20 азы размæ, 20021 азы 23-æм октябры цæцæйнаг террористтæ  бацахстой Мæскуыйы Дубровкайы театралон центр. Террористты амынæттæ систы 916 адæймаджы, уыцы нымæцы сæдæ сывæллоны бæрц. Операцийы рæстæджы фæмард сты 130 амынæты.

Театралон центры 303-æм хатт æвдыстой уæрæсейаг мюзикл «Норд-Ост» Вениамин Каверины чиныг «Два капитана»-йы мотивтæм гæсгæ. Ацы мюзикл ссис бæстæйы культурон царды æцæг цау: 23 оригиналон музыкалон номыры, оркестр æмæ сæдæйы бæрц актертæ, диссаджы декораци æмæ музыкæ. Уый уыд æцæг спектакль-бæрæгбон, фæлæ…

Мюзиклы дыккаг акты райдианы æнæнхъæлæджы сценæмæ рахызт гæрзифтонг адæймаг. Уый цалдæр хатты фехста уæлдæфмæ æмæ бардзырд радта актертæн бынмæ æрхизыны тыххæй. Афтæ райдыдта нырыккон Уæрæсейы историйы иууыл тæссагдæр теракттæй иу. Уæрæсейы Æдасдзинады Федералон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2002 азы сæрды цæцæйнаг террористон организаци «Чеченская республика Ичкерия»-йы президент Аслан Масхадов сфæнд кодта Уæрæсейы территорийыл егъау теракт саразын. Уыцы рæстæгмæ фесæфта организацийыл йæ къухдариуæгад.

Цæцæны территори уыд федералон тыхты контролы бын.  Масхадов æмæ Басаев та кодтой партизанон хæст. Тугæйдзаг акци цæттæ кодта зындгондæр цæцæйнаг террористæй иу – Шамиль Басаев, кæцы 1995 азы 14-21 июны бацахста ставропойлаг Буденновскы рынчындон. Ног теракт хъуамæ æрцыдаид Мæскуыйы æмæ уыдаид бирæ масштабондæр. Ис ахæм верси дæр, зæгъгæ, райдианы боевиктæ хъуыды кодтой Паддзахадон Думæйы кæнæ Хицауады хæдзар бацахсын, фæлæ ацы объекттæ серьезонæй хъахъхъæд кæй цыдысты, уымæ гæсгæ сæ фæндтæ фæивтой.

Террористон къорды фактон къухдариуæггæнджытæй ма иу уыд Грознæйы цæрæг, кæцы террористы ‘хсæн зындгонд уыд Абу-Бакарæй. Террористтыл цыд 16 азæй 48 азы онг. Сылгоймаг-шахидты равзæрста Шамиль Басаевы æввахс адæймаг – Ясира Виталиева. Теракты организатортæ  цалдæр фатеры баххуырстой Мæскуыйы. Хæцæнгæрзтæ æмæ рæмудзæн æрмæг æрластой фæткъуытæ æмæ харбызтæй  æмбæрзтæй.

Электрошокертæ æхсæнгарзы ныхмæ

23-æм октябры 21:05 сахатыл Дубровкайы Театралон центрмæ æрбацыдысты æртæ микроавтобусы. Рагæппытæ сæ кодтой камуфляжты гæрзифтонг адæймæгтæ. Хъахъхъæнджытæм уыд æрмæстдæр электрошокертæ æмæ сыл боевиктæ æнцонтæй фæтых сты æмæ сæ батардтой залмæ. Сценæмæкæсджытæ райдианы нæ бамбæрстой цы стыр бæллæхы бахаудтой, уый. Уыдон афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, мюзиклы ахæм сценкæ ис. Фæлæ террорист æхсын куы райдыдта, уæд æй бамбæрстой хабар хорз кæй нæу, уый. Уæдмæ залы фæзындысты иннæ боевиктæ дæр сау уæлæдарæсы. Террористтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, залы чидæриддæр ис, уыдон сты амынæттæ æмæ, дам, нæм хъусут, науæд, зæгъ, уæ фехсдзыстæм. Уый фæстæ бомбæтæ æвæрын райдыдтой бæстыхайы.

