«Афтæ схуыдта Плиты Серго йæ ног чиныджы. Фарны къах нæм æрбавæрæд, рæсугъд фæндæгтæ йæ хай. Сергойы тыххæй та зæгъæм; нæ фыдæлтау: «Æрæджиауы хосдзау дæр хосдзау у».

Йæ фыццаг поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Зæрдæйы зæлтæ» мыхуыры рацыд 2020азы. Сергойы ном уæдмæ хъуыстис нæ периодикон мыхуырæй, æмдзæвгæты иумæйаг æмбырдгæндтæй. Абоны-бон та йæ егъау фæллæйттыл нымад цæуынц уæлдæр ранымад чингуытæ. Йæ фыццаг чиныгæй байгом кодта Серго йæ поэтикон къæбицы дуар æмæ нын абон нæ къухмæ радта æндæр, ноджы гуырахстджындæр чиныг, «Уды рыстытæ».

Дуг йæ бон калы, дæ къух дын куы нæ араза, уæд тыхмийæ ми нæй. Поэт Сергойы сфæлдыстадон фæндаг, цы дуджы цæры, уый сæрмагонд бынат ахсы Хуссар Иры царды. Цæдис ныппырх æмæ фашистон Гуырдзыстон Хуссар Иры туджы фæндæгтæм æркодта.

Поэт æппæт дæр уыдта, йæхæдæг сæ уыд хайадисæг æмæ сæ ныр поэтикон æвзагæй хæссы йæ дзыллæйы размæ, ракодта нын йæ уды рыстыты кой. Дуджы аххосæй бафæстиат нæ поэты æвидигæ курдиат. Дуг та уæззау æмæ змæст уыд. Уыцы æрцæуæг хабæрттæм гæсгæ чиныг «Уды рыстытæ»-йы сæйраг фарстытæ сты Фыдыбæстæ, уарзондзинад хи адæммæ.

Къоста — ирон литературæйы гени, уымæй уал райдыдта поэты чиныг. Къостайыл дзургæйæ поэты хъуыды æргом у:

Мæрдтæм дæр дæ уарзæм нæ номдзыд, нæ фæтæг,
Æрвылбонон царды дæ немæ æдзух.

«160азы Къостайы райгуырдыл»

Фæрыст æвзонг поэт Сергойы зæрдæ нæ куырыхон Нафийы мæлæтыл. Банымадта йæ кады лæгыл, номдзыд пехуымпарыл, нæ зонады нæргæ хохыл. Йæ фидар дзырд та у: «Дæ номæн Иры нæй мæлæн».

Поэт ары Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг Путины ном йе мдзæвгæ «В. Путинæн»-ы, рахуыдта йæ хуымæтæг адæмæн номгæнæг, йæ ралæуд та банкъуысын кодта зæххы къори.

Плиты Иссæйыл бирæ загъд æрцыд нæ историйы æмæ нæ литературæйы. Йæхирдыгонау æй нывæнды Серго дæр. Хоны йæ тохы æнæмсæр хæстон, Ирыстоны тохвæдис хъæбултæй иу.

Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, историон зонæдты доктор, профессор, Цыбырты Людвиг банысан кодта йæ райгуырды 90 азы бон. Людвиджы лæггæдтæ йæ адæмæн дардыл сты, абоны-бон нын номы лæг у, куырыхон хистæр æмæ зонадон кусæг у. Æмæ уый абонæй нæу, йæ лæггæдтæ æмæ йын йæ бакæнгæ хъуыддæгтыл йæ хъуыдытæ загъта Серго дæр йе ’мдзæвгæ, «Цыбырты Людвигæн»-ы.

Ирон литературон зиууæттæй кæны Дзугаты Георги æмæ Плиты Грисы кой дæр.

Дзугерæй зæгъы:

Дзæвгар фæллой фæкодтай Ирæн,
Уыдтай нæ кæстæртæн сæ фидæн.
Гæрзифтонгæй лæгау хæцыдтæ,
Ам, Ирæй рохуаты нæ уыдтæ.

«Дзугаты Георгийæн»

Лæгау лæгыл нымайы Плиты Грисы, рахуыдта йæ поэзийы стъалы, Иры куырыхон лæг, тохы йæ дзыллæйы разæй чи цыд, фыдлæгтæн барын чи нæ зыдта, ахæм уæндон æмæ хæстон поэт. Йæ ныхас у:

Нæ Иры куырыхонтæй иу лæг уыдис,
Поэзийы стъалы-Плиты Грис.

«Плиты Грис»

Серго дзæвгар азты кусы нæ университеты, ирон литературæ ссис йæ уарзондæр предмет æмæ йæ амоны студенттæн. Буц æмæ сæрыстыр у, йæ уарзон æмгæрттæй. Се ‘ппæтыл æрдзурыны фадат кæм ис, поэт дзы ракодта цалдæры кой. Уыдон та сты: «Ректорæн» (Тедеты Вадим), Дзиццойты Юра, Плиты Гацыр, Хуыгаты Илья, Остъаты Джулеттæ, Саулохты Тамуся æмæ æнд.

Сæрбахъуыды дуджы æргомæй разынынц куырыхон хистæртæ, цардаразæг фæлтæр, фыдæлты фарн, æгъдау æмæ лæгдзинад кæмæ ис, уыдон.

