Цхинвалы уæлæмхас ахуырадон уагдæттæ  стыр ахъаз сты ахуырдзауты алыварсон рæзтæн. Уыдонæй сæ иу – Æвзонг техникты республикон станц рæзгæ фæлтæрæн йæ дуæрттæ байгом кодта 1938 азы æмæ уæдæй фæстæмæ ныр 85 азы дæргъы уагдоны куыстуарзаг коллектив алыгъуызон кружокты техникæимæ кусыныл ахуыр кæнынц бирæнымæц æвзонг адæймæгты. Цайдагъ сæ кæнынц фæллой кæныныл. Уæлæмхас ахуырадон уагдоны райсгæ зонындзинæдтæй уыдон спайда кæнынц сæ дарддæры царды æмæ афтæмæй пайда хæссынц куыд сæхицæн, афтæ сæ радтæг Ирыстонæн дæр.

5-æм сентябры Æвзонг техникты республикон станцы кæрты уагъд æрцыд æрвылазон  гом дуæртты бон. Уыцы бон станцы уыд бæрæгбонон атмосферæ.  Рæсугъдвæлыст кæртæй хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг музыкæйы зæлтæ.  Цыппæрæм хатт станцы уыд гом дуæртты бон æмæ баст у ног ахуыры азы райдианимæ. Уагдоны кусджытæ кæртмæ рахастой алыгъуызон ахуырадон ифтонггæрзтæ æмæ инструменттæ. Ног ахуыры азы фыццаг бон скъоладзаутæй бирæтæ цытджын линейкæйы фæстæ сæ фæндаг акодтой Ногдзауты паркмæ. Æмæ кæй фæндыд, уыцы ахуыргæнинæгтæй алкæмæндæр йæ бон уыд Станцы кæртмæ æрбацæуын æмæ алыгъуызон мастер-къласты хайад райсын. Нæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ куыд цыдысты, афтæ сæ Станцы ахуыргæнджытæ-дæснытæ зонгæ кодтой ахуырадон баиугæнды куыстытимæ, ахуыр сæ кодтой столярон инструменттæ æмæ æндæр техникон прибортимæ кусыныл.

Æвзонг техникты станцы директор Къалаты Нариманы ныхæстæм гæсгæ, мадзалы нысан у республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгты хъусдард станцмæ аздахын, сфæлдыстады атмосферæйы сæ аныгъуылын кæнын.  «Ныр цалдæр азы  мах ауадзæм гом дуæртты бон, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн фенын кæнæм цы аразæм, цæуыл сæ гæнæн ис сахуыр кæнын, уый. Уымæ гæсгæ мах кæртмæ рахæссæм алыгъуызон инструменттæ, прибортæ, афтæ ма нæ хъомылгæнинæгты куыстытæ æмæ æнæхъæн боны дæргъы сывæллæтты базонгæ кæнæм нæ архайдимæ. Фыццаг рады нæ фæнды кружоктæм скъоладзауты хъусдард аздахын. Растдæр, уымæ гæсгæ нæ мадзал саразæм Зонындзинæдты боны, цалынмæ ахуырдзаутæн уроктæ нæ райдайынц æмæ сын сæрибар рæстæг вæййы, уæдмæ. Рагæй нæ фæнды, цæмæй Уæрæсейы цы рæзты программæ ис сывæл-лæтты ‘хсæн, уый Хуссар Ирыстоны дæр реализаци æрцæуа. Ивгъуыд аз дæр дзырдтам ацы фарстыл, фæлæ нæ къухы нæ бафтыд. Ныр  Ахуырад æмæ зонады министр сæвæрдта ацы фарст Хицауады раз. Æрвылазон ахуыргæнджыты конференцийы Ахуырады министр Лолоты Аслан уыцы фарста рæгъмæ рахаста. Фарсты тыххæй ныхас кодтам Уæрæсейы минæвæрттимæ дæр. Уыдон нын баныфсæвæрдтой программæтæ æмæ практикон æрмæджытæй баххуыс кæнынæй. Мах абон кусæм Дзæуджыхъæуы кванториум-центримæ. Æрцыдысты нæм йæ директор æмæ ахуыры хайы сæргълæууæг æмæ нын федтой нæ хатæнтæ. Ныр уыдон хъуамæ саразой программæ æмæ сбæрæг кæной цахæм ифтонггæрзтæ нæ бахъæудзæнис, уый тыххæй. Не ‘взонг ахуыргæнджыты дæр бахъæудзæн курсытæ рацæуын. Хъуамæ фарст æрæвæрæм Уæрæсейы экономикон рæзты æмæ ахуырады министрадты раз, цæмæй нын баххуыс кæной йæ среализаци кæнынæн.

