Хуыты африкæйаг емынæ нæ республикæйы фæзынд 2006 азы. Уæдæй нырмæ ацы инфекцион низæй дзæвгар хæдзарон фос ныццагъды ис.

Ныртæккæ уал уавæр сабыр у, фæлæ уалдзæджы æрбалæудимæ низ райхъал вæййы æмæ тæссаг у ногæй та куы фæзына. Планон дезинфекци  кæнынмæ хъæууон хæдзарады министрад æмæ ветеринартæ куыд цæттæ сты, уый тыххæй нын радзырдта хъæууон хæдзарады министрады сæйраг ветдохтыр Тедеты Ацæмæз. «Куыддæр мит тайын райдайа, афтæ ветеринарон дохтыртæ бавналдзысты мадзæлттæ уадзынмæ. Министры амындмæ гæсгæ ветеринарон дохтыртæ архайынц, цæмæй хуытæ кæм дарынц, уыцы бынæттæ дезинфекци æрцæуой. Науæд та, куы фæхъарм уа, афтæ  низ сæттын зындæр уыдзæн. Дыууæ азы размæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы хуыздæр ветеринарон уагдæттæй хуынд æрцыд квалификациджын дæсныты. Уыдон лекцитæ бакастысты æмæ практикон æххуыс бакодтой нæ республикæйы ветеринартæн. Æмткæй ахæм тематикæйыл бакастысты 95 лекцийы. Курсытæм цы ветеринартæ байхъуыстой, уыдонæн ауагътой фæлварæнтæ æмæ сын радтой сертификаттæ. Уæдæ низы ныхмæ цы профилактикон куыстытæ уадзыны æмæ йе скуынæг кæныны мадзæлтты этаптæ афоныл æххæст кæныны фæлтæрддзинад ис нæ фосы дохтыртæм», – зæгъы Тедейы лæппу.

Фæлæ хъæууон цæрджытæ хъуамæ зоной, æрмæст профилактикон нормæтæ æххæст кæнынæй низæн фесафæн кæй нæй. Африкæйаг емынæ у вирусон инфекци. Хæцгæ низты æхсæнадæмон классификацимæ гæсгæ хауы фосы иууыл тæссагдæр низтæм. Схосгæнæн ын нæй, нæй йын вакцинæ дæр. Абон уал специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй низ цæмæй ма апарахат уа, уый тыххæй хуы цы бынаты ныххæдмæл, уым авд азы нал хъæуы хуытæ дарын.

Раст у, хъæууон лæгæн йæ цард фосдардæй у. Фæлæ… хъуамæ æмбарой, кæй ис, схос кæнæн кæмæн нæй, ахæм низтæ. «Югсельхозпотребнадзор» цалдæр азы фæдфæдыл сиды республикæйы хуыдарды фермертæм, хъæуты цæрджытæм, цæмæй хуытæ мауал дарой. Науæд та сæ да-рой æхгæд бынæтты, фæлæ, марадз зæгъ! Хицауæн йæ зæрдæ куыддæр фехсайа, йæ фос фæрынчын, зæгъгæ, уæд уадид хъуамæ фехъусын кæна ветеринарон службæтæн. Низджын хуыйы мард цæугæдонмæ аппарын фыдракæнд у. Цы хуытæ ныххæдмæл сты, уыдон хъæуы басудзын сæрмагонд уæрмы æмæ сыл стæй æмбæлон фæткмæ гæсгæ хъæуы сыджыт бакалын. Уæлдай фыдракæнд уыдзæн мард хуыйы фыд базарадон объектты реализаци кæнын.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Аланы хъуыды ахæм у: «Гуырдзыстоны цы егъау биологион лаборатори ис, уым ныр цалдæр азы кусынц низы вирустæ парахат кæныныл. Уыцы лаборатори раздæр уыд ветеринарон лаборатори, фæлæ Америкæйы Иугонд Штатты æххуысæй дзы ног низтæ «аразынц» æмæ сæ парахат кæнынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ бандавынц Хуссар Ирыстоны цæрджытыл дæр. Ставдкъах фосы дерматит, африкæйаг емынæ, морæгъуыз хъæндил –  уыдон се ‘ппæт дæр сты «биологон хæцæнгарз». Паддзахадон æдасдзинады комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй ацы лабораторийы куыст нæ республикæйæн хæссы тæссагдзинад. Африкæйаг емынæ тæссаг низ махмæ фæзынд 2006 азы æмæ уæдæй нырмæ йемæ тох кæнæм, – зæгъы министр.

Уалдзæджы низ сытынг вæййы, кæд æмæ фæззæджы дезинфекци не ‘рцыд бынат. Фæлæ ма фосыл низ, гæнæн ис, бахæца хъæддаг хуыйæ дæр. Хæххон хъæуты цæрджытæ та фылдæр сæ фос фæхизынц хъæдты. Сæхи фæрæстытæ кæнынц ахæм ныхæстæй, зæгъгæ, фос, æддæмæ куы нæ цæуой, уæд сын  скъæт кæнæ хуыдонмæ хæссыны фаг холлаг кæцæй æрхæссæм.

P.S. Уалдзæгæй сæрдмæ дæ фос хъомыл кæн æмæ дын уый фæстæ скуынæг уæд, уый хуыздæр у?! Хъæууон хæдзарады специалисттæ, хуыты низы ныхмæ цы компетенцийыл бакуыстой, цалынмæ уыцы фæткойтæ нæ сæххæст кæной, комплексонæй, уæдмæ низæй фервæзæн нæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.