2023 азы фыццаг кварталы  Паддзахадон бюджет куыд æххæст цæуы, уый тыххæй Хицауады æмбырды раныхас кодта финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фыццаг кварталы республикæйы паддзахадон бюджетмæ æфтиаг бацыд 1 874 006,59  мин сомы, хæрдзтæ та уыдысты 1 249 746,56 мин сомы. Паддзахадон бюджеты профицит у 624 260,03 мин сомы.

Хыгъд хорзыл банымадтой Хицауады уæнгтæ æмæ йæ дарддæр арвитдзысты Парламентмæ.

Министрты кабинет ма уынаффæ райста, зынгсивæрзты рæстæджы сæ мулк кæмæн басыгъд, уыдонæн финансон æххуысы тыххæй. Фæсауæрцон фондæй фæйнæ 100 мин сомы радтой Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг Хъæцмæзты Руслан, æмæ Дзауы районы Хъорсеуы цæрæг Тедеты Людвигæн.

Хицауад сфидар кодтой æнæпилот тæхæн аппаратты срегистраци кæныны фæткы тыххæй уынаффæйы проект. Æмбырды дзырдтой, 0,15 кг уæзы æмæ уымæй уæлæмæ дæр цы тæхæн аппараттæ ис æмбæстæгтæм, уыдоны регистрацийы тыххæй.

Юстицийы министр Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, тæхæн аппаратты регистраци хъæуы республикæйы уæлдæфон тыгъдады æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн, уымæн æмæ уыдон сты, тас чи хæссы, ахæм  аппараттæ.

Уынаффæйы проектмæ гæсгæ, æнæпилот тæхæн аппаратты регистраци кæндзæн Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы службæ, аппаратты хицæутты куырдиаттæм гæсгæ.

Æнæпилот тæхæн аппараттæ регистраци хъуамæ цæуой, Хицауад ацы уынаффæ куы райса, уымæй 30 боны æмгъуыдмæ.

Дарддæр раныхас кодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады сæргълæууæг Плиты Агуындæ. Уый раразмæ кодта «Сывæллоны паддзахадон æххуысхъуагыл банымайыны тыххæй фæтк»-ы тыххæй уынаффæйы проект. Ацы проекты нысан у сывæллæтты бартæ æмæ интерестæ бахъахъхъæнын, уыцы нымæцы сидзæртæ æмæ æвæгæсæгæй чи баззад, уыцы сывæллæтты дæр.

Плиты Агуындæ куыд банысан кодта, афтæмæй уынаффæйы проектмæ гæсгæ, паддзахады æххуысхъуагыл нымад цæуы, социалон æгъдауæй тæссаг уавæры чи ис, ахæм сывæллон, кæцыйы ныййарджытæ сæ ныййарæгон хæстæ не ‘ххæст кæнынц  ахуырады хъуыддаджы, æвзæрæрдæм æндавынц йæ хъомыладыл, карзæй йæ æфхæрынц.

Фидар æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады æндæр уынаффæтæ дæр, æрхæсгæ сывæллон схъомыл кæныны тыххæй.

Министрты кабинет сфидар кодта «Ахуырады фадыджы паддзахадон контролы фæдыл уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» уынаффæйы проект. Раразмæ йæ кодта ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уагæвæрдмæ гæсгæ, ахуырады фадыджы бæрæг æрцыдысты паддзахадон хъусдарды объекттæ æмæ ахуырады фадыджы  паддзахадон контролы бар кæнæм ис, уыцы гоймæгты бартæ æмæ хæстæ.

«Уагæвæрд фæтк æвæры æмæ Ахуырад æмæ зонады министрады контролон мадзæлттæ æххæст кæны, хауы ма йæм ахуырады гъæдыл контроль кæнын дæр», – загъта министр.

Хицауад сфидар кодта «Уæлæмхас ахуырады Паддзахадон уагдон «Культурæйы министрады цур Хореографион скъола-студийы реорганизацийы тыххæй» уынаффæйы проект, паддзахадон «Культурон-ахуырадон центр»-æм бафтаугæйæ. Бацæттæ йæ кодта Культурæйы министрад.

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ банысан кодта, зæгъгæ, уынаффæйы нысан у культурæйы фадыджы хæрдзты оптими-заци æмæ бюджетон фæрæзтæ эффективонæй спайда кæнын.

