Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Хуриты Гивийы номыл Ленингоры районы Цъинагары астæуккаг скъолайы коллектив сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй цытджын æгъдауæй банысан кодтой Зонындзинæдты бон.

Бæрæгбонмæ сæм фæуазæг сты РХИ-йы бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасан, Парламенты депутат Хуыбылты Илья, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ.

Мадзал байгом кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта Гуссойты Ласко. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодта 2004 азы 1-æм сентябры Беслæны 1-æм астæуккаг скъо-лайы æгъатыр сырдадæймæгтæ сывæллæттæ, ахуыргæн-джытæ æмæ ныййарджытæн цы фыдмитæ фæкодтой, уый тыххæй. Уый бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæууынæй ссарой Беслæны 1-æм скъолайы фæмардуæвджыты нæмттæ.

Скъолайы директоры ахуыргæнинæгтæн бафæндыд, цæмæй ахуыр кæной æрмæстдæр хорз сæ сомбоны рæсугъд фидæны æмæ сæ радтæг Ирыстоны фæрныгады тыххæй.

Мадзалы раныхас кодта Джиголаты Хасан. Уый дæр сывæллæттæн загъта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Ацы аз ацы скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт æрбакъахдзæф кодтой фондз фыццагкъласоны. Уыдонæн Хуыбылты Илья иууыл хуыздæр фæндиæгтимæ балæвар кодта скъолайы хызынтæ.

Ныхасы ма рацыд æмæ ахуырдзаутæн арфæйы ныхæстæ загъта фыццагкъласоны фыд, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг. Æдæппæтæй ацы скъолайы ахуыр кæны 43 сывæллоны.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ скъола кæронмæ цалцæг кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæндзысты дыууæ сменæйæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.