ФЕРМЕРТÆ РАДЗЫРДТОЙ СÆ ПРОБЛЕМÆТЫ ТЫХХÆЙ

Нæ республикæйы цæрджыты хъæууонхæдзарадон продукттæй ифтонг кæныны ахсджиаг нысаниуæг ис фермерон-зæхкусæгон хæдзарадты архайдæн. Фæстаг азты ахæм хæдзарадты рæзтмæ стыр хъусдард ис паддзахады ‘рдыгæй. Дарддæр амалхъомтæн æппæтфарсон æххуыс кæй цæудзæн, уый тыххæй Президент Гаглойты Алан фехъусын кодта Къуыдаргомы фермертимæ йæ фембæлды рæстæджы. Фембæлды ма хайад райстой хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан æмæ горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан. Фермертæ паддзахады сæргълæууæгæн радзырдтой, Хуссар Ирыстоны фермерон хæдзарадты сæйрагдæр проблемæты тыххæй.

«Мах æппæтфарсон æххуыс кæндзыстæм амалхъомтæн, стыр хъусдард здахдзыстæм зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ рæзын кæнынмæ æмæ иумæйагæй хъæууон бынæтты чи цæрынц, уыдоны фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæнын. Æз кæддæриддæр цæттæ дæн æппæт уæ фæндæттæм байхъусынмæ,» — загъта Президент.

НÆЙ СЫН ФАГ УЫГÆРДÆНТÆ. ÆНÆРАЗЫДЗИНАД РАВДЫСТОЙ СÆ БИЗНЕС-ПРОЕКТТЫ ТЫХХÆЙ

Фермер Тедеты Сослан, йæ хæдзарадыл дзургæйæ банысан кодта, 2013 азы йæ кæй сарæзта. Ныртæккæ уый дары 30 сæры ставдкъах фос. Куыд загъта, афтæмæй йæ хæдзарад райтынг кæныны сæйраг цæлхдур у, æхцайы фæрæзтæ йын кæй нæ фаг кæнынц, уый.

«Æз мæ документтæ балæвæрдтон экономикон рæзты министрадмæ, цæмæй райстаин льготон кредит, фæлæ конкурсон къамис не сразы мæ бизнес-проектыл. Хæдзарад райтынг кæнынæн та хъæуы æппынкъаддæр 4 милуан сомы», — загъта Тедейы фырт.

Дыккаг проблемæйыл та уый банымадта, фос дарынæн сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ кæй нæ фаг кæнынц.

«Ставдкъах фосы натуралон холлæгтæй ифтонг кæныны тыххæй мæн зæхх хъæуы 10 гектары бæрц. Проблемæ уый мидæг ис æмæ бирæтæн хæдзарадтæ нæй, афтæмæй сæм ис зæххы стыр фадгуытæ — 20 гектары бæрц, æркæрдынц æй æмæ йын йæ холлаг ауæй кæнынц», — загъта фермер.

Президент банысан кодта, ацы фарст кæй хъæуы сахуыр кæнын.

«Иу адæймагмæ ма хъуамæ уа, ахæм стыр зæхх, æндæр хъуыддаг у, куы йын уа стыр хæдзарад æмæ йæ фосæн куы хъæуа холлæгтæ. Фæлæ уыгæрдæн æркæрд æмæ йын йæ холлаг ауæй кæн, уыцы рæстæджы фермер та холлагхъуаг уа, уый раст нæу. Æз Къуайсайы администрацийы сæргълæууæгæн бахæс кодтон, цæмæй фарст сахуыр кæна. Мах æрыздæхдзыстæм ацы фарст лæмбынæгдæр сахуыр кæнынмæ. Ныфс мæ ис, кæй æрцæудзыстæм иу хъуыдымæ,» — загъта уый.

Кæсагдарды хæдзарады хицау Теблойты Тимур дæр бавдыста йæ бизнес-проект æмæ паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæна йе сфидар кæнынæн инвестицион агентад.