Хореографион скъола-студи дæр æмæ Культурон-ахуырадон центр дæр сты уæлæмхас ахуырады бюджетон ахуырадон уагдæттæ. Сæ нысан у рæзгæ фæлтæры ахуырад, хъомылад æмæ монон-духовон рæзт. Культурон-ахуырадон центрæн ахуыргæнджыты штаттæ кæй нæй, уый тыххæй культурæйы фадыджы нæ уадзы ахуыртæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, дыууæ уагдоны баиу кæнгæйæ, реорганизацийы процессæн уыдзæн хорз фæстиуджытæ, уыимæ Паддзахадон бюджетæй уæлæмхас хæрдзтæ нæ бахъæудзæн.

Дарддæр дзырдтой коммуналон лæггæдты тыххæй.

Хицауад хорзыл банымадта «Бирæфатерон хæдзæртты хатæнтæй  æмæ цæрæн хæдзæртты хицæуттæ æмæ сæ чи пайда кæны, уыдонæн коммуналон лæггæдтæ кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй проект.

Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйæн рæзы энергоресурсты хæрдзты тыххæй хæс. Электроэнерги æмæ газ цы уагдæттæ дих кæнынц, уыдон та æвзарынц зындзинæдтæ коммуналон лæггæдты тыххæй фæрæзтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы. Арæх вæййы энергоресурстæй æнæсанкционæй пайда кæныны цаутæ дæр.

Ацы уынаффæйы проектмæ гæсгæ, энергоресурстæй пайда кæныны фæтк чи фехæлдта, уый цы бахардз кодта, фæлæ цы нæ бафыста, уыцы хæрдзты банымайыны бар уыдзæн æмбæлон организацийæн, æмæ-иу хардзты аргъ арвитдзæн фæткхалæгмæ.

Экологион, технологион æмæ арæзтадон хъусдарды комитеты сæргълæууæг Къуылыхты Таймураз раразмæ кодта «РХИ-йы тæссаг кондадон объектты аварион цауты фæстиуджытæ  иуварс кæныны мадзæлтты пълæнттæ бакусыны фæдыл уагæвæрды тыххæй» уынаффæйы проект æмæ йæ ми-нистрты кабинет хорзыл банымадтой.

Фидар æрцыд «Хуссар Ирыстоны  тæссаг кондадон объектты декларацийы фæткойтæ сфидар кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæйы проект дæр.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «Паддзахадон реестры скондмæ хастæрцæуæг преференциалон инвестицион проекттæ, афтæ ма инвестицион бадзырдты фæлгæтты райстæрцæуæг инвестицон хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль кæныны фæтк сфидар кæныны тыххæй» уынаффæйы проект.

Ацы фарсты фæдыл доклад сарæзта экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй инвестицион архайды фадыджы дарддæр кусынц нормативон-барадон базæ фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Инвестицион архайды тыххæй» закъонмæ бацæттæ кодтой ноджы иу акт. Ацы акты руаджы контроль цæудзæн, Паддзахадон реестры скондмæ хастæрцæуæг преференциалон инвестицион проекттæ, афтæ ма инвестицион бадзырдты фæлгæтты райстæрцæуæг инвестицон хæслæвæрдтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл.

Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй уынаффæйы проекты нысан у закъонмæ гæсгæ, инвестортæн преференциалон нормæтæ, фадæттæ радтын, кæцытæм гæс-гæ сæибар цæудзысты æфтиаг æмæ исады хъалонтæй.

Æмбырды раныхас кодта  хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан æмæ дзырдта йæ дæлбар ведомствойы  2022 азы фæстиуджытыл. Куыд банысан кодта, афтæмæй азæй-азмæ рæзы респуликæйы тыллæгæрзад. Ивгъуыд аз нæмыгон культурæты æрконд уыд 59 мин центнеры.  2021 азимæ абаргæйæ, ацы бæрæггæнæн дыууæ хатты фæфылдæр. Хъæдуры, сæнæфсиры æмæ дыргъты æрконд дæр 2021 азимæ абаргæйæ уыд фылдæр.

Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, министрады сæйраг нысан у агросæудæджерадон комплексы сырæзт. Ацы комплекс сифтонг кæнид республикæйы хæлцадон æдасдзинад сæйраг продукттæй, афтæ ма ахъаз уаит республикæйы экспортон потенциалы рæзтæн.

Министрты кабинет хыгъд райстой æмхъæлæсæй.

Осиаты Индира

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.