9-æм августы уыд хицауады рабадт. Министрты кабинет уынаффæ кодта æмæ хорзыл банымадта 16 фарсты, уыцы нымæцы инвестицион политикæйы фæдыл закъондæттынад фæхуыздæр кæныны фарстатыл дæр æмæ кадрон политикæйыл дæр. 

Мадзалы райдианы хицауады уæнгтæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой 2008 азы августы хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

 

ИНВЕСТОРТÆН  ÆХХУЫСÆН

Министрты кабинет уынаффæ кодта закъондæттæн акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проектыл. Раразмæ йæ кодта экономикæйы рæзты министр Тадтаты Дзамболат. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  проекты нысан у инвестицион сферæйæн паддзахадон æххуыс бакæныны уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Дзырд цыд преференциалон инвестицион проекты реализацийы фæлгæтты æвæрд æрцæуæг инвестицийы бæрцыл æмæ инвестицийы минималон суммæ 300 милуан сомы онг фæкъаддæр кæныныл.

 

СНЫСАН КОДТОЙ МИНИСТРЫ ХÆДИВÆГ

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты Карсанты Мараты ахуырад æмæ зонады министры хæдивæгæй снысан кæныны фарстыл. Йæ кандидатурæ йын раразмæ кодта ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан.

 

ÆХХУЫС, ЗЫНГСИВÆРЗТЫ АХХОСÆЙ

ЧИ БАХЪЫГДАРД, УЫДОНÆН

Зынгсивæрзты аххосæй цы æмбæстæгты мулк басыгъд, уыдонæн материалон æххуыс бакæныны тыххæй ныхасы рацыд финансты министр Цæрикъаты Хъазбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы цæрæг Тедеты Вячеслав, Теделеты цæрæг Танделаты Хасан æмæ Дзауы поселочы цæрæг Пæррæстаты Владимирæн Хицауады резервон фондæй æххуыс æрцæудзæн фæйнæ 100 мин сомы.

Ацы фарстыл министрты кабинет сразы æмхъæлæсæй.

 

СÆ МЫЗДТÆМ БАФТДЗÆН УÆЛÆМХАС ÆФТИАГ

Финансты министр ма уынаффæмæ рахаста фарст ветеринарон лабораториты кусджыты мыздтæм стимулгæнæн фæрæзтæ бафтауыны тыххæй.

«Реорганизацийы рæстæджы цæрæгойты низтæ иртасæн хайадæй ветеринарон лаборатори кæй сарæзтæуыд, уый тыххæй лабораторийы кусджыты  куыстмыздтæ фæкъаддæр сты. Мах аскъуыддзаг кодтам, цæмæй сын стимулы тыххæй сæ мыздмæ бафтауæм уæлæмхас æфтиаг», – загъта Цæрикъаты Хъазбег.

Ацы фарстыл дæр министрты кабинет æмхъæлæсæй сразы.

 

II-АГ КВАРТАЛÆН СФИДАР КОДТОЙ ЦÆРЫНÆН

ХЪÆУÆГ МИНИМУМЫ БÆРЦ

Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат банысан кодта, зæгъгæ, иу адæймагæн цæрынæн хъæуæг минимум хъуамæ уа 15091 сомы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг кварталимæ абаргæйæ, цæрынæн хъæуæг минимум фæкъаддæр 101 сомы, куыстхъом адæймæгтæн цæрынæн хъæуæг минимум фæкъаддæр 88 сомы, пенсиисджытæн – 86 сомы,  сывæллæттæн – 156 сомы.

Тадтайы фырт куыд бамбарын кодта, афтæмæй цæрынæн хъæуæг минимумы бæрц кæй фæивта, уый баст у фыццаг рады хъæуæг продуктты сезонон аргъты раив-баивимæ.

 

ФÆИВТОЙ ТАРИФТÆ

Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан уынаффæмæ раразмæ кодта «Республикæйы æргъты (тарифты) паддзахадон æрбæстонкæнынады тыххæй» Хицауады уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны проект.

«2022 азы Уæрæсейы федералон Казнæйад паддзахадон унитарон куыстуат «Ирбис»-ы архайды фæткхалыны цаутæ кæй сбæрæг кодта, уый тыххæй Мидхъуыддæгты министрады раз æвæрд æрцыд уыцы фæткхалынæдтæ сраст кæныны хæс. Уый тыххæй бакуыстæуыд ацы проектыл», – загъта Мидхъуыддæгты министр æмæ банысан кодта, зæгъгæ,  проекты райсынмæ нæ бахъæудзæн уæлæмхас финансон фæрæзтæ, йемæ зонгæ сты республикæйы æмбæлон министрадтæ æмæ ведомствотæ.

Хицауады уæнгтæ проект банымадтой хорзыл.

 

МИНИСТРАДЫ КУЫСТЫ БЫНÆТТÆ ФИДАР

ÆРЦЫДЫСТЫ

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин раразмæ кодта уынаффæйы проект йæ дæлбар министрады ног структурæ æмæ штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй.

Загъта, зæгъгæ, проект арæзт æрцыд, æмбæстагон паддзахадон службæйы фадыджы закъондæттынадæй эффективондæрæй спайда кæныны нысанæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, проекты нæ хъæуы уæлæмхас финанстæ. Уый финанстæй ифтонг цæудзæн, Арæзтады министрадæн паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ хицæн цæуы, уыдонæй.

Ацы проект райст æрцыд.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.