Ацы объект сырæзт цалдæр азы размæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты, фæлæ йæ эксплуатацимæ раттын, уæддæр нæма бантыст. Ныр скъуыддзаг æрцыд, цæмæй æввахс рæстæджы скуса. Уый тыххæй президент Гаглойты Алан фехъусын кодта полигонмæ йæ инспекцион балцы рæстæджы.

Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты хицауады сæрдары хæдивæг — экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, горæты администрацийы сæргълæууæг Къацты Гено æмæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Гуыцмæзты Илья.

Президентæн радзырдтой арæзтады бакæнгæ куыстыты æмæ йæ дарддæры эксплуатацийы тыххæй, афтæ ма æруынаффæ кодтой уæлæмхас уæрм аразынæн бынат рахицæн кæнын æмæ «Мæскуыйаг» микрорайоны сæрмæ быронкалæн сæхгæныны фарстатыл. Куыд зонæм, афтæмæй полигон арæзт æрцыд Цхинвалæн скæсæнырдыгæй цыппар километр æддæдæр.

Гуыцмæзты Ильяйы ныхæстæм гæсгæ ног быронкалæн арæзтой дыууæ этапæй æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2021 азы. Объекты сметæйон аргъ у 210 милуан сомы.

Объект конд у бырæттæ кæдæм хъуамæ калой, уыцы уæрм, хæдзарадон блок æмæ бырæтты кæм пресс кæной, уыцы фæзуатæй. Объекты ис сыгъдæггæнæн ифтонгадты æртæ комплексы. Технологион схемæмæ гæсгæ бырæттæ ласт цæуынц полигоны территоримæ. Ангары уыдоны дих кæнынц. Гуырахстджын чи сты, уыдоны та лыстæг кæндзысты. Иннæ бырæтты пресс кæндзысты æмæ сæ афтæмæй ласдзысты полигонмæ. Полигон эксплуатаци хъуамæ цæуа 12 азы дæргъы, ома, уыцы æмгъуыды фæстæ хъуамæ арæзт æрцæуа ног уæрм æмæ афтæмæй эксплуатацийы æмгъуыд адарддæр уа 25 азмæ. Фæлæ уый фæдыл йæ дызæрдыгдзинад равдыста президент. Горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты хистæр Габуты Инал дæр куыд загъта, афтæмæй дзы ныртæккæ цы уæрм арæзт ис, уый байдзаг уыдзæнис дыууæ азмæ дæр. Президентæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй финанскæнынады фарст у скъуыддзаг. Хъæуы ма, цы техникæ нæ фаг кæны уыдон æмæ кусджыты бынатмæ цæуыл ласой, уыцы транспорт балхæнын.

Гуыцмæзы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз полигон эксплуатаци кæнынæн рахицæн æрцыдысты æмбæлон фæрæзтæ, æввахс рæстæджы та план цæуы куыстуаты фæлварæн режимы скусын кæнын. Стæй уый фæстæ бырæттæ ласт цæудзысты ардæм.

«Объект кусдзæн дыууæ сменæйы. Алы сменæйы дæр уыдзæн 17 адæймаджы. Уыдонæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр кусынæн. Уымæй дарддæр ма объектмæ арæзт æрцыд асфальт фæндаг, йæ алыварс та æхгæд у æмбондæй. Эксплуатацигæнæг организаци кусы штаттæ бæстон кæныныл, амал кæны химикаттæ, хардзгæнæн æрмæджытæ æмæ æндæр ахæмтæ», — загъта уый.

Йæ рады президент банысан кодта, куыстуаты скусын кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, объект у иттæг ахсджиаг. Бырæтты пресс кæнгæйæ æмæ сæ уæрмы æвæргæйæ, нал уыдзæн быронкалæн полигоны зынгсивæрзты тасдзинад æмæ иуварс æрцæудзæн горæтæн цæгатырдыгæй цы быронкалæн уыд, уый сæхгæныны бирæазон проблемæ», — загъта Гаглойты Алан.

Банысан кæнын хъæуы бырæтты ног полигоны арæзтады тыххæй уынаффæ кæй райстæуыд 2018 азы. Ам æххæст цæудзысты экологион æдасдзинад сæххæст кæны-ны тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр.

Цардуагон хъæбæр бырæтты ног полигон аскъуыддзаг кæндзæнис Цхинвалы рагон проблемæ — бырæтты бакусыны экологион æдасдзинады системæ кæй нæ уыд, уый. Полигон Присы хъæуæй у 2,5 километры æддæдæр, Цхинвалмæ та цыппар километрæй фылдæр. Афтæмæй хъахъхъæд æрцыд санитарон хъахъхъæнæн зонæйы стандартон зонæ. Уыцы нормæ та у 500 метры.

2019 азы ацы арæзтадæн генподрядон уыдис хуссарирыстойнаг фирмæ, гом акционерон æхсæнад «Цхинвалы арæзтадон компани». Арæзтады дыккаг этап та æххæст кодта горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинат, кæцы йæ кæндзæнис эксплуатаци дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.