Фермер куыд загъта, афтæмæй йæ проект фадат ратдзæн цыбыр æмгъуыдты товарон продукцийы стыр гуырахст райсынæн. Афæдзы дæргъы комплекс реализаци кæндзæн 100 тоннæйы цæттæ продукци.

АХÆМ ПРОЕКТТÆ АХЪАЗ СТЫ

«Ацы фарстыл мах уынаффæ кодтам экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболатимæ. Ацы проекты тыххæй бирæтæ æрæгмæ базыдтой æмæ дын фадат уыдзæн дыккаг хатт æй бавдисынæн. Ахæм проекттæ ахъаз сты бæстæйы экономикон рæзтæн. Мæ бон у, паддзахады æрдыгæй æххуысæй дын ныфс бавæрон, фæлæ дæ курæг дæн, цæмæй иттæг бæрнон ахаст равдисай ацы хъуыддагмæ. Хъуамæ уай компетентон æмæ дæ бизнес-проекты фæлгæтты дæ бон дзуапп скæнын уа, цахæмфæнды фарстæн дæр. Хъуамæ зонай, куыд фиддзынæ дæ кредит, цæмæй дын кредитон хæс ма фæзына æмæ афтæ дарддæр,» — загъта Гаглойты Алан.

Уыимæ ма президент бацымыдис кодта, цахæм зындзинæдтыл æмбæлы продукци реализаци кæнгæйæ, уымæ.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан куыд загъта, афтæмæй продукцийы экспортæн хъæуы Уæрæсейы Федерацийы ветеринарон æмæ фитосанитарон хъусдарды фæдыл федералон службæйы бары гæххæтт. Куыстуат ныртæккæ цæуы аттестацийы, кæд æмæ уый дзуапп дæтты Евразиаг экономикон цæдисы æппæт домæнтæн, уæд æй бахæсдзысты экспортерты реестрмæ,” — бамбарын кодта уый.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Гаглойты Алан бацамыдта Теблойты Тимурæн, цæмæй æдзух консультаци кæна хъæууон хæдзарады министримæ, афтæ ма араза æргъты ахъуыдыгонд политикæ, базарæн та конкурентон анализ.

Фермертæй иутæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй сын баххуыс кæна холлагкæрдæнтæ æмæ æндæр техникæ самал кæнынæн, уый нын, зæгъгæ, зынгæ фæхуыздæр кæнид нæ куыст.

Президент бахæс кодта бæрнон адæймæгтæн, цæмæй ацы фарстмæ æркæсой æмæ бавдисой цæттæ фæндæттæ.

МАХ ФИДДОНТÆ ÆВÆРЫНЫ БÆСТЫ ФÆНДЫ БАХХУЫС КÆНЫН

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан ма æрдзырдта хъæууонхæдзарадон цæрæгойты нымæц хынцыны фарстыл. «Иуæй-иу фермертæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, фос дарыны тыххæй æвæрд цæуы фиддон, фæлæ уый раст нæу. Мах хъуамæ зонæм фосы нымæц бæлвырдæй, цæмæй æлхæнæм, цас хъæуы, уый бæрц вакцинæтæ. Афтæ ма бакусæм холлæгтæ цæттæгæнæн техникæ самал кæныны фарстыл дæр», — загъта Мæргъиты Алан.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, объективон информаци хъæуы, цæмæй паддзахад æмбæлон æххуыс бакæна. «Мах фæнды æххуыс бакæнын, фиддонтæ фидын нæ, фæлæ. Паддзахадон æххуыс фыццаг рады цæуы, бирæ фос чи дары, уыдонæн», — бамбарын кодта Гаглойты Алан.

Боны фæткы ма уыдис, хъæдæрмæг кæй нæ фаг кæны, уыцы фарст. Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг

Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз Дзауы районæн фаг хъæдæрмæг рахицæн не ‘рцыд. Æмæ бахатыд Президентмæ, цæмæй æххæстæй ифтонг æрцæуой, афæдз та сæ хъæуы 500 кубикон метры.

Техникæ æмæ хъæдæрмæгæй ифтонг кæныны тыххæй Гаглойты Алан бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй æрæвнæлдæуа ацы фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.