Цхинвалы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Хуссар Ирыстоны фыццаг чемпионат практион æхстæй. Йæ хайадисджытæ ерыс кодтой пневматикон дамбацайæ æхсынæй. Турниры хайад райстой практикон æхстæй секцийы хъомылгæнинæгтæ, кæцы гом æрцыд æрдæг азы размæ.

Ерыстæ уагъд æрцыдысты иууыл цæттæдæр спортсментæ равзарыны тыххæй. Уыдон бахаудзысты Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы скондмæ. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ «юниоры» категорийы фæуæлахиз Дзанайты Радион, дыккаг ссис Уанеты Давид æмæ пьедесталы æртыккаг къæпхæнмæ та схызт Бæззаты Æхсар. Категори «супер юниоры»-йы иууыл хуыздæр йæхи равдыста Джиоты Геннади.

Командон ерысты фыццаг бынат бацахста «Барсаланы». Спортуарзджытæм стыр цымыдис сæвзæрын кодта фæлтæрæн «дуэль». Ам дæр иууыл цæттæдæр разынд Дзанайты Родион. Æвзист призер ссис Бæззаты Æхсар. Бронзæ майдан та бафтыд Уанеты Давиды къухты. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

Хорзæхджын ма æрцыд ерысты хайадисæг иунæг чызг Табуты Мария дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.