Знауыры районы цæрæнг Джиоты Рустамы хæдзарады сæйраг фидыц сты францаг стурты мыггаг «монбельярд»-тæ. Ацы стурты мыггаг фермер балхæдта дыууæ азы размæ. Бирæтæ йын амыдтой, зæгъгæ, мах æрдзон климаты не сфæраздзысты. Байхъуыста специалистты хъуыдымæ стæй «моннельярд» мыггаджы тыххæй бакаст дзæвгар литературæ. «Стуртæ Уæрæсейы цы фермерæй балхæдтон, уый нæ фæнды парахат кæнын ацы мыггаг, мæнæн дæр сæ зонгæйы фæрцы рауæй кодта. Сæ хорздзинад уый мидæг ис æмæ «монбельярд» мыггаджы стуртæн сæ уæз свæййы 600-820 кг онг. Се ‘хсыры гъæды сойаг ис 4 проценты. Суткæйы мидæг дæттынц 32 литры æхсыр. Стуртæ иууыл иумæ сты 10 сæры, ис сын родтæ дæр», – зæгъы фермер.

Фермерон хæдзарад «Знауыр продукт» сырæзт 12 азы размæ. Райдайæны кодта халсар, дыргъ æмæ сæнæфсиры куыст. Фæстæдæр маргъдарды куыст дæр райдыдта. Канд Знауыры районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр районты цæрджытæ дæр сæ кæрчытæн къуыртт æвæрыны бæсты, цъиутæ æлхæнынмæ цыдысты Джиоты бинонты хæдза-радмæ. Фермæйы уæд бирæ гогызтæ уыд сæ нымæц ахызт минæй. Гогызы фыд пайда у адæймагæн, уæлдайдæр сабитæн аллерги куы вæййы фыдызгъæлмæ, уæд. Æнæуый, гогызтæ дарын зын у, цæмæй фæхъæддых уой, уый тыххæй сыл хъæуы 70 боны бæрц аудын. Стæй сæ уæз 20 килограммы куы свæййы, уæд фæбæззынц уæй кæнынæн. Рустам куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ сæ хæдзарады фылдæр кæрчытæ ис. Æлхæнынмæ сæм цæуынц бынатмæ. Æлхæнынц сæ куыд дарынæн, афтæ чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн дæр. Нæ горæты ресторантæ æмæ хæрæндæттæй дæр бирæтæ маргъы фыд фелхæнынц ацы хæдзарады.

Фермерон маргъдарды хæдзарады куыст у æнæрлæугæ процесс – карк, бабыз, цъиутæ – кæрæдзи ивынц. Уæй сæ кæнынц фæлтæргай, куыд рæзынц, афтæ. Горæты маргъы фыд уæй кæнынц чысыл базары фыдызгъæлы павилоны æмæ супермаркет «Кæрдо»-йы.

Иу карк уæй кæнынц 500-600 соммæ. Абаргæйæ æрласæккаг маргъы  фыд у 100 сомы зынаргъдæр. Джиоты Рустамы хæдзарады ис бынæттон фосы мыггагæй родтæ дæр. Уыдонмæ дæр базилынц иу аз æмæ сæ стæй фыдызгъæлмæ ауæй кæнынц.

Куыд ма загътам уæлдæр, афтæмæй «Знауыр-продукт»-ы хæдзарад кæны халсар æмæ дыргъдоны куыст дæр.  Джитъри æмæ пъамидортæ æркæнынц, цы хъæрмуæттæ сын ис, уым. Хатт хъæуты цæрджытæн пъамидор рæгъæд кæныны афон сæ халсарыл фæзыны низ æмæ бамбийынц, фæлæ ацы хæдзарад уымæй хызт у. «Сæ садзæнтæ сын æрхæссæм Кæсаг-Балхъарæй, уымæн æмæ уыдон низы ныхмæ фидардæр сты. Донæй нын цух никуы вæййынц, стæй хъæрмуаты кæй сфидар вæййынц, хъæддых дæр уымæн сты».

Æрыгон лæппу куыд зæгъы, афтæмæй уымæн уыцы фæлтæрддзинад бацамыдта йæ фыд. «Æз нырма чысыл уыдтæн, афтæмæй мæ фыд Рустем кодта ацы куыстытæ. Сарæзта стыр сæндон. Кусгæ дæр-иу дзы иумæ кодтам. Сæнæфсир цалдæр азмæ тыллæг радта. Æрвылаз дæр саразæм сæн. Æцæг нын цалдæр азы размæ нæ тыллæг их ныцъæлтæ кодта. Мæргътæ дæр нын амард. Фæлæ адæймаг кусын куы уарза, уæд æй æрдзон катаклизмтæ нæ уромынц. Нæхи сæнæфсирæй дарддæр ма æлхæнгæ дæр бакæнæм. Нæ сæн ауæй кæнæм чындзæхсæвтæ æмæ æндæр фынгтæм», – зæгъы Рустам.

Джиоты бинонтимæ ма «Знауыр-продукт»-ы фæллой кæнынц æндæр кусджытæ дæр. Сæ мæйы куыстмызд хæццæ кæны 25 мин сомы онг. Æрцæуæккаг кусджыты Джиотæ сифтонг кодтой цæрæнбынæттæй. Знауыры  сын ис дукани æмæ дзы уæй кæнынц сæ æркæнгæ продукци.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.