Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон 30 август ӕрвыл аз дæр нысан цæуы Хуссар Ирыстоны. Ацы бон махӕн сæрмагонд бон у, уымæн æмæ хæстон уæззау рæстæджыты 1989-2008 азты æбæрæгæй фесæфтысты не ‘мбæстæгтæй бирæтæ. Уыдон хъысмæт сбæрæг кæныныл егъау куыст цæуы алы фæзуæттыл, фæлæ уадиссаг фæстиуджытæ нырма къухты нæ бафтыд. Нæ чысыл Ирыстонæй ныртæккæ дæр æбæрæг сæфт æмбæстæгтыл нымад цæуынц сæдæ адæймагæй фылдæр.

Ацы боны цытæн нæ горæты Æгъуызаты Иуанейы номыл скверы Мады Майрӕмы аргъуаны раз цырты цур сæ номыл уагъд æрцыд мысæн мадзал.

Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл мысæн мадзал сорганизаци кодта Сырх Дзуары Дунеон комитет Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и надежда»-имæ иумæ. Хайад дзы райстой республикæйы бæрнон кусджытæ, фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты ӕмӕ юстицийы министртӕ Джиоты Ӕхсар ӕмӕ Гаглойты Олег, æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтæ.

Акцийы хӕдразмӕ Мады Майрӕмы аргъуаны уагъд ӕрцыд ӕбӕрӕг сӕфт ӕмбӕстӕгты номыл Хуыцаумӕ бакуывд.

Ӕхсӕнадон организаци «Память и надежда»-йы сӕрдар Куыдзеты Лидӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны онг дӕр бирӕ би-нонтӕ нӕ зонынц сӕ хиуӕттӕй бӕрӕг.  Азӕй азмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц чысыл, фӕлӕ цахӕмфӕнды бӕрӕг базонынмæ, фӕлӕ нырма нӕ къухы ницы уадиссаг ӕфты. Ӕнӕрынцойӕ агурынц ӕбӕрӕгæй сӕфт ӕмбӕстӕгты, фембӕлдтытӕ организаци цӕуы, фӕлӕ уӕддӕр зӕрдӕрухсгӕнӕн фӕстиуджытӕ не ‘фты къухты.

Стыр ӕнӕразыдзинад равдыста организацийы сæрдар, нӕ «хорз сыхӕгтӕ» абоны онг дӕр иу ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕймаджы фӕдыл дӕр æмбæлон информаци кӕй нӕ дӕттынц, уый тыххæй. Уый ӕмрӕнхъ Хуссар Ирыстон бирӕ гуманондӕр ахаст равдыста ацы фарстмӕ – аздӕхта сын, хӕстон рӕстӕ-джы сӕ ӕмбӕстӕгтӕй чи фӕмард, уыдон мард буӕрттӕ. Уыцы ныфсӕй, кӕд ӕмӕ, зӕгъгӕ, уыдон дӕр бафӕзмиккой ӕмӕ ахӕм хӕрзиуӕгон къахдзӕф саразиккой.

Фӕсконфликтон бӕстонкӕнынады фӕдыл РХИ-йы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Коцты Егор ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, бӕстӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ ӕбӕрӕгæй сӕфт ӕмбӕстӕгты фӕдыл координацион механизм сараздзӕн ӕппӕтдӕр, цӕмӕй исты бӕрӕг базоной, уый тыххæй. Ныфс бавӕрдта, абоны онг дӕр иунӕг къахдзӕф чи нӕ сарæзта ӕбӕрӕгæй сӕфт ӕмбӕстӕгты хъысмӕт сбӕлвырд кӕныны фӕдыл, уыцы Гуырдзыстоны къухдариуӕгадыл кæй бандавдзӕн, ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты ссарыны фӕдыл ӕхсӕнылӕг – Сырх Дзуары дунеон комитет. Уымӕн ӕмӕ тынг бирӕ факттӕ ис, кӕцытӕ фӕахъаз уаиккой ӕбӕрӕгæй сӕфт ӕмбӕстӕгты хъысмӕт раргом кӕнынӕн.

Уый стыр бузныг загъта, абоны онг дӕр ӕбӕрӕгæй сӕфт чи сты, уыцы ӕмбӕстӕгты бинонтӕн сӕ фидардзинад ӕмӕ лӕгдзинады тыххӕй, уымӕн ӕмӕ бонӕй бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ хиуӕттӕй исты бӕрӕг базонынмӕ.

Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары дунеон комитеты минӕварады сӕргълӕууӕг Драгослав Блажевич банысан кодта, Сырх Дзуары комитет ахсджиаг куыст кӕй кӕны бӕстӕйы къухдариуӕгадимӕ, 1990-2008 азты гарзджын хъаугъаты рӕстӕджы ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфтысты, уыдоны хъысмӕт рабӕрӕг кӕныны хъуыддаджы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дунейы мидӕг ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты нымӕц дыууӕсӕдӕ минмæ ӕввахс у. Уыцы нымӕц проблемӕйы ӕххӕстбӕрцӕй не ‘вдисы, фӕлӕ – йӕ иу хай. Сырх Дзуары комитетӕн ахсджиаг нысаниуӕг ис ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты хъысмӕт рабӕрӕг кӕнынӕн, уыцы процесс дӕргъвӕтин у, фӕлӕ йыл хъуамӕ иумӕ цӕуӕм ӕмӕ кусӕм.

«Гарзджын хъаугъаты ӕбӕрӕгӕй цы ӕмбӕстӕгтӕ сӕфынц, уыдоны проблемӕ ахсджиаг у Сырх Дзуары дунеон ко-митетӕн, кӕмфӕнды ма куса, уӕддӕр. Ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты дунеон бон ноджыдӕр фадат дӕтты махӕн уыцы бинонты фарс балӕууынӕн, се ‘ввахс хиуӕттӕ кӕм сты ӕмӕ сӕ хъысмӕт цахӕм у, уый зоныны бар сын кӕй ис, уыдӕттӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн», – дзырдта Блажевич.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар банысан кодта, зæгъгæ, ацы бон ноджыдӕр радон хатт сидӕм ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты ссарыны фӕдыл нӕ хъарутӕ фӕактивондӕр кӕнынмӕ. Бузныджы ныхӕстӕ загъта Коцты Егор ӕмӕ Президенты цур Адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Тасойты Иналӕн.  Уыдон, зӕгъгӕ, стыр куыст кӕнынц Сырх Дзуары комитетимӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕрыст бинонтӕ исты бӕрӕг базоной, исты ныфсы ныхас фехъусой, уый тыххæй.

«Ӕнӕмӕлгӕ полк»-ы къухдариуӕггӕнӕг Зассеты Жаннӕ йӕ рады банысан кодта, «нӕ ныфс макуы хъуамӕ сӕтта, ӕмӕ уыцы ныфсимӕ хъуамӕ цӕуӕм, цӕмӕй ссарӕм, ӕбӕрӕгæй сӕфт чи сты, нӕ уыцы адӕмы». Бахатыд мадзалы хайадисджытӕм, цӕмӕй ноджы ӕмӕ ноджыдӕр бахатой Гуырдзыстоны мӕдтӕм, цӕмӕй куыд мӕдтӕ, афтӕ бамбарой уыцы сылгоймӕгты. Йе ‘ввахс хион ӕбӕрӕг сӕфт кӕмӕн у, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, архайын хъӕуы, ӕдзух хъусдард здахын хъӕуы ацы проблемӕмӕ.

«Ӕз сидын Гуырдзыстоны мӕдтӕм, цӕмӕй нын уынын уӕд-дӕр фӕкӕной, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон кӕм ныгӕд сты, уыцы бынӕттӕ», – банысан кодта уый.

Ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты бинонты сывӕллӕттӕ мадзалы рӕстӕджы бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ.

 

***

Бӕрӕг куыд у, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны кӕронмӕ бахӕццӕ шахматтӕй турнир шахматты секцийы хъомылгӕнинӕгты ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты сывӕллӕтты хайадистӕй. Ерыстӕ уагъд цыдысты Ӕбӕрӕгӕй сӕфт ӕмбӕстӕгты дунеон боны сæраппонд Президенты администрацийы, Шахматты федераци ӕмӕ Сырх Дзуары дунеон комитеты миссийы инициативӕйӕ. Ерыстӕн спонсорон ӕххуыс бакодта кондад «Винодельня Иронсӕн».

Мадзалы кӕрон шахматты ерысты уӕлахиздзаутӕ цытджын уавӕрты ӕрцыдысты хорзӕхджын.

КÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.