Йæ фæндаг акодта цæгаттаг микрорайонмæ

Уырдæм хæстæг хидыл аваритæ арæх кæй æрцæуы æмæ дзы уды зиæнттæ дæр кæй вæййы, уый бахынцыдта президент Гаглойты Алан æмæ йæ инспекцион азылды рæстæджы бæстондæрæй базонгæ ис хиды уавæримæ. Йемæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин, паддзахадон унитарон куыстуат “Югосетстройинвест”-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Алан.

Хиды уавæрыл дзургæйæ, банысан кодтой, цæмæй хиды иувæрсты арæзт æрцæуа ног фæндаг æмæ йыл машинæты змæлд фæкъаддæр уа. Дзырд цыдис хидæн йæхи фæуæрæхдæр кæныны фадатыл дæр. Куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы фæндаг æмраст кæй нæу, уымæ гæсгæ шофыртæ сæ развæндаг рæстмæ нæ фæуынынц æмæ æрцæуы авари.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй æвæстиатæй райст æрцæуой йæ саразыны тыххæй мадзæлттæ æмæ дзы транспорт æдыхстæй цæуа.

“Ацы фадыг у аварион æмæ йыл машинæты цыд фæкъаддæр хъæуы. Трассæ ацы бынаты æмраст нæу æмæ перспективæйы хорз уаид, комкоммæ арæзт куы æрцæуид, уæд. Мах фæндаг араздзыстæм республикæйæн йæхи фæрæзтæй. Хъæуы сбæлвырд кæнын арæзтады план æмæ кæдмæ хъуамæ арæзт фæуа, уыцы рæстæг”, – загъта Президент.

Уый ма Елдзарты Константинæн бахæс кодта, цæмæй батындзой æмæ майы райдианмæ бацæттæ кæной проектон-сметæйон документаци.

Елдзары фырт ныфс бавæрдта, уыцы æмгъуыдмæ документаци цæттæ кæй уыдзæн, уымæй. “Кусын райдайдзыстæм проект кæныныл æмæ дæм бавдисдзыстæм гæнæнуæвæн варианттæ. Алцыдæр куы банымайæм, куы бацæттæ кæнæм, уæд нæ бон суыдзæн зæгъын, цас рæстæг нæ бахъæудзæн уыцы куыстытæ бакæнынæн”, – загъта министр.

 

Скъолайæн  –  уæлæмхас бæстыхай

Йæ инспекцион азылды рæстæджы Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта æмæ базонгæ Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджыты куысты æмæ ахуыргæнинæгты ахуыры уавæртимæ.

Президентимæ скъоламæ бацыдис Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ. Уый куыд радзырдта, афтæмæй скъолайæн саразын хъæуы, ахуыргæнинæгты домæнтæн æххæстæй дзуапп чи дæтдзæн ахæм хæрæндон, уыимæ ма саразын хъæуы уæлæмхас кълæстæ дæр. Уымæн æмæ сын нæ фаг кæнынц æмæ уроктæ фæуадзынц, æгæрыстæмæй, скъолайы фоейы дæр.

Президент бацыдис хæрæндонмæ æмæ ныхас кодта сывæллæттимæ. Скъолайы разамынадæн ныфс бавæрдта, скъолайы агъуыстмæ ма кæй бафтаудзысты ноджыдæр уæлæмхас бæстыхай, цыран уыдзысты хæрæндон æмæ уæлæмхас кълæстæ.

Скъолайы директор Санахъоты Алан куыд загъта, афтæмæй сæ уавæртæ уæд бирæ фæхуыздæр æмæ фенцондæр уыдзысты. “Махмæ ахуыр кæны 200 сывæллонæй фылдæр æмæ нын кълæстæ кæй нæ фаг кæнынц, уымæ гæсгæ нын фадат нæй æрмгуыст кæныны фæдыл ахуыртæ уадзынæн дæр. Дзырд дæр ыл нæй, ног кълæстæ саразгæйæ, ахуыр-хъомылады уавæртæ бирæ кæй фенцондæр уыдзысты”, – загъта директор.

Скъолайы директор ма бахатыд Президентмæ, цæмæй сын скъолайы спортивон залæн баххуыс кæна æнæмæнгхъæуæг  инвентарь самал кæнынæн. Нæ сын фаг кæнынц портитæ æмæ æндæр спортивон дзаумæттæ дæр.

Президент ныфс бавæрдта сæ домæн сæххæст кæнынæй.

