Цæуынц азтæ, згъоры рæстæг, фæлæ Беслæны стыр трагеди зæрдæйæ нæ рох кæны, уыцы æвирхъау фыдбæллæхы хъæдгом нæ гас кæны. Æмæ никуыдæр байгас уыдзæн, уымæн æмæ йæ мысдзысты рæстагон адæм, уыцы стыр бæллæхы чи бахауд, уыдон рухс нæмттæ зæрдæйæ никуы сæфтдзысты. Уæд, 2004-æм азы Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъоламæ цинæвдылдæй згъордтой скъоладзаутæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ.

Зонындзинæдты боны размæ уыдон сæхи цæттæ кодтой сæ цины бæрæгбоныл аккагæй сæмбæлынмæ. Къаддæр нæ уыдзæн сæ бæрæгбоны цин, нырма фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй чи бакъахдзæф кæндзæн, уыцы сабитæн. Æфсæрмыгæнгæ æрлæудзысты хистæрты раз, ныгъуылдтытæгæнгæ сæ хъус дардзысты, скъолайы бæрæгбон куыд цæудзæн, уымæ. Иннæ ахæм ныййарджыты худгæ цæстæнгас уыдзæн, алчи дæр сæ  йæ рæзгæ хуры райдзаст цæсгоммæ кæсгæйæ уыдзæн хъæлдзæг. Къаддæр нæ уыдзæн сæ райгæ æмæ аудгæ ахаст ахуыргæнджытæн дæр, куыд хуыздæр æмæ мидбылхудтимæ сæм-бæлой бæрæгбонмæ æрбацæуджытыл, ууыл уыдзæн сæ архайд æмæ уыимæ иумæ сæ тыхстдзинад дæр.

Æмæ æрбаллæууыд уыцы бон дæр. Адæм бæрæгбонвæлыстæй æрбацыдысты сæ уарзон скъоламæ, хъуамæ та кадджын уавæры банысан кæной Зонындзинæдты бон. Фæлæ æваст уыцы ирд æмæ райдзаст сæумæрайсом фæтар, сау мигътæ æрæм-бæрзтой скъолайы æмæ бæстæ ныттар. Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ фергъуыйау сты. Нæ зыдтой, сæ уæлхъус кæй æрбал-лæууыд сау знаг æмæ сæ аныхъуырынмæ кæй æрхъавыд. Нæй, нал сын дæтты дзурыны фадат, нал дæр сæ фезмæлын уадзы æмæ бæстæ ныхъхъус. Знаг сæ амынæты систа, цыма исты фыдбылыз сарæзтой, уыйау сын сулæфыны бар нал дæтты. Цæмæн, цæй тыххæй, уый бæрæг нæй, фæлæ знагмæ уыдæттæ нæ хъарынц, адæймаджы рис не нкъарынц æмæ дарддæр кæнынц сæ сырдон митæ. Уыдонмæ нæ хъардта уыцы æнæаххос адæймæгты тухæн, цы хъизæмæрттæ сын æвзарын кодтой, уыдон. Афтæ нæ ахъуыды кодтой, ницыгæнæг, æнæаххос адæймæгтæн цæмæн æвзарын кæнæм ахæм хъизæмæрттæ, цæмæн сæм ныддардтам марæн кард æмæ сын цæй тыххæй цыбыр кæнæм сæ цард.

Æрцыд æвирхъау стыр фыдбæллæх, адæймагады истори уæдмæ кæй нæма зыдта,  ахæм æнамонддзинад. Уыцы тра-геди сынкъуысын кодта æппæт рæстагон адæймæгты зæрдæтæ, сæ тæригъæдæй барызт дуне. Мæлæт ахаста сау знаджы марæн кардæй 334 цардбæллон уды, нал сын бантыст дунейы рухс уынын, сæ бирæ бæллицтæ æмæ хорз фæндтæ сын æрдæгыл фескъуыдта. Цæудзысты азтæ, фæлæ фыдбылызы бахауæг адæймæгты рухс нæмттæ хъуыды кæндзысты æмæ сæ зæр-дыл дардзысты рæстагон адæм.   

Хуыбиаты Никъала                                                                         

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.