Ир рагæй фæстæмæ дæр сæ хæрзгæнджыты никуы ферох кодтой, сæ къухы цы уыд, уымæй сыл кады зарджытæ скодтой. Бæлвырд сты абон дæр Чермен, Хазби, Иликъо, Исахъ, Антон, Мæхæмæт, Бега. Ир абон дæр сæрыстыр сты сæ гуыппырсар фæси-вæдæй, фашизмы ныхмæ карз тох кæй самадтой, уымæй. Поэт уыдонæй бирæты кой ракодта, сæ ном абон дæр нæргæйæ хъуысы Хубул æмæ Парпатæн.

Поэтæн æнæкæрон зынаргъ сты йæ адæм, не взаг æмæ æгъдæуттæ, нæ къуылдымтæ æмæ нæ фæзтæ, нæ уæйыг арæзт хæхтæ. Уымæн зæгъы сæрыстырæй:

«Ирыстоны хæхтæ æнустæм лæудзысты.
Ирыстоны суадæттæн байсысæн нæй.
Поэты сæйрагдæр бæллиццтæй иу у Иры хъысмæт. Æргом у йæ ныхас:
„Иры зæххыл цард цы ндидза, уый амонд нæ уæд,
Арвы сæрæй комы дзуæрттæн, ракувæд нын зæд.
Иры риуыл фидар лæууы авд æфцæгæй хох
Махæй, уарзон, раттæг æвзаг никуы уыдзæн рох“.

„Цард æндидзæд“

Ир дзæвгар æнусты дыууæ дихы кæй у, Расул Гамзатовы загъдау, Кавказы сæйраг хохыл рифтæгтау ауыгъдæй кæй лæууы, уый Ирæн царды хос дæттæг никуы уыд. Поэт Сергойы сæйраг сагъæс дæр ууыл у, цæмæй Ир иу Иры ном хæсса, сæ зонд, сæ фæнд, сæ хъару уа иу, уымæн æмæ иу адæмæн ахæм дихдзинад амондхæссæг нæу. Сергойы сæйраг бæллицц у:

Хорз бинонтау Ир куы уаид иу,
Уаз хъуыддæгтæй дзаг куы уаит Ир.

„Арвыбадæг зæд“

„Ир уырысы ныхмæ хæрамхæссæг наци никуы уыдысты“. Уый йæ рæстæджы уæндон æмæ ныфс-джынæй загъта нæ Нæрæмон Къоста. Ир уыцы зондыл лæуд æмæ хæст сты абоны-бон дæр. Стыр Уырысы хæрзиуджытыл хъуыдыгæнгæйæ, поэты ахсджиаг бæллицц æмæ фæндон у ахæм:

Мах хъуамæ иу зæрдæйæ иумæ,
Цæгатимæ фæрнæй цæрæм».

«Уырыс æмæ Цæгатимæ»

Поэт Сергойы поэзийы бирæ уарзон ныхæстæ æрцыд загъд ныййарджытыл. Йæ фыды тыххæй афтæ зæгъы:

«Мæ бон дын куы бауид царды,
Дæ лæггæдтæй фидын чысыл.

«Мæ фыдæн»

Сывæллæттæ сты царды дидинджытæ, хæдзары фидауц. Поэт Сергойы поэзийы аккаг бынат лæвæрд æрцыд сабитæн. Цæстуарзонæй зæгъы:

Уарзын кæстæртæн лæггад,
Хистæртæн цыт кæнын.

Фæсивæды цард, се змæлд, сæ уарзондзинады фæндæгтæ аккаг бынат æрцахстой поэт Сергойы поэзийы. Йе мдзæвгæ «Зæрдæйы сагъæс»-ы лирикон хъайтар ныхас кæны йæ уарзон чызгимæ:

Æз хурау райдзынæн дæ цинæй,
Æз мæйау калдзынæн цæхæр,
Æрмæст мыл макуы разил хинæй,
Фæлтау æргомæй мæн æфхæр.

Плиты Сергойы поэтикон чиныг «Уды рыстытæ» æмбæлон æмæ уæзгæ хуын у нæ поэзийы къæбицæн. Дзæвгар сты чиныджы, поэт рæгъмæ цы фарстытæ рахаста, уыдон. Алы фарст дæр дзы-цардæй ист, ахъуыдыйы аккаг, рæгъмæ рахæссинаг. Автор хъуыдыты суадæттæ цæуынц йæ зæрдæйы бынæй, чи зоны чиныгыл хуыздæр сфидыдтаит сæр «Зæрдæйы сагъæстæ». Уый зæгъын уымæн æмæ поэтæн йæ зæрдæйы хæлбурцъ кæнынц йæ сагъæстæ Иры абон æмæ Иры сомбоныл.

Ныр нæ бæстонæй бауырныдта, поэт йæ хосгæрст кæй нал ныууадздзæн, йæ хуынтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæндзысты.

Сæдæйы сæр фæуæд ацы чиныг. Йæ кæсджытæ фылдæрæй-фылдæр цы кæной, уый бæрц амонд та уæд не ’ппæты.

Хъæууон авдæны схъомыл Серго æмæ йын уый абоны бон фадат дæтты йæ адæмы царды вазыгджын къуымтæм ныккæсынæн. Æгъдау, Фарн, æвзаг-царды рахæцæнтæ сты. Серго сæ ифтонг у æмæ нын уый уæлдай æхцондзинад дæтты ацы чиныг кæсгæйæ.

Кæронбæттæны зæгъын: чиныг у, зæрдæбынæй цæуыл бацин кæнæм, ахæм хуын.

 

Плиты Гацыр, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат