Цхинвалы районы цалцæг кæнынц, къæвдаты фæстиуæгæн хъæутæм цы фæндæгтæ фехæлдысты, уыдоны, – уый тыххæй «Рес»-æн фехъусын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, коммуналон хæдзарады кусджытæ ныртæк-кæ кусынц Свер æмæ Андисы хъæутæм фæндæгты цалцæг кæныныл.

«Фæндæгты цалцæг кæныныл  кусы иу грейдер, кæцы сæ лæгъз æмæ ногæй цалцæг кæны. Уымæй дарддæр ма сцалцæг кæндзыстæм Къуылыхтыхъæумæ фæндаг. Хъæу хауы Дзауы районмæ, фæлæ йæм фæндаг та цæуы Цхинвалы районыл æмæ йыл у зын цæуæн. Уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтам йæ алæгъз кæнын», – загъта Бæззайы фырт.

Ацы фæндæгтыл куыстытæ куы фæуой, уæд æрæвналдзысты Залдайы хъæумæ фæндаг цалцæг кæнынмæ.

Бæззайы фырты ныхæстæм гæсгæ, Залда æмæ Сверы хъæутæм фæндæгтæ æрæджы сцалцæг кодтой, фæлæ сæ тыхджын тæрккъæвдатæ ногæй фехæлдтой.

«Æндæр хъæутæм цы фæндæгтæ сцалцæг кæнын план кодтам, уыдоны ахастам фæстæдæр рæстæгмæ, уымæн æмæ æрæджы тыхджын къæвдатæ тынг фехæлдтой банысангонд хъæуты фæндæгты. Хицæн хъæутæм, æгæрыстæмæй, бацæуæн дæр нал уыл», – загъта районы сæргълæууæг.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, нæм цы техникæ ис, уый арæх фехæлы, фæлæ уæддæр хъæутæм фæндæгты уавæр, цы гæнæн ис, уымæй  хуыздæр кæндзысты.

Ортъеу, Ход æмæ æндæр хъæутæм фæндæгтæ хаст æрцыдысты планмæ.

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.