Ацы фæстаг рæстæг та æхсæнадон транспортимæ баст лыггæнинаг фарстатæ афтæ сарæх сты æмæ республикæйы разамынды бахъуыд æвæстиатæй исты мадзæлттæ райсын.

Хисæрмагонд маршрутты шофыртæ æдзух хъаст кæнынц, алцыдæр кæй сзынаргъ ис, уымæй æмæ та фæндаггаджы аргъыл афтауынц, транспорты разамынды фæрсгæ дæр нал кæнынц, афтæмæй. Æрæджы дæр ма фæндагыл ацæуыны аргъ уыди 15 сомы, стæй – 20, ныр та – 25 сомы. Бæлцæттæй исчи йе ʻнæразыдзинад куы равдисы, уæд сæ ныхас вæййы: æндæр рæтты ноджы зынаргъдæр у. Цымæ кæм у зынаргъдæр? Дзырдæн зæгъæм, Хъырымы курортон зынаргъ горæтты дæр цæуыны аргъ у 25 сомы. Троллейбустæ æмæ автобустыл адæм парахатæй цæуынц, æртæ минутæй фылдæр та æрлæууæны ничи алæууы. Махмæ та, ирон æгъдæуттæ сæ быны бындуртæ кæмæн бахордтой, уыцы мæгуыр адæм 25 сомы фидгæйæ, æрдæг сахаттæ фæлæууынц уынгты. Куы сбадынц, уæддæр чи йæ иу къахыл къæдз бæрзæйæ фæлæууы, чи кæйдæр фарсмæ æрныхсы, афтæмæй музыкæйы æнахъинон хъыллистмæ хъусгæйæ удхаргæнгæ фæцæуынц. Авд сахатæй фæстæмæ та транспорт æппындæр нал фендзынæ.

Алыбон редакци æмæ администрацимæ цы хъæстытæ цыд, уыдонмæ, æппынфæстаг, сæ хъус æрдардтой æмбæлон органтæ. Октябры мæйы горæты администраци æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ цы рейдтæ сарæзтой, уыдоны рабæрæг æгæрон бирæ закъон халыны цаутæ. Фыццаджыдæр, официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ хыгъды цы 1486 маршрутон иуæджы ис, уыдонæй кусынмæ рацæуы æрмæстдæр… 273. Иннæтæ алы æфсæнттæм гæсгæ нæ рахизынц кусынмæ.

Транспорты æмæ фæндæгтыл змæлды управленийы хицау Дзитойты Барис куыд загъта, афтæмæй нырæй фæстæмæ лæгъстиаг никæмæн уал уыдзысты. «Шофыртимæ мах бирæ æмбарынгæнæн куыст фæкодтам, бирæ-иу фæтох кодтам, цæмæй фæндæгтыл цæуыны аргъ æмбæлгæ æмвæзадыл дарой, фæлæ нæ ныхæстæй ницы уайы. Афтæмæй сæ фылдæр сæ куыст дæр æмбæлон уагыл нæ кæнынц. Ныр рæхджы горæты уынгты уайдзæн æрмæст хисæрмагонд транспорт нæ, фæлæ паддзахадон дæр. Ныридæгæн райстам, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм 28 ног автобусы. Сæ мидæг ис кондиционертæ, цæстдарæн камерæтæ, электрон таблотæ, тахографтæ, терминалтæ… Афæдзы кæрон-мæ ма сыл бафтдзæн 32. Уыдон уал ауадздзыстæм 12, 14, 51, 52, 55, 60 æмæ 61 маршруттыл. Уый фæстæ аз дæр ма сæм бафтаудзыстæм. Ацы муниципалон транспорты куыстæн дзуапп дæтдзæн куыстуат «ВладГорТранс». Цæуыны аргъ уыдзæн 13 сомы. Мах никæй куыст исæм, фæлæ транспорты хисæрмагонд компанитæ сæ хæстæ куынæ æххæст кæной, ныхас сæм куынæ хъара, уæд æндæр фæндаг нæй. Ныр сын уыдзæн карз конкуренци æмæ сæ хæстæ бар-æнæбары æххæст кæндзысты. Бæлццæттæн та равзарыны фадат уыдзæн, паддзахадон æви хисæрмагонд транспортыл сбадой. Сæйрагдæр, фыдæбон нал кæндзысты», -загъта Дзитойы-фырт.

Уымæй дарддæр, ацы аз республикæ райста 28 ног трамвайы, фæлæ се ʻппæт уынгтæм нæма рацыдысты. Йæ аххосаг у трамвай скъæрджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Ныр ууыл дæр куыст цæуы. Цалдæр адæймаджы ахуыр кæнынц сæрмагонд курсыты, уæдæ сын сæ мызд дæр фæфылдæр кодтой æмæ уыцы лыггæнинаг фарста кæронмæ скъуыддзаг æрцæудзæн.

                                                                                                 Нæ  уацх.

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.