Министры комментари

Леуахийы сæрты ног хиды арæзтадмæ кæд бавналдзыстут? Ахæм фарстимæ бацыдыстæм Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константинмæ. Æмæ нын радзырдта: «Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсæм цæджындзтæ цæугæдоны бын бур кæныны нысанæн Уæрæсейы Федерацийæ нæм сæрмагонд техникæ хъуамæ æрцæуа, уымæ. Хиды конструкци у егъау, уымæ гæсгæ йæ сæвæрдтой фондз машинæйыл. Сæ гæххæттытæ сын цæттæ кæнынц æмæ куыддæр сцæттæ уой, афтæ машинæтæ ранкъуысдзысты».

Елдзарты Константин ма нын ноджы иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кодта, экспертон хатдзæгтæ зæронд хиды тыххæй раст кæй разындысты. Хид дзуапп нæ лæвæртта æдасдзинады домæнтæн. Кæйдæрты куыд фæндыд, зæгъгæ, йыл ауадзут реставрацион мадзæлттæ уый нæ аскъуыддзаг кодтаид æдасдзинады проблемæтæ. Хиды конструкци лæууыд, цæугæдон кæй сихсыйын кодта, ахæм агуыритæй конд быцæутыл æмæ техникон нормæтæм гæсгæ йын бынтондæр нæ уыд уыдоныл нæдæр аразæн, нæдæр реконструкци кæнын. Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй цæгатирыстойнаг «Геоинженеринг»-ы эксперттæ цы хатдзæгтæ сарæзтой, уыдон уыдысты конд ультрзвук, рентгензвук æмæ бетон цас уæз уромы, уый нысанæн, уыцы хатдзæгтæм гæсгæ зæронд хид ноджы æвзæрдæр разынд. Цæджындзтæ мидæгæй разындысты бынтон афтид. Æнæуый æнусæй фылдæр фæлæууыд зæронд хид. Бындуронæй цалцæг никуы æрцыд æмæ тæссаг уыд канд уæзласæн машинæтæн нæ, фæлæ ма рог хæдтулгæтæн дæр. Раст зæгъгæйæ, ранæй-рæтты кæй фегæмттæ, уымæй тæссаг уыд фистæгæйцæуджытæн дæр. Йæ уæрæх дæр къуындæг уыд, дыууæ машинæйы дзы фæрсæй-фæрстæм æдæрсгæ нæ цыдысты. Шофырты-иу хаттæй хатт бахъуыд кæрæдзийæн фæндаг радтын. Ныр уыцы къуылымпыдзинæдтæ фæстейæ баззайдзысты. Ног хидыл фæндаг уыдзæн фистæгæйцæуджытæн дæр. Уый тыххæй фæндаджы дыууæ фарс ныууадздзысты сæрмагонд хæйттæ. Леуахийы былгæрæттæ дæр фидаргонд æрцæудзысты. Хъуамæ арæзт æрцæуа йæ раздæры стилыл. Ахсджиаг у хиды раздæры хуыз бахъахъхъæнын дæр», – зæгъы Елдзарты Константин.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.