2004 азæй фæстæмæ августы мæйы кæрон Беслæны вæййы æнахуыр сабыр. Уæд беслæйнæгтæ æмæ æнæхъæн Ирыстоны цæрджытæн уæлдай тынгдæр сног вæййы, ам цы æвирхъау трагеди æрцыд, уый. 16 азы размæ æнæхъæн дуне базыдта ацы чысыл горæты, кæцы ссис æгæрон масштабы традегийы символ, 21-æм æнусы Вифлеем æмæ уыцы иурæстæджы – æхсардзинад, быхсындзинад æмæ фæндвидардзинады символ. 2004 азы сентябры фыццаг æртæ боны 52 сахаты зындоны арвыстой минæй фылдæр амынæты, кæцытæй 334 адæймаджы фæмард сты террористты нæмгуытæй, бирæтæ дзы удæгасæй ныгæд æрцыдысты спырхгонд скъолайы пырхæнты бын, кæнæ та фæмард сты уæззау цæфты фæстиуæгæн. Сæрæгасæй сæ чи аривæзт, уыдон та райстой физикон æмæ психолгон травмæтæ. Уыдонæй бирæтæ абоны онг дæр сæ буары хæссынц снарядты схъистæ æмæ сæ удтæ æнкъарынц тыхджын рыст, кæцыйæн нæй баххуыс гæнæн, æгæрыс-тæмæй, иууыл тыхджындæр рыстуромæн хостæй дæр.

Ивгъуыд азы кæрон уазæгуаты уыдтæн Беслæны мæ хæстæджытæм, цыран базонгæ дæн 1-æм скъолайы амынæттæй сæ иуимæ. Уæды онг дунейы чи нæма æрцыд, уыцы æбуалгъ трагедийы бахаудтой Цырыхаты дыууæ хойы – Заринæ æмæ Розитæ. Кæд 16 азы рацыд уыцы зындонæй, уæддæр чызджытæ тынг хорз хъуыды кæнынц цы фыдæвзарæнты бахаудтой, уыдоны тыххæй æмæ сæ цæрæнбонтæм дæр нæ ферох кæндзысты. «1-æм сентябры мæ хоимæ ацыдыстæм скъоламæ. Фæстæдæр æй куыд бамбæрстон, афтæмæй уыцы бон уæлдæфы дæр æнкъардæуыд цахæмдæр æндыгъддзинад. Мæ мад дæр тынг тыхст цæуылдæр. Æгæрыстæмæй, мæ скъоламæ цæуын дæр нæ фæндыд, фæлæ уæддæр ацыдыстæм. Уайтагъд мæ хъусдард аздæхтон скъола цалцæггæнæн куыстыты фæстæ æнæфснайд кæй уыд, уымæ. Рудзгуытыл æмбæрзæнтæ дæр нæ уыд. Æрхызтыстæм линейкæмæ æмæ уалынмæ мæ хъустыл ауадысты æхстытæ. Æз ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн киноныв исынц кæнæ та уæлдæфон тымбылæгтæ уадзынц. Уæдмæ ауыдтон террористты дæр, фæлæ мæ нæ уырныдта стыр бæллæх кæй райдыдта, уый. Террористты нымæц райдианы уыд 10 адæймаджы, уый фæстæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Иууылдæр уыдысты боцъоджынтæ, кæсæнцæстыты æмæ автоматтимæ. Райдианы мæнæн мæ бон ссис скъолайы кæртæй ралидзын, фæлæ куы ахъуыды кодтон мæ кæстæр хо уым кæй баззад, ууыл, уæд фæстæмæ баздæхтæн. Басырдтой нæ спортзалмæ. Уыдон нын нæ сæрмæ гирляндтау æрцауыгътой бомбæтæ, нæ цуры уыдысты тротилæй йедзаг асыччытæ.  Спортзалы немæ уыд ме ‘мкъласон лæппуйы фыд, кæцы асæй уыд тынг бæрзонд нæлгоймаг. Уымæн ма ацы скъолайы ахуыр кодта йæ хистæр лæппу дæр. Нæ тыхстмæ кæсгæйæ, нæ уый  сабыр кæнын райдыдта, зæгъгæ, алцыдæр уыдзæн хорз. Террорист ын загъта, зæгъгæ, сын ныртæккæ сæ дзыхтæ куынæ бахгæнын кæнай, уæд дæ фехсдзынæн. Мах æрсабыр стæм, фæлæ йæ террорист уæддæр фехста. Уый æрхуад. Уæды онг мах нæ зыдтам мæлæт цы у, уый. Æддæмæ рахæссыны бæсты йæ бахастой спортзалы астæумæ, цæмæй йæм кас-таиккам йæ туг куыд кæлы, уымæ. Террористтæ йын йæ дыууæ лæппуйæн загътой, цæмæй йын йæ туг нысæрфтаиккой. Сæ иу йæ майкæ раласта æмæ дзы сæрфта йæ фыды тугтæ. Лæппуйæн цахæм тарст цæстæнгас уыд, уый абоны онг дæр мæ цæстыты раз ис. Хъыгагæн, ацы нæлгоймагæн йæ дыууæ лæппуйы дæр амардтой. Мах цур цы нæлгоймæгтæ уыд, уыдоны фыццаг бон фехстой иууылдæр. Ме ‘мкъласон Юлия Рудикæн йæ хо уыд сæкæрнизæй рынчын æмæ амард дыккаг бон. Нæ цуры  мардбуартæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ залы  уыд тынг æнуд тæф, афтæ ма дзы уыд тынг тæвд. Уыцы тæф  цыма абон дæр мæ фындзыл æрбаныдзæвы, афтæ мæм фæкæсы. Фыццаг бон мæ хъуыд хæрын, дыккаг бон дон, æртыккаг бон æй нал æмбæрстон цы мæ хъæуы, уый. Фæлæ мын уыд тынг дойны. Иууылдæр бæллыдыстæм, цæмæй нæ хъуыддаг тагъддæр аскъуыддзаг уыдаид, кæнæ та амардаиккам, ууыл дæр разы уыдыстæм. Штурм куы райдыдта, уæд террористтæ фæтыхстысты, уый æнхъæл нæ уыдысты. Фыццаг срæмыгъд куы айхъуыст, уæд фæкъуырма дæн. Нæ йæ хъуыды кæнын уырдыгæй куыд рабырыдтæн. Мæ разы хуыссыд мад йæ мард сывæллонимæ. Уый мæм æрбабырыд æмæ мæ тъæпп кæнын райдыдта, цом, зæгъгæ. Дыккаг срæмыгъды фæстæ ралыгъдтæн. Мад ныууагъта йæ мард сывæллоны æмæ æз та – мæ хойы. Фæлæ мын уый размæ мæ хо Розитæ загъта, зæгъгæ, мæ ам ма ныууадз. Йæ ныхæстæ йын куы æрхъуыды кодтон, уæд фæстæмæ бабырыдтæн. Хъуыды йæ кæнын мæхи цæуылдæр тынг ныццавтон æмæ фæсур дæн, уымæн æмæ уæдмæ мæ сæрыл сæмбæлдысты нæмыджы схъистæ, уыдис мын тынг рыстытæ. Уый фæстæ мæ лæккуыфыл рахастой. Мæ хоимæ сæрæгасæй аирвæзтыстæм, райстам травмæтæ, фæлæ ууыл быхсæм. Рацыд 16 азы, фæлæ теракт алкæуыл дæр ныууагъта йæ фæстиуджытæ. Хъыгагæн, абоны онг дæр нæ зонæм рæстдзинад политикты рæдыдтыты тыххæй сывæллæттæ сæ царды аргъæй цæмæн бафыстой, уый. Цæй тыххæй? Беслæн цæмæн? Абон мыл цæуы 30 азы æмæ мыл уæд та цыд 14 азы. Æз æмæ мæ хо уырдыгæй сæрæгасæй куыд раирвæзтыстæм? Цæрыс ахæм хъуыдыимæ, зæгъгæ, дæ бæсты гæнæн уыд æндæр исчи.

