Фæзæгъынц, рæстæг, дам, хъæнтæ гасгæнæг у. Фæлæ 16 азы дæргъы нæ байгас,  2004 азы сентябры фыдызнаджы къухæй ирон Мады зæрдæйы цы кард ныссагъдæуыд, уый хъæдгом, æниу гас нæ, фæлæ абон дæр уыцы Мады зæрдæ кæрдихтæ кæны. Хуыцау мын æй ныббарæт, уыцы хъæддаг сырдты фыдызнаг кæй схуыдтон, уый. Уымæн æмæ йæхи адæймаг чи хоны, уыцы фыдызнаг йæ тыхтæ æнахъом сывæллæттимæ нæ бардзæн, йæ къух нæ фæтасдзæн сывæллоны хъизæмайраджы мардæй амарынмæ. Фæлæ хъæддаг сырдæн та цы уæлдай у, адæймаг æнахъом уа, æви – зæронд, уæддæр æй акъæмс кæна, æрмæстдæр æй уый æндавы.

Сырды йедтæмæ кæй зæрдæ бахастаид, фыццаг хатт фыццаг сентябры фыццаг къласмæ Зонындзинæдты бæрæгбонмæ цингæнгæ цы сывæллæттæ тындзыдтой, уыдонæн сæ бæрæгбон трагикон бонæй раивынмæ. 

Дунейы амынæты сисыны цаутæ бирæ уыд. Уыдонæй бирæтæ трагиконæй фесты, фæлæ дзы Беслæны терактæн абоны онг æмбал нæй. Уый у, æнæхъæн дунейы зæрдæтæ чи базмæлын кодта, ахæм тра-геди, кæцы абон дæр нымад у иууыл æвир-хъаудæр æмæ æгъатырдæрыл.

2004 азы фыццаг сентябры Беслæны  фыццаг скъоламæ ахуырдзаутимæ иумæ æрбацыдысты, фыццаг хатт фыццаг къласмæ чи цыд, уыдоны ныййарджытæ дæр. Семæ ма æрбакодтой скъолайы агъоммæйы кары сывæллæтты дæр, Беслæны  сывæллæтты цæхæрадæттæй цыппар кæй нæ куыстой, уый тыххæй. 

Скъоламæ гæрзифтонг бандиттæ куы бацыдысты, уæд хистæркъласонтæй цасдæрæй алыгъдысты, фæлæ бандиттæ 1100 адæймагæй фылдæр батардтой скъолайы спортзалмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бандиттæ развæлгъау скъолайы сæвæрдтой минæтæ. Амынæттæ æртæ боны дæргъы дойныйæ мардысты, бирæтæ-иу дзы бауадзыг сты, фæлæ бандиттæм нæ хъардта æнахъом сывæллæтты хъизæмар.

Террористтæ сын развæлгъау загътой, зæгъгæ, бандиттæй искæй куы фæцæф кæной, уæд амынæттæй амардзысты 20 адæймаджы, иуы куы амарой, уæд та – 50 адæймаджы, 5 адæймаджы куы амарой, уæд та скъола спырх кæндзысты. Æмæ йæ спырх кодтой… Кæд сæ ничи амард, уæддæр.

Трагедийы кульминаци уыд 3-æм сентябры. 13.04 сахатыл кæрæдзийы фæстæ уыд дыууæ срæмыгъды. Цалдæр минуты фæстæ сывæллæттæ æддæмæ лидзын куы райдыдтой, уæд сæ адæймагхортæ фæстейæ æхсын райдыдтой…

Ацы теракты фæмард 334 адæймаджы, уыдонæй 189 уыдысты, 1 азæй 17 азы онг кæуыл цыд, ахæм сывæллæттæ.

Штурмы рæстæджы Æдасдзинады федералон службæйы хæстонтæй та фæмард 10 адæймаджы.

16 азы бирæ рæстæг нæу, фæлæ æнустæм дæр нæ ферох уыдзæн  Беслæны трагеди, уый ирон дзыллæйы зæрдæты хъæдгомæй  баззайдзæн æнустæм.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.