12-æм апрелы РХИ-йы Президент Гаглойты Алан, Арæзтады министр Елдзарты Константин, æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео сарæзтой инспекцион азылд. Райдианы бабæрæг кодтой, нæ республикæйы цы ног кондад рæзы «Ир-Базальт», зæгъгæ, уый уавæр. Йæ генералон директор Джиоты Роман сæ базонгæ кодта, бæрзонд технологитæм гæсгæ цы базальтон таг уадздзысты, модельон пецтæ куыд кусдзысты, уыимæ.

«Базальтон таг у хъармдзинады уникалон изоляцигæнæн æрмæг. Уæрæх дзы пайда кæнынц хæдзæрттæ хъарм кæнынæн, суанг наутæ аразыны дæр. Куыстуат йæхæдæг, æмæ дзы мидæгæй чи куса, удонæн у æдас. Экономикон æгъдауæй та – перспективон. Уымæн æмæ геологтæ куыд амонынц, афтæмæй Хуссар Ирыстон хъæздыг у базальтæй. Мах ныфс ис, кондад размæ кæй ацæудзæнис. Суткæйы дæргъы пецдон араздзæн 600 килограммы базальтон дур. Технологимæ гæсгæ базальтæй райсæн ис 97 проценты таг. Иннæ 3 проценты сты дуры уымæлад,  уыйбæрц дзы байсысы кондадон процессы тæвд пецы. Цыдæриддæр базальты зианхæссæг буарадтæ ис, уыдон баззайынц йæхи мидæг æмæ кондады кусджытæн тæссаг ницæмæй уыдзысты. Экологийæн дæр нæ хæсдзысты зиан», – дзырдта Джиоты Роман.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй райдиан этапы завод уадздзæн æртæ хуызы продукци: таг, арматурæ, æмæ базальтон шнур. Амалиуæггæнæг зæгъы, зæгъгæ, ныртæккæ заводы территорийыл цæуы коммуникацитæ бауадзыны куыстытæ æмæ аххæсдзысты мæйы бæрц, июны райдианты скусдзæн завод. Райдианы дзы кусдзæн 20 адæймаджы бæрц, фæлæ кондад куыд размæ цæуа, афтæ кусджыты нымæц дæр схиздзæн 50 бæрцмæ.

Базальтон кондады директоры ныхæстæм гæсгæ, минералон буарадтæ ис – магни, кальци, кали, кремни, титан, натри, амони, марганец æмæ æндæртæ, уыдон судзгæ нæ кæнынц.

Джиоты Роман куыд зæгъы, афтæмæй ацы завод у Уæрæсейы зонад-иртасæн институты проект. Уый базальтон продукцийæ ифтонг кæны уæрæсейаг базары. «ООО Альфа-Надежда» æмæ Инвестицон агентад, кæцы 2012 азæй нырмæ ифтонг кæнынц Хуссар Ирыстоны амалиуæг-гæнджыты инвестицитæй, хорзыл банымадтой ацы проект. «ООО Альфа-Надежда»   цалдæр азы размæ æрфыста йæ къух «Ир-Базальт» цы продукци уадза, уый кæй æлхæндзæн. Инвестагентад цы æхцайы фæрæзтæ радта, уыдон хъуамæ фыст æрцæуой 10 азы æмгъуыдмæ.

Заводы арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ

Заводы уавæр феныны фæстæ Гаглойты Алан хатдзæгтæ скодта æмæ загъта: «Кондад арæзт æрцыд бæрзонд технологитæм гæсгæ 50 кусæгон бынатимæ, уый иттæг хорз æххуыс уыдзæн не ‘хсæнадæн. Уымæй дарддæр ма паддзахадон бюджетмæ цæудзысты фиддонтæ. Кондады къухдариуæгадмæ цы бæлвырдгæнæн документтæ ис, уымæ гæсгæ бæрæг у, Хуссар Ирыстоны кæй уыдысты Уæрæсейы специалисттæ. Иукъуырион иртасæн куыстыты рæстæджы сбæлвырд кодтой, завод кæй ницы зиан хæсдзæн экологийæн. Куыд зонæм, афтæмæй нæ зæххы цы базальтон дур ис, уый дæр нымад у сыгъдæгыл. Уымæ гæсгæ завод æххæст гуырахстæй куы скуса, уæд базальты дур амал кæндзысты бынаты».

Президент Гаглойты Алан æмæ йе ‘мбæлццæттæ бабæрæг кодтой Иры хъæуы Арæзтадон æрмæджыты завод дæр. Заводы директор Гæбæраты Ацæмæз радзырдта кондады гуырахсты тыххæй.

«Мах уадзæм тротуарон плиткæ, арæзтадон блоктæ, бордюртæ, электроадæттæн хæххытæн цæ-джындзтæ, канализацион цæгтæ. Раздæры къухдариуæгадыл баззад хæстæ паддзахады раз. Стæй кусджытæн дæр куыстмызд фыст нæ цыд йæ рæстæджы. Уыдон цадæггай иуварс æрцæудзысты æмæ стæй бавналдзыстæм æппæт гуырахстæй бакусынмæ», – загъта Гæбæраты фырт.

Гаглойты Алан банысан кодта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ среализаци кæныны заводы стыр бæрндзинады тыххæй. «Уæ куыстыл баст у Инвестпрограммæйы объектты куыстытæ снысангонд æмгъуыдмæ сæххæст кæнын æмæ уæ рауадзгæ æрмæджытыл та баст у, цас гъæдджын уыдзысты, уый», – загъта сын Гаглойты Алан.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.