Доны ахадындзинад егъау у зæхкуысты культурæ сырæзын кæнынæн. Уый фæрцы мæр фæцæрдхъом вæййы æмæ зæхкусæджы æркæнгæ фæллой вæййы бæркадджын. Донхæры доны хъуыддаг срæвдз кæныныл зæрдиагæй алы рæстæджы дæр архайынц æмбæлон органтæ æмæ уымæй рогдæр кæнынц хъæууон фæллойгæнæджы къух. Цæвиттон, Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ тæккæ карзыл куы уыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны облæххæстком 1942 азы бауынаффæ кодта, цæмæй Чъехы донхæры къанауы арæзтад сног уыдаид æмæ уыцы аз бадонхæр кодтаиккой 3600 гектары зæхх. Ацы æнæмæнгхъæуæг арæзтады зæрдиагæй куыстой кусджытæ æд техникæ, тырныдтой уый рæстæгыл эксплуатацимæ радтыныл, цæмæй донæй æфсæст уыдаиккой Цхинвалы районы Тъбет, Къостайыхъæу æмæ Знауыры районы хицæн æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты зæххытæ. Æцæгдæр, иугæр ацы къанау куы сырæзт, уæд уый стыр ахъаз фæци хъæууонхæдзарадон культурæтæй хъæздыг тыллæг исынæн, цæрджытæ сæ хæдзаргæрон зæххыты ныссагътой алыгъуызон дыргъы талатæ æмæ сын уый баххуыс сæ экономикæйы рæзтæн.

Раздæр азты ацы куыстуат хуынд Доны хæдзарад, фæлæ йæ 2011 азы та схуыдтой Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци». Уымæн 2012 азæй фæстæмæ йæ директор у Хуыгаты Вадим, уый уарзы йæ куыст æмæ зæрдиагæй архайы æмбæстæгтæ æмæ хæдзарадты домæнтæ æххæст кæныныл. Цæмæй дон æнæкъуылымпыйæ цæуа, уый тыххæй куыстуат рагацау бацархайы къанау ссыгъдæг кæныныл, стæй ма дзы цалцæгкæнинаг цы вæййы, уыдон дæр срæвдз кæныныл. Афтæ ба-кодта коллектив а-фæззæджы дæр, æмæ уал сын бантыст йе ссыгъдæг кæнын Тъбеты хиды онг. Уымæй дарддæр къанау цалдæр метры у æмбæрзт, уый ссыгъдæг кæнынæн та нæ уыд сæрмагонд техникæ æмæ сæм йæхи техникæйæ фæкаст «Южный сад», фарон. Ныр дæр сын йæ директор Бекъойты Леуан баныфс æвæрдта техникæйы æххуысæй.

Кусджытæ æнæхъæн мæйы фæкуыстой, Бадаты хъæумæ цы къанау ис, ууыл, фæлæ æгæр къуылдым кæй у, уымæ гæсгæ дзы дон нæ ацыд. Ацы къанау скъахта æндæр организаци газ ауадзыны тыххæй, фæлæ йæ уый фæстæ ныууагътой. «Мелиораци»-йы куыстуат бæргæ бацархайдта ууылты дон ауадзыныл, фæлæ сын кæй не срæвдз, уый тыххæй 600 метры дæрддзæгæн сисдзысты сæ доны хæтæлтæ æмæ йæ ауадздысты æндæр рæтты.

Куыстуат йæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ зымæгон æмæ уалдзыгон кусынæн бæзгæ бонтæй спайда кæндзæн, цæмæй донхæ-ры дон рæстæгыл фæхæццæ уа цæрджыты æмæ фермерон хæдзарадты зæххытæм.

Хуыбиаты Никъала