«Фыццаг срæмыгъды фæстæ райдыдта скъолайы штурм æмæ сывæллæтты ластой рынчындæттæм. Мæн уырныдта мæ лæппу сæрæгас кæй у. Мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, моргы йæ кæй ссардзыстæм. Уымæй тæссагдæр ницыуал уыдзæн мæ царды», – фæзæгъы журналисттимæ ныхас кæнгæйæ Саулохты Асланы мад Габысаты Иринæ. Чысыл лæппу фæмард Беслæны теракты 3-æм сентябры.

Саулохты Асланыл æхсæз азы дæр нæма цыд, фæлæ курдиатджын сывæллон кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ мад аскъуыддзаг кодта скъоламæ йæ радтын. «Аслан уыд тынг зондджын лæппу. Ныр бирæ  хатт ахъуыды кæнын, æвæццæгæн, фæрæдыдтæн, нæ йæ хъуыд фондзаздзыдæй скъоламæ æрвитын», – арæх фæзæгъы Габысаты Иринæ.

Фæлæ, æвæццæгæн, алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис. Æвæццæгæн, лæппу цæрыны гуырд кæй нæ уыд, уымæн ахæм зондджын уыд. Нырма йæ Иринæ ныффыссын кодта Беслæны 3-æм скъоламæ. Ацы скъолайы ахуыр кодта æмæ куыста йæхæдæг дæр ахуыргæнæгæй. Фæлæ йæ цардæмбалы ныййарджытæ хæдзар балхæдтой 1-æм скъоламæ æввахс æмæ сæ уымæ гæсгæ бафæндыд, цæмæй Аслан бацыдаид ацы скъоламæ.

1-æм сентябрь Саулохты Асланæн уыд цины бон. Райсомы авд сахатыл кондæй лæууыд æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст скъоламæ кæд ацæудзæн, уымæ. Цæмæй йæ зыдта йæ мæлæтмæ кæй тагъд кодта, уый. Æгæрыстæмæй, йæ мадæй бар ракургæйæ, рахызт уынгмæ, цæмæй йæ федтаиккой скъолайон формæйы хæрзконд æмæ рæсугъдæй. 1-æм скъолайы цур сæм æнхъæлмæ каст йæ нана Хаутаты Заремæ. «Хъуамæ йæ ныууагътаин йæ нанаимæ æмæ мæхæдæг ацыдаин куыстмæ. Скъоламæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд Аслан йæ былтæ æрæппæрста æмæ дзуры, зæгъгæ, мæ нæ фæнды ацы скъоламæ. Нал æй фæндыд цæуын. Фæлæ йын загътон, зæгъын, цæугæ кæн де скъоламæ æмæ йæ ныууагътон йæ нанаимæ. Уыдон уыдысты мæ фæстаг минуттæ мæ хъæбулимæ. Æвæццæгæн, мæ зæрдиаг Аслан йæ гыццыл зæрдæйæ цыдæр фæхатыд æмæ уымæн нал куымдта, фæлæ уæд хъуыды дæр чи акодтаид, ахæм æбуалгъы  цау æрцæудзæн, ууыл», – загъта уый.

Габысаты Иринæ ацыд 3-аг скъоламæ, æмæ лæууыд цытджын линейкæйы. Иу цъус рæстæджы фæстæ бафиппайдта адæм сабыргай катайгæнгæ цæуылдæр кæй дзурынц, уый. Уалынмæ иу сылгоймаг йæ сывæллоны къухыл фæхæцыд æмæ алыгъд линейкæйæ, йæ фæстæ дыккаг, æртыккаг…

Иууылдæр тасы ныххаудысты. 1-æм скъола террористтæ кæй бацахстой, уыцы æвирхъау хабар айхъуыст æнæхъæн Беслæныл. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты акодтой. «Уайтагъд бамбарæн нæ уыд, цы æбуалгъ уавæры бахаудтам.  Æз дæр ацыдтæн 1-æм скъоламæ. Цыма фын уыдтон, афтæ мæм каст. Абоны онг дæр æй нæ зонын, Аслан спортзалы цы арæзта, йæ фæстаг бонтæ куыд арвыста, уый. Йæ нанайы цур нæ бадт, куыд дзурынц, уымæ гæсгæ уымæн йæ зæрдæ бавзæр. Аслан та хæрзчысыл уыд, нæ зыдта, цы саразын хъуыд æмæ, æвæццæгæн, алыгъд адæмы фæстæ, фæлæ удæгасæй скъолайæ нал ралыгъд», – дзырдта йæ мысинæгтæ зæрдæрыст мад.

Сывæллоны цæстыты баззад тасдзинад

3-æм сентябры адæм лæууыдысты Культурæйы галуаны цур. Уалынмæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд, йæ фæстæ – дыккаг… Адæм нал зыдтой, цы саразой, уый. Сызнæт сты. Лыгъдысты чи 1-аг скъоламæ, чи та – комкоммæ  рынчындонмæ. «Æз уыдтæн ме ‘мбалимæ æмæ мын уый загъта, зæгъгæ, хуыздæр у рынчындонмæ ацæуын, уымæн æмæ уырдæм ластой цæфты дæр æмæ фæмардуæвджыты дæр. Уырныдта мæ Аслан удæгас кæй у, æгæрыстæмæй, хъуыды дæр нæ акодтон, уый мæрдты ‘хсæн разындаид, ууыл. Куыд гæнæн ис, æмæ фондзаздзыд сывæллонмæ исчи йæ къух сиса», – радзырдта уый.