Стыр хъуыдытæ æмæ нæм фæндтæ бæргæ ис, фæнды ма нæ  «Робототехника» æмæ «Микроэлектроника»-йы кружоктæ рауæрæхдæр кæнын. Бахъæудзæн нæ ифтонггæрзтæ, компьютертæ,  хъæуы дзы технологитæ æмæ 3D принтер дæр. Зынаргъ сты, æмæ сæ балхæныны тыххæй  бахатыдыстæм хицауадмæ. Сывæллæттæй бирæты фæнды сомбоны программисты, робототехникæйы, микроэлектроникæйы хаххыл ацæуын æмæ ацы фарстыл дæр кусæм. Ныртæккæ æнæхъæн дунейы размæдзыд сты ацы технологитæ. Мах та ацы хъуыддаджы фæстейæ баззадыстæм. Уырны мæ, нæ фæндтæ кæй сæххæст уыдзысты. Нæ курдиатджын фæсивæд уай-тагъддæр сахуыр уыдзысты ног технологитыл», – банысан кодта Æвзонг техникты станцы дирек-тор Къалаты Нариман.

Уагдоны ахуыры хайы сæргълæууæг Тедеты Эммæйы ныхæстæм гæсгæ сæм ныртæккæ уæвынад кæнынц ахæм кружоктæ: «Резьба по дереву», «3Д моделирование», «Робототехника», «Электронная автоматика», «Техническое конструирование», «Выжигание», «Начальное техническое моделирование», «Архитектура и дизайн», «Начальное столярное дело», «Видеооператор»», «Начальное электронное моделирование», «Занимательная химия», «Тик-Так», «Занимательная математика». «Ахуыргæнинæгтæй алкæмæн дæр йæ бон суыдзæн йæ зæрдæмæ кæцы кружок  цæуы, уырдæм бацæуын. Фæнды нæ, цæмæй ахуыры аз ауадзæм «Успех каждого ребенка»-йы девизы бын.

Æрвылаз дæр нæ хъомылгæнинæгтæ хайад райсынц Цæгат Кавказы уагъдцæуæг конкурсты æмæ дзы бацахсынц призон бынæттæ. Уымæй дарддæр ма нæ уагдоны кусджытæ Къалаты Нариманы сæргълæудæй æрвылаз дæр республикæйы районты  скъолаты ауадзынц цæугæ мастер-къластæ, цæмæй фылдæрæй архайой кружокты. Нæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сæ сомбоны професситæ равзарынц нæ уагдоны кружоктæм цæугæйæ», – загъта Тедеты Эммæ.

Сывæллæтты арæхстджын къухтæй конд куыстытæм кæсгæйæ, зæгъæн ис, Ирыстоны æцæг курдиатджын фæсивæд кæй хъомыл кæны. Æгæрыстæмæй, хъæдæрмæгыл нывæфтыдтæ аразыны кружокы сывæллæттæ сарæзтой паддзахады сæргълæууæджы ныв дæр.

Станц ахуыр æмæ парахат кæны  техникæйы фæдыл къласæн æмæ скъолайæн æддейæ куысты хуыздæр фæлтæрддзинад. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уагдоны кæй кусынц сæ хъуыддаджы æцæг дæснытæ. Уыдон цæстуарзонæй сæ зонындзинæдтæ амонынц сæ хъомылгæнинæгтæн. Уый афтæ кæй у, уый та бæрæг у алыгъуызон равдыстыты рæстæджы сывæллæтты æнтыстытæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.