Фылдæр хатт вæййы афтæ: кæстæр йæ хистæрты хорздзинæдтæ куы фæуыны, сæ куыстуарзондзинадæн сын æвдисæн куы вæййы æмæ ма йæ стæй уыцы раппæлинаг миниуджытыл куы цайдагъ кæнынц, уæд йæхæдæг дæр бафæзмы ныййарджыты æвæрццаг цайдагъдзинæдтæ. Фæстæдæр, йæ кармæ гæсгæ йæхæдæг дæр фæцалх вæййы куыстыл æмæ уымæй æхцондзинад хæссы куыд йæхи сæрмагонд хæдзарадæн, афтæ  æхсæнадæн дæр.

Куыстуарзаг уыдысты Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты Алиханы ныййарджытæ Григол æмæ Гуыззыдтон дæр. Уыдон сæ цард æрвыстой бæрзонд хæххон хъæу Гнугъы, хъомыл кодтой се ‘хсæз фырты, дардтой фос æмæ сæ зæнæджы уымæй хастой. Фæлæ бинонтæ сагъæсы бахаудысты, сæ дарæг фыдбæллæхы куы бахауд, уæд. Уæддæр фæндвидар цот  хъысмæтæн сæттын нæ бакуымдтой æмæ фæстæдæр æрцардысты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы.

Ацы хъæуы Алиханæн тынгдæр фæбæрæг йæ куыстуарзондзинад æмæ хисæрмагонд хæдзарады райдыдта фос дарын. Фæстæдæр сарæзта фермерон хæдзарад æмæ дзы  фæллой кæны ныр 16 азы. Зæгъын хъæуы, йæ хæдзарад районы æндæр хæдзарадты ‘хсæн фæстæ никуы баззад, фæлæ кæддæриддæр цæуы раззагдæрты рæнхъы. Ныртæккæ йæм лыстæг фос ис 300 бæрц, хъахъхъæны сæ алыхуызон низтæй æмæ уымæ гæсгæ сты хæрзхуыз. Фыййауы куыст уарзы æмæ йыл йæ къух нæ исы йæ кæстæр фырт Игорь, фæхизы сæ зад æмæ сойджын хизæн бынæтты. Алиханмæ ис стуртæ дæр 40 сæры, уыцы нымæцы дуцгæ хъуццытæ та – 15. Æрвылбон райсом-изæр сæ уæлхъус балæууы йе ‘мкъай Мæлдзыгаты Марго, рагацау сæ æрсыгъдæг кæны æмæ уый фæстæ бавналы сæ дуцынмæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ хæрзад цыхтытæй фæхай кæны нæ горæты фæлхасгæнджытæн æмæ дзы алы хатт дæр баззайынц разыйæ.

Фосдарæджы аудинæгтæ афæдзы алы афон дæр сты æнæаргъæвгæ, зæгъгæ чысыл бафæстиат кодта, уæд цасдæрбæрцæй хæдзарад фæстæ алæудзæн. Уый зындгонд у  адæймагæн æмæ уымæ гæсгæ алы хатт дæр рæстæгæй пайда кæны хæдзардзин æгъдауæй. Алихан  уыцы хъуыддаджы дæр цæуы раззагдæрты рæнхъы æмæ сæрды мæйты йæ фосæн зымæгваг æрцæттæ кодта 3 мины холладжы тыхтæттæ. Алиханмæ дарддæры куысты ис ноджы фылдæр æмæ хуыздæр  фæндтæ æмæ йын уыдон сæххæст кæнын дæр  кæй бантысдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

                                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.