Габысаты Иринæ ацыд рынчындонмæ. Иннæ ныййарджытимæ лæууыдысты исæн хайады цур. Рынчындонмæ ластой алкæйы дæр. Алчидæр-иу балыгъд хæссынмæ, агуырдтой сæ хиуæтты, уый уыд тынг тæссаг ныв. Иу рæстæджы Иринæйы æмбал цыдæр æрбацис. Стæй йæм уалынмæ фæдзырдта, зæгъгæ, ацырдæм рацу. Ирæ йæ афарста, зæгъгæ, ды кæм дæ? Чысыл паузæйы фæстæ йын загъта, зæгъгæ, моргы цур… «Нæ йæ æмбæрстон, уырдæм мæм цæмæ дзуры, уæд та ма Асланы рынчындонмæ æрбаластой æмæ йæ адæмы ‘хсæн куыд ссардзынæн, зæгъгæ. Нæ  йæ æмбæрстон, моргы ‘рдæм цæмæн хъуамæ ацыдаин. Мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, мæ хъæбул удæгас кæй нал у, уый. Фæлæ Аслан хуыссыд уым… Нæ мæ фæнды дарддæр цы уыд, ууыл хъуыды кæнын… Рынчындонæй вагзалмæ æррайау цыдтæн къахæй», –  загъта уый.

Фæстæдæр фондзаздзыд Асланы мард æрбаластой хæдзармæ. Цæфтæ æмæ мæрдтæ бирæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ лæппуйы цæстытыл ничи бахæцыд æмæ йын гомæй баззадысты. «Йæ цæстытæ йын гомæй куы федтон, уæд  сæм ныккастæн… Мæ фондзаздзыд, æнæаххос зæды хуызæн сывæллоны цæстыты федтон фыртасдзинад. Мæ зæрдæ бавзæр, мæ къæхтæ мæм нал хъуыстой. Цалдæр мæйы мæ бон цæуын дæр нал уыд», – йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ абон дæр нæ байгас сты Габысаты чызгæн.

Цасдæр рæстæджы дæргъы Иринæйы йæ цард дæр нал хъуыдис. Фæлæ цалдæр азы фæстæ  ногæй ссис мад. «Мæ зæрдыл лæууы, мæ мад мын иу хатт афтæ зæгъы,  зæгъгæ, хорз у, æмæ ды уыцы спортзалы нæ уыдтæ. Уæд æм кæмдæр хъыг дæр фæдæн, фæлæ йæ фæстæдæр бамбæрстон, цæмæн мын загъта афтæ», – загъта Иринæ.

Мæ цард – мæ сывæллæттæ

Цалдæр азы дæргъы Иринæ Асланы ингæнмæ цыд алы æртæ боны дæр. Фæстаг азты та уæлмæрдмæ ацæуы 1-æм сентябры райсомæй раджы.

«Скъоламæ никуы бацæуын. 19 азы дæргъы дзы уыдтæн æрмæстдæр иу хатт. Мæ хиуæттæ мæ алыхатт дæр бафæрсынц, зæгъгæ, дæ нæ фæнды, дæ лæппу уыцы æртæ боны цыран бадт, уыцы бынат фенын. Ахæм тыхтæ мæм нæй… Æнцондæр мын у Асланы ингæны цур абадын, йæ уазал цыртыл ын атыхсын, фæлæ уыцы скъоламæ мæ бон бацæуын нæу», – цæссыгкалгæйæ фæдзуры мад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, трагедийы фæстæ фылдæр аргъ кæнын райдыдта йæ бинонтимæ арвитгæ рæстæгæн, йæхи снывонд кодта йæ бинонтæ, йæ сывæллæттæн. «Кæй зæгъын æй хъæуы, кусын, архайын æхсæнадон архайдæй, фæлæ уыдæттæ мæнæн сты дыккаг бынаты. Тырнын фылдæр рæстæг мæ сывæллæттимæ арвитынмæ, мæ бинонтимæ уæвын сæйрагдæрыл нымайын. Хуыцауæй бузныг дæн, ногæй мад кæй сдæн, уый тыххæй. Уый мын дæтты тыхтæ. Кæд ме ‘дзард чысыл лæппуйы иу бон дæр никуы ферох кодтон, уæддæр цард дарддæр кæны. Зианджын бинонтæ кæрæдзи зонынц æмæ мын уæлдай зын вæййы, йæ сывæллæтты чи фесæфта æмæ теракты фæстæ ногæй маддзинады æнкъарæнтæ чи нæ бавзæрста, уыцы сылгоймæгты уынд. Йæ сывæллон чи фесæфта, уыцы мады рыст бамбардзæн, æрмæстдæр йæхиуыл æй чи бавзæрста, уый. Уымæ гæсгæ бузныг дæн Стыр Хуыцауæй, сывæллæттæ мын кæй балæвар кодта, уый тыххæй. Ис  мын царды нысан, фæндæттæ, бæллицтæ æмæ уыдон иууылдæр баст сты мæ сывæллæттимæ. Мæ цард  сты мæ сывæллæттæ – Хетæг æмæ Дзерассæ», – æнкъардæй йæ ныхас балхынцъ кодта Габысаты Иринæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.