Республикæйы разамынад архайы, цæмæй йæ къахыл слæууа нæ экономикæ. Уый нысанæн чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн дæттынц хатырон уавæрты кредиттæ. Ацы фадаттæй спайдагæнджытæй сæ иу у горæты цæрæг æвзонг куыстуарзаг Цæндиаты Гарри. Гарри Цхинвалы районы Хеиты хъæуы авд азы размæ маргъдарæн фермерон хæдзарад сарæзта æмæ нæ республикæйы цæрджыты зынгæ хайы ифтог кæны карчы фыд æмæ  рæвдуæттæй.

Гаррийы фермæйы ныртæккæ ис 400 карчы бæрц. Уый æрмæст маргъдарды куыст нæ кæны. Ис ма йæм ставдкъах фос дæр. Хорз арæхсы Гарри мыд куыстмæ дæр. Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уымæн йæ мæргътæ сты æрмæстдæр бынæттон породæйæ. Æрмæст Цхинвалы районы нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр районты хъæуты цæрджытæ дæр сæ кæрчытæн къуыртт æвæрыны бæсты цъиутæ æлхæнынмæ бацæуынц Цæндиаты Гарримæ. Кæрчыты бæрц раздæр минæй фылдæр уыд. Гарри йæ мæргътæн диссаджы уавæртæ сарæзта – фермæйы территори хæрзæфснайд, бацæуæнтæ сахуырста алыгъуызон ахорæнтæй æмæ дардмæ кæсгæйæ афтæ зыны, цыма исты административон агъуыст у. Гаррийы кæрчыты фыд хæрзаддæр кæй у æрласæггæгтæм абаргæйæ, уый алчидæр зоны. Уымæн æмæ маргъæн дæтты æрмæстдæр хор кæнæ мæнæу. Сæ хæринагыл сын ницы уæлæмхас аразгæ хæринагимæ хæццæ кæны…

«Æниу бынæттон каркæн йæ дарын зындæр у, цадæггай хъомыл кæнын сæ хъæуы. Раздæр уæрццытæ дардтон, фæлæ мæ хабæрттæ рæстмæ нæ цыдысты. Ме ‘мбал Цæгат Ирыстоны маргъдарды куыст кæны. Уымæ дзæвгар фæдæн, цæмæй куысты фæлтæрддзинад райсон. Базыдтон, бамбæрстон цы методтæм гæсгæ сæм хъæуы зилын. Ныр мæ хъуыддæгтæ æвзæр нæ цæуынц. Æцæг дзы бирæ фыдæбон ис, æппынæдзух сæ уæлхъус хъуамæ лæууай. Хъахъхъæнынады министрады куыстон, фæлæ мæ куыст ныууагътон. Чысыл хæдзар сарæзтон æмæ ныр ам æрцардтæн. Æлхæнынц сæ куыд хицæн адæймæгтæ, афтæ чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн дæр. Нæ горæты ресторантæ æмæ хæрæндæттæй дæр бирæтæ маргъы фыд æмæ рæвдуæттæ фелхæнынц мæнмæ», – зæгъы амалиуæггæнæг.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй маргъдарды куыст у æнæрлæугæ процесс – иутæ куы аргæвдай, уæд иннæтæй хъуамæ баххæст уа маргъдон. Уыцыиу рæстæджы инкубатор рауадзы сæдæмæ æввахс цъиуы. Ныртæккæ хæдзарады цы кæрчытæ ис, уыдон æргæвдынæн сбæздзысты 10-12 боны фæстæ. Иу карчы аргъ у 600-700 сомы, аик та – авд сомы.

Цæндиаты Гаррийы хæдзарады ис родтæ дæр. Фидæны йæ фæнды уыдон сбирæ кæнын. Базилы сæм æмæ сæ стæй фыдызгъæлæй ауæй кæны.

34-аздзыд нæлгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй кæд кусгæ би-рæ кæны, уæддæр йæ бизнес ныууадзынмæ нæ хъавы. Хицауадæй æххуысы хуызы цы кредит райста, уымæй ноджы фæуæрæхдæр кæндзæнис йæ хæдзарад. Æрвылбон дæр мæргъты хъæуы дыууæ голладжы бæрц мæнæу.

«Мæ бизнес райтынг кæнын мæ фæнды. Кæд æмæ мæ фарсмæ Хицауад æрбалæууа, уæд бирæ цыдæртæ къухы бафтдзæн. Дыууæ азы размæ мæм фæкастысты мæ хæдзарадмæ электроны рухс æрбауадзынæй. Ныр та Хицауадæй курын арендæйы зæхх. Цæмæй мæ амалиуæгадон куыст хорз фæстиуæг дæтта, уый тыххæй мæ хъæуы мæнæу æркæнын. 50 гектары бæрц зæххы фадыг мын кæд рахицæн кæной, уæд мæхæдæг амал кæндзынæн мæргътæн хæринаг. Стæй мæм Хицауад кæд хъæдырмæгæй фæкæса, уæд ма иу кæркдон дæр сараздзынæн. Дарин ма гогызтæ æмæ бабызтæ дæр», – зæгъы Гарри

. Уый ма бæллы сæрмагонд магазин бакæнынмæ уæй кæнынæн.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.