъæныныл дæр. Фæлæ, хъыгагæн, уый йæ къухы нæ бафтыд.

Паркæн цы проект арæзт æрцыд сæрысуангæй, уым нысан уыдысты сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ æмæ ма теннисон корт. Фæлæ арæзтады рæстæджы проект фæивтой, сывæллæтты фæзуæтты бæсты уым бындуронæй сарæзтой Леуахийы былгæрæттæ. Ныр сæрдыгон бонты сабитæ схæи цы фæкæной уый нæ фæзонынц æмæ цъымара цады ныббырынц, фæтъыбар-тъыбур дзы кæнынц.

Стыр парк цалынмæ горæты балансмæ нæ радтой, уæдмæ дæр адæммæ бирæ фиппаинæгтæ уыд, фæлæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад ныфс æвæрдта горæтмæ, дам, лæвæрд куы æрцæуа, уæд уыдон цухдзинæдтæ баххæст кæндзысты. Горæтмæ объект лæвæрд æрцыд 2019 азы, фæлæ абондæр иуварс не ‘рцыдысты. Æцæг горæты администрацийы сæрмагонд службæтæ хорз дарынц сæ хъус паркы сыгъдæгдзинад æмæ цъæхдарæнтæм. Ныссадзынц дзы дидинтæ дæр, фæлæ уыдон зæрдæйы фæндиаг никуы схæцыдысты. Æрвылаз дæр-иу паркы хæрзарæзты тыххæй горæты мэриайы дзуапп уыд æнхъæлмæ кæсæм финансон фæрæзтæм, зæгъгæ…

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.