 

Донгуырæны территори хæрзарæзт æрцæудзæн

Бæгъиаты суары донгуырæны алывæрсты арæх донмæ цæуджытæ змæстæй кæй ныууадзынц, аппарынц дзы сæ бырæтты, уый антисанитари æвзæрын кæны. Уавæр йæхи цæстæй феныны тыххæй Президент йæ инфекцион азылды рæстæджы бацыд ацы бынатмæ, федта цы уавæры ис, уый æмæ бахæс кодта, цæмæй раивд æрцæуа йæ æмбæрзт. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй донгуырæны территори арæзт æрцæуа айнæг дур плиткæтæй, æвæрд дзы æрцæуа фæхсбандæттæ, бырæттæкалæн асыкк, сæвæрой дзы ахæм фыст, кæцы ардæм цæуджыты фæдзæхса йæ алыварс территори йын ма чъизи кæнынæй.

Президенты инспекцион азылд  Дзауы районы хицæн  объекттыл

Донгуырæны территори схæрзарæзт кæныны тыххæй Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет рахицæн кæндзæн арæзтадон æрмæджытæ. Районы разамынад та аскъуыддзаг кæндзæн кусджыты фарст.

 

Объект арæзт фæуыдзæн сæрды кæронмæ

Президент уыцы бон бацыд сывæллæттæн Мзиугомы арæзт чи цæуы, уыцы лагермæ дæр. Базонгæ, арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыдонимæ. Цымыдис кодта объект эксплуатацимæ лæвæрд кæд æрцæудзæнис, уымæ.

Президенты инспекцион азылд  Дзауы районы хицæн  объекттыл

“Объект эксплуатацимæ радтын план цæуы сæрды кæронмæ. Ныртæккæ ам æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ. Æххæст стæм кусджытæй. Куыст цæуы æмбæлон хъæдын дзаумæттæ самал кæныныл дæр”, – загъта арæзтадон фадыджы хистæр Къæбулты Валери.

 

Галерея у капиталон цалцæгкæнинаг

Йæ инспекцион азылды рæстæджы ма Гаглойты Алан Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитетæн бахæс кодта, цæмæй Ручъы тъунелы хуссарæрдыгæй зæйты ныхмæ цы галерея ис, уый капиталонæй цалцæг æрцæуа.

“Галерея хъæуы капиталон цалцæг скæнын. Уымæй дарддæр ма йæм хъуамæ уагъд æрцæуа рухс, фæхуыздæр хъæуы æнцойгæнæн къулты уавæр, фæндаггæрон цы бетонон конструкцитæ ис, уыдоныл та бакæнын хъæуы æхсæвыгон æрттивæнтæ”, – загъта Президент паддзахадон куыстуат «Югосетстройин-вест»-ы минæвар Гæбæраты Аланимæ ныхас кæнгæйæ.

Уый ма хъусдард аздæхта Транскамы хуссарварс хайы уавæрмæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ хъæуы фæхуыздæр кæнын. Транскамы ис ахæм фадгуытæ, кæцыты хъæуы бæстонæй сцалцæг кæнын.

Йæ рады Гæбæраты Алан загъта, зæгъгæ, галереяйы хъæуы бирæ куыстытæ бакæнын. “Йе ‘нцойгæнæн къулты мах фæнды ногæй ныббетон кæнын, æндæра сæ бынты дон хъуызы. Галереяйæн йæхи та сцалцæг кæндзыстæм. Бауадздзыстæм дзы рухс, сæвæрдзыстæм дзы цырæгътæ. Уымæй дарддæр ма нæ фæнды рæсугъд табло арфæйы ныхæстимæ сæвæрын”, – загъта Гæбæрайы фырт.

Транскамы фæндагыл дзургæйæ, уый банысан кодта, хицæн фадгуыты кæй хъæуы цалцæг кæнын, фæлæ дзы ис ахæм фадгуытæ дæр, кæцыты хъæуы æрмæстдæр дзыхъхъыты балæгъз кæнын æмæ тагъд рæстæджы ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн. Куыд банысан кодта, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй тъунелæй галереямæ фæндаг асфальт æрцæуа æххæстæй.

Президент ма бахæс кодта, цæмæй фæндаггæрæтты æвæрд æрцæуой амонæнтæ ахæм фыстимæ: “Хъахъхъæнут сыгъдæгдзинад”, “Хъахъхъæнут тагъд цыды режим”.

Президентæн ныфс бавæрдтой, йæ хæслæвæрдтæ æххæст кæй æрцæудзысты, уымæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.