Æртæ боны дæргъы шахматты скъола «Белая ладья»-йы бындурыл Хуссар Ирыстоны тыхджындæр шахматисттæн уагъд цыдысты цæттæгæнæн сбортæ. Ног сезонмæ сæ бацæттæ кæныны тыххæй сын æххуыс кодта уæрæсейаг специалист, кæцы у дунеон къласы спорты дæсны. Шахматты скъола «Белая ладья»-йы къухдариуæггæнæг Джиоты Аннæ куыд банысан кодта, афтæмæй нæ республикæмæ фыццаг хатт æрцыд ахæм бæрзонд æмвæзады специалист.

«Бон дæргъы-иу нын тренировкæтæ цыдысты 6-7 сахаты бæрц. Æвзонг шахматистты-иу  сæ хæдзæрттæм ацæуын дæр нал фæндыд тренировкæтæй.  Фæндыд сæ ноджы фылдæр сахуыр кæнын», – банысан кодта Джиоты Аннæ.

Сборты фæстæ та уагъд æрцыд иурæстæгон хъазты сеанс. Уæрæсейаг специалист хъазыд 23 шахматистимæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ бынæттон шахматисттæ, уыдоны нымæцы æвзонг спортсментæ  æппæтдæр  арæзтой, цæмæй сæхи равдыстаиккой аккагæй. Æмæ æцæгæй дæр тох кодтой кæронмæ. Уый фæстиуæгæн сеанс цыд æртæ сахатæй фылдæр. Уæрæсейаг специалистимæ ахъазыд «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги дæр.

«Фыццаг хатт сфæнд кодтам цæттæгæнæн сбортæ ауадзын. Кæронбæттæны та уæрæсейаг специалистимæ ауагътам иурæстæгон хъазты сеанс. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Æфснайæн бангы директор Бекъойты Сосланæн. Уый фæрцы фæхуыдтам уæрæсейаг специалистты æмæ нын арæзт æрцыд ахæм стыр спортивон бæрæгбон», – банысан кодта Саулохты Георги.

Иурæстæгон хъазты сеанс куы фæцис, уæд рабæрæг дыууæ æвзонг шахматистæн кæй бантыст дунеон къласы спорты дæсныимæ æмдыхæй ахъазын. Ахæм æнтыст бафтыд Бибылты Марат æмæ Михаил Логачевы къухты.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.