6-æм июлы РХИ-йы Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта нæ горæты Хуыбылты Валерийы номыл парк. Йемæ ма уыдысты горæты Администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Капиталон арæзтады управлени»-йы сæргълæууæг Цоциты Зауыр.

Стыр парчы проблемæтæ

Стыр парк цалынмæ горæты балансмæ лæвæрд не ‘рцыд, уæдмæ дæр адæммæ бирæ фиппаинæгтæ уыд, фæлæ Архитектурæ æмæ арæзтады министрад ныфс æвæрдта, зæгъгæ, горæты  администраци цухдзинæдтæ баххæст кæндзæн. Горæты администрацийы дæлбар службæ, хæрзарæзтады комбинат йæ бон куыд у, афтæ йæ хъус дары парчы сыгъдæгдзинад æмæ цъæхдарæнтæм. Ныссадзынц дзы дидинтæ, фæлæ уыдон  зæрдæйы фæндиаг никуы рафидыдтой, æвæццæгæн, сæм æдзух зылд кæй нæ вæййы, уый аххосæй. Тала бæлæстæ дæр дзы дзæвгар ныссагътой æмæ  уыдон дæр рæстмæ никуы схæцыдысты. Горæты администрацийы ныхас та уыд: «Æнхъæлмæ кæсæм финансон фæрæзтæм Хицауадæй. Уый фæстæ бавналдзыстæм дефекттæ аиуварс кæнынмæ». Фæлæ абон дæр парк улæфæн зонæйы хуызæн нæу.

Президент лæмбынæг æркаст алцæмæ дæр: «Бæлæстæ скуынæг кодтой. 20 мин квадратон метрыл хъуамæ арæзт æрцыдаид сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ, теннисон корт. Æмæ  кæм сты уыдон? Ацы улæфæн паркмæ чи æрбацæуы рæстæг æрвитынмæ, уыдон хурбонты сæхи кæм хъуамæ бааууон кæной?! Сывæллæттæ кæм хъазой?! Цад сырæзт, фæлæ стыр къуыхцыдзинæдтимæ, йæ мидæг дон нæ  лæууы. Хъæуы йæ фехалын æмæ йæ ногæй капиталонæй саразын. Нæ йæ æмбарын, кæдæм ацыдысты 42 милуан сомы? Куыд гæнæн ис, афтæ уæлæхох уай дæ адæмыл, нæ сывæллæтты фидæныл…»

Горæты мэр Хуыгаты Ромео загъта, зæгъгæ, ныридæгæн ам арæзтадон куыстытæ чи кодта «Цхинвалы арæзтадон организаци», ууыл конд æрцыд уголовон хъуыддаг. Уый йæхи хардзæй хъуамæ сараза ногæй парк. Ныртæккæ мах цы объект уынæм, уый цæхгæр хицæн кæны, сæрæй проекты цы æвдыст цыд, уымæй. Проекты нысангонд уыд сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ, фæлæ уый бæсты ам сарæзтой Леуахийы былгæрæттæ. Проект æнæ фехалгæйæ дзы æрмæстдæр арæзт æрцыд 37 фæхсбандон æмæ 100 æфсæн цырагъы.

Гаглойты Алан цæхгæр фарст радта ПУК «Капиталон арæзтадон управлени»-мæ, цæмæннæ контроль кодтой арæзтад æмæ куыд бауагътой уыйбæрц рæдыдтытæ æруадзын. Уый фæдыл Цоциты Зауыры дзуапп уыд ахæм: «Нæ организаци æппынæдзух домдта, цæмæй проект хæлд ма цæуа, барвыстам-иу сæм официалон гæххæттытæ, фæлæ нæм хъусæг нæ уыд. Сметæйы æвдыст нæ уыд, бæлæстæ скалын кæй нæ хъæуы. Подрядон организаци нын бауырнын кодта, сæ бынаты æндæр талатæ сагъд кæй æрцæудзæнис. Фæстагмæ та нын загъта, æхца сæм нал ис, зæгъгæ.

Ацы дзуапп дисы бафтыдта Президенты, уымæн æмæ гæххæттытæм гæсгæ куыстытыл дзæвгар æхца сфыстæуыд. «Æнæмæнгдæр подрядон организаци цухдзинæдтæ баххæст кæнæд. Фæлæ мах дæр бахъæудзæн уæлæмхас фæрæзтæ ссарын, цæмæй æмткæй улæфæн паркы схæрзарæзт кæнæм. Хъуамæ паркмæ бацæуын æхцондзинад хæсса алы кары адæмæн дæр», – дзырдта Гаглойты Алан.

Хъæуы сæ гъæдджынæй аразын

Президент бахæс кодта горæты администраци æмæ Арæзтады министрадæн, цæмæй иу къуырийы æмгъуыдмæ парк схæрзарæзт кæныны тыххæй сметæ бавдисой.

«Ныртæккæ мах цы уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ ссарын хъæуы, уыдонæй сæрибарæй саразæн уыд æндæр исты хъæугæ социалон объект. Мах та иу куыст хъуамæ бакæнæм дыууæ хатт. Нырæй фæстæмæ бар нæ уыдзæн ахæм рæдыдтытæ кæнынæн», – карзæй фæдзæхста Гаглойты Алан.

 

Иу уынджы арæзтад  ма сæм æрбафтдзæн

Хъæуы сæ гъæдджынæй аразын

Уый фæстæ Президент йæ инспекцион азылд адарддæр кодта Мæскуыйаг микрорайонмæ. Ам фæндагарæзтадон куыстытæ цæуынц Дмитри Медведев æмæ Владимир Путины уынгтыл. Тынг тыхст уыдысты ацы уынджы цæрджытæ, рæстмæ фæндæгтæ сæм кæй нæ уыд. Къæвдабонты азмæлæн нæ уыд сæ хæдзæртты рæзты. Къæвдабонты цъыфæй нæ уыд уынгтæм рахизæн, хурбонты та – рыгæй. Уæлдай уынгæджы уыдысты скъола æмæ рæвдауæндæттæм цæуджытæ. Уынг – уынгæг, дыууæ машинæ дзы æдæрсгæ нæ цыд. Тротуартæ дзыхъхъытæ-мыхъхъытæ. Нæ дзы уыд машинæтæн парковкæйæн бынæттæ. Ныр ам фæндаг бæрæг афæтæн уыдзæн.

Президент инспекцион азылд куы арæзта, уæд æм æрбахатыдысты Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты уынджы цæрджытæ, цæмæй уыдон уынг дæр саразой. Уый  дæр ис  æдзæллаг уавæры.

Президент бахатыд  Автомобилон арæзтад æмæ сæ эксплуатацимæ радтыны комитеты сæргълæууæг Гæбæраты Аланмæ, цæмæй исты фæрæзтæ ссарой æмæ ацы уынг дæр сцалцæг кæной. Уый ныфс бавæрдта, кæй сфæрæз кæндзысты финанстæ, æмæ ацы уынджы цæрджытæ æмæ Президенты фæнд кæй сæххæст кæндзысты.

Гаглойты Алан ма Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн бахæс кодта, цæмæй ахуыры азы райдианмæ бацархайой уынгтыл асфальт сæвæрыныл. «Уынгты арæзтад рæстæгыл фæуыдзæн, ифтонг стæм техникæйы хуызтæй æмæ арæзтадон æрмæджытæй», – загъта Гæбæраты Алан.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.