Уæд, 2004-æм азы Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъола дæр йæхи цæттæ кодта ног ахуыры азмæ. Бæрæгбон фæлыстæй йæм цыдысты ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ, ныййарджытæ. Бæргæ худæнбыл æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ æрлæууыдысты сæ уарзон скъолайы къæсæрыл, бæргæ цин кодтой сæ кæрæдзийыл, арфæтæ æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахастæн кæрон дæр нæ уыд. Фæлæ æваст уыцы циндзинад атад, знаг сæм йæ сау æмæ маргæйдзаг цæсгом куы равдыста, уæд. Райдианы æмбаргæ дæр нæ бакодтой, хъуыддаг цæй мидæг ис, фæлæ фыдгулæн скъуыддзаг уыд æбуалгъы фыдвæнд сæххæст кæнын. Бæргæ рафæдис кодта Беслæн, фæдисмæ цыдысты алы рæттæй, куырдтой æмæ домдтой террористтæй, цæмæй сæрибар æрцæуой æнаххос сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ. Фæлæ знаг æмæ фыдгæнæгæн адæймаджы зæрдæ кæм фæтæлфы йæ риуы æмæ бакодтой, дунейы истори кæй нæма зоны æмæ фехъуыста, ахæм фыдракæнд. Куыдта Беслæн, сæ цæссыг згъæлстой Ирыстоны дыууæрдыгæй фарс æмбæстæгтæ, маст кодтой дунейы рæстагон дзыллæ дæр. Ахæм мастæн бауромæн никуы вæййы, рæстæг дæр ын зынтæй фæразы, азтæ цæуынц, цард размæ згъоры, фæлæ уыцы фыдбæллæх нæ рох кæны æмæ никуы дæр ферох уыдзæн ныййарджытæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæй, адæймаджы фæлмæн æмæ уарзæгой зæрдæ кæй уæнгты тæлфы, уыдонæй. Уыцы фыдбæллæхы амæттæгтæ-сабитæ абоны бон сæхæдæг арæзтаиккой сæ цард, уыдаиккой ныййарджытæ æмæ сомбоны фæлтæр хъомылгæнджытæ, æхсæнады активон зиууæттæ. Къаддæр хæрзиуæгон хъуыддæгтæ ма нæ бантыстаид,  ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæй чи фæмард сты, уыдонæн –  дæр, цардарæз-тадмæ хастаиккой сæ бавæрд, сæ куырыхон зонд æмæ бафæзминаг миниуджытæ кæстæртæн уыдаид дæнцæг æмæ афтæмæй ноджы рæсугъддæр æмæ амондджындæр уыдаиккой æхсæнад æмæ æмткæй бинонты цард.

 

Æрцыд 19 азы размæ трагеди, æнахуыр фыдбæллæх, адæймагад кæй никуы ма базыдта æмæ фехъуыста, ахæм. Базмæлыд æгас дуне, рæстагон адæймагад.

О, нæ фæрæзта ахæм фыдбæллæх бауромын дуне, рæстагон дзыллæ æмæ домдтой, цæмæй уыцы фыдгæнджытæ се ‘ппæт дæр дзуапп радтой тæрхоны раз æмæ карз æфхæрд баййафой.

Ирыстоны дзыллæйы та сæхи рады фæнды, цæмæй æнамонд æмæ мæ-гуырау хъуыддæгтæй нырæй фæстæмæ хызт уой æмæ сæ цард аразой æмæ кæной сыгъдæг арвы бын. Уыцы хорздзинад сæ фæнды сæхицæн дæр æмæ æгас дунейы рæстаг дзыллæйæн дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.