Фыццаг сахатты террористтæ залæй ауагътой цалдæр фæсарæйнаджы, афтæ ма сывæрджын сылгоймаг æмæ 15 сывæллоны – æдæппæтæй 41 адæймаджы. Террористты фыццаг амæттаг ссис Константин Васильев, уый боевиктæй домдта амынæтты ауадзын, фæлæ йæ уыдон фехстой. Дыккаг амæттаг та ссис мæскуыйаг Ольга Романова.

Мах ардæм æбацыдыстæм мæлынмæ

24-æм октябры террористтимæ бадзурынмæ бацыдысты Цæцæнæй Паддзахадон Думæйы депутат Асламбег Аслаханов æмæ сенатор Руслан Аушев. Фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. 24 октябры райсом раджы террористтæм бацыдысты Сырх Дзуары дыууæ минæвары – Швейцарийы æмбæстæгтæ, сывæллæтты дохтыр Леонид Рошаль æмæ Паддзахадон Думæйы депутат Иосиф Кобзон. Фæстæдæр Кобзон йæ мысинæгты дзырдта: «Лæппутæ, сымах афтæ æвзонг стут æмæ хъуамæ цæрат æмæ цæрат. Абу-Бакар ын сдзуапп кодта: «Иосиф Дауыты фырт, зæгъут уæ хиуæттæн: мах ардæм æбацыдыстæм мæлынмæ. Æмæ нæ цæрынæй мæлын фæнды тынгдæр».

25 октябры амынæттæй бирæты уавæр февзæрдæр. Уыцы рæстæджы спецдæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел» сæхи цæттæ кодтой штурммæ. Уыдон уæдмæ зыдтой боевиктæ 40 кæй уыдысты, уый.

Газ бауагътой вентиляцион системæйæ

26-æм октябрмæ æхсæвы æрцыд ахæм цау, кæцы куыд террористтæн, афтæ тыхон структурæты кусджытæн дæр уыд æнæнхъæлæджы. Амынæттæй сæ иуæн йæ нуæрттæ нал бафæрæзтой, хъæр кæнын райдыдта æмæ йæхи ныццавта сылгоймаг-шахидыл. Боевиктæ фехстой нæлгоймаджы æмæ ма уыимæ фæцæф ноджы иу сылгоймаг. Террористтæ фæдзырдтой тагъд æххуысмæ æмæ цæфты радтой. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ афтæ фенхъæлдтой, зæгъгæ, амынæтты æхсын райдыдтой. Гæнæн ис æмæ уæд аскъуыддзаг кодтой штурм кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй.

Театралон центры бæстыхайы рухс ахуыссын кодтой, бацæуæнтæм баввахс сты штурмгæнæн къордтæ. Спецкъорд та бацыдысты ныккæндтыл, æмæ  вентиляцион хуынчъытæй бауагътой æндзыггæнæн газ, кæцыйы формулæ абон дæр у сусæггаг.

Штурм ахаста 15 минутæй 30 минуты онг. Куыддæр боевикты скуынæг кодтой, афтæ уынгмæ хæссын райдыдтой амынæтты. 2002 азы 26-æм октябры 6:30 сахатыл Æдасдзинады федералон службæ фехъусын кодта, Дубровкайы Театралон центр уæрæсейаг тыхон структурæты контролы бын кæй ис æмæ террористы сæргълæууæг Мовсар Бараев та куынæг кæй æрцыд, уый тыххæй.

Терактæй иу азы фæстæ, 2003 азы 23 октябры Театралон центры раз байгом кодтой монумент. Уый конд у дыууæ хайæ – гранитæй дурыл фыст ис: «В память о жертвах терроризма» æмæ авдметрон урс гранитæй стелæйæ, кæцыйыл ис æртæ бронзæйон хърихъуппы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.