Æппæт йæ историйы адæймагад бирæ трагедитæ федта, дисы йæ нæ баппардзынæ карз æмæ æгъатыр хæстытæй дæр, адæймагад сахуыр удзиæнттимæ æрдзон катаклизмæтыл дæр. Фæлæ ис ахæм трагедитæ, кæцытæ дунейы дисы баппæрстой сæ æнæадæймагдзинадæй, сæ æгæрон æгъатырдзинадæй. Æмæ уыцы трагедитæ, æгæрыстæмæй сæдæгай азты фæстæ дæр зæрдæты баззайынц туджы мæцгæ хъæдгæмттæй.

Беслæн…

Ногæй та æрбалууыд бæркадджын æмæ сыгъзæрин фæззæджы фыццаг мæй, фæлæ ацы мæй сыгъзæриныл нымад нал у 2004 азы 1-æм сентябры Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы фæмардуæвджыты ныййарджы-тæн, хиуæттæн, æппæт Ирыстоны адæмæн. Уымæн æмæ нын тугæйдзаг фæззæджы фыццаг мæй, тугхъулон сентябрь йемæ æр-хæссы уæззау мысинæгтæ. Нæ хъустыл та ауайынц сабиты тыхст хъæртæ, зæгъгæ, «Гыцци, баххуыс мын кæн», «Дон, дон, дон». Дохтырты ныхæстæм гæсгæ цæфтæн сæ фылдæр хуыссыдысты уадзгуытæй, фæлæ сæ йæхи чи æмбæрста, уыдон та мæллæг хъæлæсæй фæлхатт кодтой æрмæстдæр иу ныхас – «дон», «дон».

Рацыд 17 азы уыцы æнахуыр æмæ æгъатыр трагедийæ. 17 азы адæймагæн цъус рæстæг нæу, фæлæ историйæн та у иу уысмы хуызæн. Беслæны 1-æм скъола ссис трагедийы æвдисæн æмæ цыртдзæвæн. Беслæны 1-æм скъола цæрæнбонтæм бамыр, раст цыма уыйбæрц сывæллæтты амæлæт чи æруагъта, уыдонæн уайдзæф кæны, уыйау. Дыкъахыг сырдтæ æртæ боны амынæтты æнæ хæлц æмæ æнæ донæй спортзалы куыд дардтой,  бомбæты срæмыгъдтыты фæстæ сæ чысыл удтæ бахъахъхъæныны нысанæн судзгæ скъолайæ чи лыгъд, уыцы фыццагкъласонты фæстийæ террористтæ куыд æхстой, уыдæттæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, адæймаг ногæй бавзары 2004 азы 1-æм сентябры Ирыстоны цы æбуалгъы æнæбауырнгæ цау æрцыд, уый æгæрон трагикондзинад. Абоны онг дæр теракты фæстиуджытæ зынынц сабыр чысыл горæты цæрджыты хъысмæтты. Теракты амæттæгты тыххæй зæрдæты рыст азты цыдимæ къаддæр нæ, фæлæ кæны тыхджынæй-тыхджындæр. О Стыр Хуыцау, лæгсырдты æрдæгвæндагыл цавддуртæ цæмæннæ фестын кодтай, цæмæн бауагътай уыйбæрц æнæхин, рæзгæ удты тæригъæд æруадзын!

Уæд Ирыстоны рыстыл хъынцъым кодта æнæхъæн дуне æмæ абоны онг дæр æрвылаз Беслæны 1-æм скъоламæ æрцæуынц адæм дунейы алы къуымтæй, цæмæй та æрæмысой теракты амæттæгты рухс нæмттæ, семæ æрбахæссынц дон, уымæн æмæ æртæ боны дæргъы амынæттæ бæллыдысты донмæ. Ссудзынц цырæгътæ æнæаххос амæттæгты мысынадæн æмæ хъынцъымы чиныджы ныффыссынц ныхæстæ æнусон мысынады тыххæй. Беслæны 1-æм скъолайы спортзалы куы ссыгъдæг кодтой, уæдæй абоны онг бынтондæр нæ фæивта. Уый у ахæм бынат, кæцыйы ныхмæ рæстæг у æдых, ам рæстæг æрлæууыд æмæ хъустыл ауайынц суинаг кæстæрты ахæм фарстытæ: «Цæй тыххæй?», «Куыд уыд гæнæн ахæм цау æруадзынæн?». Рацыд 17 азы уыцы тугæйдзаг Зонындзинæдты бонæй, фæлæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма спортзалы къулты ахъардтой сывæллæтты тас æмæ рыст æмæ æххуысмæ сидæг тыхст хъæртæ. Пырх æмæ сыгъд спортзалы къултæм кæсгæйæ, адæймаджы цæстытыл та ауайынц, мæнæ ацы бынаты бадтысты фазæттæ, мæнæ ацы бынаты та бадт Цогойты Залинæ йæ цыппар сывæллонимæ, кæцытæй иу дæр сæрæгасæй нал рацыд, уыцы æлгъыстаджы спортзалæй. 2004 азы 6-æм сентябры Беслæны иу бонмæ баныгæдтой 160 адæймаджы. Уыцы рæстæ-джы æмæ уый фæстæ дæр Беслæны тагъд æххуысы кусджытæн сæ куыст фæфылдæр.

Теракты фæстæ уайтагъд спортзал йæхи цæстæй чи федта, уыдон цасдæр рæстæджы се ‘муд нал цыдысты… Алы рæтты æппæрс-тæй лæууыдысты сывæллæтты тугхъулон скъолайон формæтæ, дзабыртæ. Спортзалы цур дуар гом уыд туалетмæ, цыран кранæй æртахгай цыд дон, номхуындæй, теракты фыццаг бон уырдæм террористтæ уагътой адæмы дон баназынмæ. Дыккаг бон сæ уæлæмæ сыстын дæр нал уагътой. Уымæй чысыл дарддæр уыд къаннæг хатæн, кæцы уыд æгасæй дæр тугæйахуырст. Æвирхъау ныв фенæн уыд дыккаг уæладзыджы, «мæ-лæты хатæны» дæр, номхуындæй, терро-ристтæ уым æхстой адæмы.

Æнæ уæлдæфæй фыртæвды сулæфæн цы спортзалы нæ уыд, уым сæ алыварс алыгъуызон рæмудзæн æрмæджытæ, донмæ бæлгæйæ, зæрдæхъæрмттæ кæнгæйæ, уын-гæджыйы 52 сахаты æмæ 50 минуты арвыстой æнæаххос адæймæгтæ, фæлæ лæгсырдтæм цы хъардта. Дойнаг дур дæр фæркгай фæхау-даид ацы суинаг цардбæллон кæстæрты тæ-ригъæдмæ кæсгæйæ, уæд уыцы цъаммæртты цы мæдтæ ныййардтой, цы мæдтæ сын бадардтой мады æхсыр. Сæ тæригъæдмæ кæсгæйæ, æнæхъæн дуне зæрдæскъуыдтæ куы кодта, уæд дыкъахыг сырдтæн сæ риуты зæрдæты бæсты дойнаг дуртæ уыд, æниу ноджы ма йæ зæгъон дойнаг дур дæр нæ бафæрæзтаид ахæм тæригъæдæн.

17 азы размæ, 3-æм сентябры 13 сахат æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. 17 азы фæстæ та 1-æм сентябры 1-æм скъолайы ногæй баиу сты дзæнгæрæджы зæрдæскъуынæн зæлтæ, ирон мæдты зæрдæхалæн хъарджытæ æмæ ирон адæмы кæуын. Ацы скъолайы кæрты æнустæм уæвынад кæн-дзысты зæрдæйы маст, катай, хъыг, рис æмæ цæссыг. Фæдзурынц, зæгъгæ, дам, рæстæг зæрдæйы хъæдгæмттæ гасгæнæг у, фæлæ уый бынтон афтæ нæу, уымæн æмæ Беслæны террористты къухæй цы суинаг удтæ бабын сты, уыдоны æвирхъау амæлæтыл цас фыл-дæр рæстæг цæуы, уыйас тыхджындæр кæны сæ бинонты, Ирыстоны дзыллæтты зæрдæты рыст, судзгæ рыстæн кæрон нæй æмæ йын, æвæццæгæн, никуы дæр уыдзæн. Сентябры ацы  æртæ тугхъулон боны æнустæм баззайдзысты ирон адæмы историйы. Нæй уыцы æртæ тугуарæн бонæн ферохгæнæн. 1-3 сентябры æлгъыстаджы скъолайы спортзалы къултыл фæмардуæвджыты къамтæм кæсгæйæ та адæймаджы зæрдæ уæлдай тынгдæр сриссы æмæ та адæм æнæвгъау сæ цæссыг фæкалынц. Сæ хъæбулты чи фесæфта, уыцы ныййарæг мæдты хъарджытæм та, æвæццæгæн, скъолайы сыгъд къултæ дæр фæхъæрзынц. Нæй ферохгæнæн, террористон зындоны арты чи бацарæфтыд, уыцы 334 зынгхуыст адæймагæн, уыдонæй 186 уыдысты сабитæ, 19 адæймаджы – ирвæзынгæнджытæ æмæ иннæтæ та – ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ, нанатæ æмæ дадатæ. 800 адæймагæй фылдæр та фесты алыгъуызон цæфтæ, кæцытæй хъизæмар кæнынц абоны онг дæр. Нæй ферохгæнæн «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы зынгхуыст ирвæзынгæнджытæн, сæ хъæбатырдзинад æнустæм цæрдзæн адæмы зæрдæты.

