Нæ республикæйы æхсæнадон æмæ фермерон хæдзарадты ахицæн хуымгæрдæн æмæ ныр зæхкусджытæ хынцынц, афæдзы дæргъы цы куыст бакодтой, цы æнтыстытæ æмæ къуыхцытыл æмбæлдысты, æппæт уыдæттæ. 

Æфсирон культурæтæ тыд æрцæуынц фæззыгон æмæ уалдзыгон кусынæн бæзгæ боныгъæдты. Цæмæй хоргуыстгæнæгæн йæ фæззæджы бæркад уа зæрдæйы фæндиаг, йæ зæрдæ тыллæгæрзадæй райа, уый тыххæй фæхъæуы рагацау самал кæнын  хорз тауинагы мыггаг. Уыимæ ма дырысæй хъæуы æххæст кæнын агротехникæйы æппæт домæнтæ дæр. Бæркадармæн йæ сæйраг рахæцæнтæй ноджыдæр иу  у боныгъæд…

Зæгъын хъæуы, хъæууонхæдзарадон куыстытæм æппæты рæвдздæр сты Ленингоры районы фæллойгæнджытæ. Уыдон аргъ кæнынц æмæ аудынц зæххыл æмæ æппæт тыхтæй дæр архайынц, цæмæй сæ бакусгæ мæрæй исой зæрдæйы фæндиаг тыллæг. «Ирагропромсервис»-ы директор Мамытаты Вахтъанг куыд радзырдта, афтæмæй Ленингоры районы æфсирон культурæтæй фæззыгæнд æмæ уалдзыгæнд мæнæу, стæй хъæбæрхор, сæйраджыдæр тыд æрцæуы Цъинагар, Абреу æмæ Орчъосаны хуымзæххыты æмæ уыцы хъуыддаг адарддæр кодтой ацы аз дæр.

Æдæппæт нæ республикæйы æфсирон культурæтæ тыд æрцыд 3 мин гектары фæзуатыл, уыцы нымæцы Цъинагары зонæйы байтыдæуыд 1360 гектары, дзæвгар тыд æрцыд Знауыр æмæ Цхинвалы районты  фермерон æмæ хицæн хæдзарадты хуымзæххыты дæр. Тыллæг æфснайыныл æдæппæт куыстой 11 комбайны, уыдонæй 4 уыдысты Ленингоры районы, 2 комбайны тыллæг æфснайдтой Цхинвалы районы æмæ 4 комбайнеры та хуымгæрдæны ахсджиаг куыст æххæст кодтой Уелиты быдырты. Банысан хъæуы, ацы бынаты иу комбайн кæй фехæлд æмæ уымæ гæсгæ дарддæры куыстæн нал сбæззыд. Комбайнертæ се ‘ппæт дæр бакодтой хъаруджын куыст æмæ тыллæг æфснайыныл бахъуыдысты иу мæй, уый та у хорз фæстиуæг. Гектарон тыллæгæрзады иумиаг бæрæггæнæн у 20 центнеры, бирæ рæтты та цъус фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фароны азимæ абаргæйæ тынг хорз фæстиуæг нæу, фæлæ йыл уæддæр хъæцын хъæуы.

Ленингоры районы куыддæр хуымгæрдæн ахицæн, афтæ фæлтæрд æмæ раззагон комбайнер Габеты Хвича æмæ йе ‘мбал Хуриты Сослан æххуысмæ фæзындысты Знауыры районы Мугут æмæ æндæр хуымзæххытæм æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ бантыст 301 гектары æркæрдын. Сæ фердæхтджын æмæ хъаруджын фæллойы тыххæй фермерон хæдзарадты сæргълæуджытæ баззадысты райгондæй. Йæхи рады сæм хорз фæкаст директор Мамытайы фырт дæр: баххуырста сын горæты уазæгдоны бынат æмæ сын уым уыд æппæт уавæртæ дæр улæфын æмæ сæ сæрибар рæстæг æмбæлон æгъдауæй æрвитынæн.

Хуымгæрдæн ахицæн, фæлæ зæхкусæгæн уæддæр йæ куыст йæ разæй цæуы, рæхджы та райдайдзæн мæр фæлдахын æмæ уый фæстæ та æрæвналдзæн фæззыгон тауыны куыстытæм.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.