Сывæллæттæ иууылдæр сæхи тынг фæразонæй равдыстой, æвæццæгæн, уымæн æмæ йæ нæ зыдтой ам цы фыдбылыз æрцæудзæн, трагеди цæуыл фæуыдзæн, уый. Уæд хъуыды кодтон, зæгъын, мах, не скъола, Беслæны адæм Уæрæсейы бæсты сæхимæ райстой  стыр бæллæх æмæ нырæй фæстæмæ нал уыдзæн трагедитæ. Фæлæ раст нæ уыдтæн, уый фæстæ уыд цалдæр теракты, Хуссар Ирыстоны хæст. Абоны онг дæр фыны арæх фенын ме ‘мкъласонты. Амынæты мемæ чи уыд, уыдон мын систы тынг æввахс адæймæгтæ, хиуæтты хуызæн», – радзырдта мын уый.

Заринæйы рынчындонмæ куы æрбаластой, уæд уайтагъд æрцагуырдта йæ кæстæр хойы, фарста медперсоналы, зæгъгæ, мын   «Мæ хойы ничи федта»?. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ хо Розитæ дæр бахауд ацы рынчындонмæ, фæлæ йæ къæхтæ цæфтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ фæстæдæр аластой Мæскуымæ Н. Приоровы номыл травматологон институтмæ. Уый фæстæ уырдæм бахаудта Заринæ дæр йæ сæры æмæ фæсонты нæмыджы схъистæ кæй уыд æмæ йын зын сисæн кæй уыдысты, уымæ гæсгæ.    Скъола каст фæуыны фæстæ Заринæ ахуыр кодта Мæскуыйы. «Уыцы рæстæджы арæзт æрцыд Лубянкайы теракт. Тарстæн метройы цæуынæй, тæрсын хиджабтæ кæуыл ис, уыцы сылгоймæгтæй. Тарстæн æхсæвы рухс кæм сыгъд, уыцы хатæны рудзгуыты цурты цæуынæй. Фæлæ мын ныр уыцы тасдзинад ацыд. Ног скъола куы сарæзтой, уæд сывæллæттæ тарстысты уырдæм бацæуынæй. Дзырдтой, зæгъгæ, уым æхсгæ кæнынц. Тарстысты ног спортзалæй дæр, зæгъгæ, уым рудзгуытæ æгæр бæрзонд сты».

Амынæттæй сæрæгасæй чи раирвæзт, уыдонæй æппынкъаддæрæй 72 сывæллоны æмæ 69 хистæр кары адæймаджы  цæрæнбонтæм баззадысты инвалидтæй. Уыцы æртæ тугуарæн боны Ирыстоны историйы фыст æрцыдысты сау дамгъæтæй æмæ судзгæ рыстæй баззайдзысты адæмы зæрдæты.. Уæд судзгæ скъолайы  фæмард сты 334 адæймаджы, уыдонæй 186 – сабитæ, иннæтæ – ахуыр-гæнджытæ, ныййарджытæ, æввахс хиуæттæ.

Абон Беслæн йæ хуыз фæивта, арæзт дзы æрцыдысты бирæ цардуагон объекттæ. Фæлæ æрмæст йæ хуыз нæ ивы 1-æм скъола. Уый лæууы æмæ кæсы æнкъардгъуызæй, раст цыма уым цы тæригъæдтæ æрцыд, уыдоныл хъынцъым æмæ марой кæны, уыйау…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.