Æрæджы Беслæны уазæгуаты уыдтæн мæ хиуæттæм æмæ мын сæ сыхæгтæй иу афтæ радзырдта, зæгъгæ, дам, амынæттæн террористтæ фыццаг бон дон лæвæрдтой чъизи бедратæй, фæлæ, дам,  сæ уый фæстæ дыууæ боны дæргъы дойныйæ мардтой. Æртыккаг бон, дам, дзы бирæтæ нуæзтой, æгæрыстæмæй, сæ доныхуыпп дæр. «Амынæтты ‘хсæн уыд Баситы Симæ йæ лæппутæ Бекъойты Азæмæт æмæ Ацæмæзимæ.  Симæ кусы Беслæны сабидоны. Уыцы бон йæ лæппу Ацæмæз, кæцы ахызт 5-æм къласмæ, хъуамæ ралæууыдаид фыццагкъласонты раз æмæ ныййарæг мады бафæндыд йæ фырты арæхстдзинадмæ бакæсын, фæлæ… Ацæмæзæн иу ран æрбадын йæ бон нæ уыд. Куыддæрты-иу ын бантыст спортзалæй рахизын. Уый-иу æрæмбырд кодта сывæллæтты фындзмæрзæнтæ æмæ-иу сæ туалетмæ бахаста. Уым-иу сæ схуылыдз кодта краны бынмæ æмæ-иу сæ байуæрста сабитыл, цæмæй-иу сæ ныллæмæрстаиккой æмæ-иу афтæмæй иу чысыл уæддæр бауымæл кодтаиккой сæ былтæ… Амынæтты ‘хсæн уыд Бадтиаты Анжелæ йæ чысыл лæппуимæ, кæцы террористтæн загъта, зæгъгæ, мæм мæнæ 5 сомы ис æмæ уын æй дæттын, æрмæст мын мæ мады ссæрибар кæнут, зæгъгæ… Æгæрыстæмæй, чысыл лæппуйы ацы зæрдæскъуынæн ми дæр нæ бахъардта тугдзых террористтæм», – дзырдта йæ мысинæгтæ мæ ног зонгæ.

Ацы æвирхъау трагедийæ кæд 17 азы рацыд, уæддæр махæй алкæйы зæрдыл дæр лæууы, раст цыма знон уыд, афтæ. Уыцы зæрдæскъуынæн кадртæм  кæсгæйæ, ныр 17 азы фæстæ дæр цæссыгтæ фемæхсынц æнæвгъау. Ау, куыд гæнæн уыд æмæ уыйбæрц суинаг кæстæртæ бабын уыдаиккой, хатт нæм афтæ фæкæсы, цыма ацы æбуалгъы трагеди не ‘рцыд Ирыстоны чысыл сабыр горæт Беслæны, фæлæ сты фантастикон кинонывы кадртæ…   Нæ, ахæм диссаг адæмы зæрдæтæй никуы ферох уыдзæн æмæ нын цæрæнбонтæм уыдзæн риссаг, йæ туг кæмæн мæцы, ахæм хъæдгомы хуызæн…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.