Ирон монографийы библиотекæйы фæлгæтты мыхуыры рацыд фыссæг, æхсæнадон архайæг, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны чиныг «Поэзийы суадон». Хъазийы фырт йæ монографийы равдыста зынгæ ирон поэт Хъодзаты Æхсары цард æмæ сфæлдыстад.  Бындуронæй дзы анализ кæны курдиатджын поэт, прозаик, литературон критик, тæлмацгæнæджы сфæлдыстадæн.

Чиныг конд у дæс сæргондæй. Разныхасы автор фыссы: «Ирон нывæфтыд дзырды дæсны Хъодзаты Æхсар йæ ныхыфыст гуырдзæй рахаста. Йе ‘мцегсисон Дзуццаты Хадзы-Мурат уымæн загъта: «Поэты редко посещают этот мир и, по моему убеждению, один из них – Ахсар Кодзати». Уыимæ, царды йæ сæйраг нысаныл фæхæст рæстæгыл – йе ‘взонджы бонты: «Нæ, æз æнцойдзинад нæ курын, Мæнæн мæ фæндаг у æндæр». Поэты уыцы «æндæр фæндаг» æвæлтæрд адæймаг дæр фæхатдзæнис уайтагъд, йе сфæлдыстадмæ йын йæ хъус куыддæр æрдара, афтæ.

… Ирон фысджытæ аивгъуыйгæ дæсгай азты цы тугкалæн дудгæбæттæ æвзæрстой, уымæ æнæкæсгæйæ, Æхсары фæндыд йæ зæлланг хъæлæсы дзаг ныццæлхъ кæнын. Æмæ йæм кæд алырдыгæй сусæг-æргомæй уыдис зулцæстæй кæсджытæ, æфхæрджытæ, уæддæр поэтæй чи райгуырд, уый йæхион кодта. Æмæ Хъодзайы фырт нæ риссаг фарстытыл дзырдта æхсарджынæй. Ирыстон нæ урссæр хæхты аххосæй рагæй фæстæмæ дыууæ дихы кæй у, фыдлæгты аххосæй нын баиу кæнын кæй не ‘нтысы, уый тыххæй Гафезы æмдзæвгæйæ йæ уацмысæн эпиграф – «О дыууæ Иры, хъауджыдæр уæ нæй», уымæн скодта æмæ ныдздзынæзта:

Мæ иу цонг ам ис, иннæ та – Цæгаты.

Дыууæ Иры, мæ сау дыууæ цæсты,

æнæ сымах æз абон рухс нæ хатын,

æнæ сымах мын амонд нæй бæстыл…

«Æнæрцæф æмæ дзырдхъом»-ы сæргонды Хъазиты Мелитон фыссы: Æхсар йе ‘цæг царды райдианы скарста йе сфæлдыстады фæндаджы хæтæнтæ. Царды кадагур, мулкагур, бынатагур никуы цыд. «Ахсар – уже с давних пор общепризнанный в Осетии поэт, думаю, лучший ее лирик, живой классик», – зæгъы Михаил Синельников. Æхсар йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы æвзонджы бонтæй фæстæмæ йæ ныййарæг мадау кæй уарзы, уый тыххæй сын ныллæууыд барвæндонæй лæггадгæнæг. Йе сфæлдыстады фæндаджы тæккæ райдианы фæлгонцон хъуыдыйæ загъта йæ равзаргæ балцы тыххæй:

Иры зæххæн райгуырдтæн фыртæн,

Уарзын æз ныййарæгау нæ бæстæ    

Æмæ-иу мæ ингæныл цыртæн

Сæвæрут цъæх айнæг дур æрмæстдæр.

Царды кæд нæ баззайдзæн мæ фæд,

Кæд мæ зарæг зæрдæтæм нæ хъардзæн,

Уадз, уæддæр мæ дурын цырт лæууæд,

Искуы йыл фæллад бæлццон æрбаддзæн!».

Æхсар нæ поэзийы тырыса дæлæмæ никуы æруагъта. Æгады хъуыддаг никуы уыд йæ туджы. Поэты зæрдæйы æнустæм мысинагæй баззадысты, йæ сабибонты цы диссаджы нывтæ федта, уыдон. Уæрдон ын у къæскъæсгæнаг, цæлхытæ – тæссарвад, бæлæстæ – дæргъæлвæс, æрхытæ – къæвдахæрд… 1959 азы Цæгат Ирыстоны æвзонг поэттæн паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ир» цы иумæйаг æмбырдгонд рауагъта, уый райдыдта Хъодзаты Æхсары уацмыстæй. Уæдмæ дæр поэзийыл цæрддзу чи кодта, уыдонæн зындгонд уыдис æвзонг поэты ном. Фæлæ йын уыйбæрц æмдзæвгæтæ иумæ никуыма бакастысты, – æнæхъæн  16 æмдзæвгæйы. Æмæ æвзонг поэты ном уайтагъд айхъуыст чиныгкæсæг дзыллæйы хсæн.

Йæ чингуытæ мыхуыр цыдысты кæрæдзийы фæдыл – «Æрыгон фæлтæр» (1959),  йе ‘мдзæвгæты чиныг «Æхсар» (1965),  уацау «Ныббар мын, Дзерассæ» (1967), «Абеты куывд» (1968), «Адæмы хъæр» (1969), «Сау æхсон» (1973), «Удæвдз» (1978), «Рухс» (1987), «Къостайы хæдзар» (1991), «Хуыцауы бон» (1998), «Зынджы бардуаг» (2003), «Бындзæфхад» (2007), «Дымгæ æмæ зыгуымдон» (2011) æмæ æндæртæ. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй йын мыхуыры цыдысты суанг зынгæ газеттæ «Литературная газета» æмæ «Литературная Россия»-йы, журналтæ «Дон», «Дружба народов» æмæ мыхуыры æндæр зынгæ фæрæзты. Сæ хъус æм æрдардтой Мæскуыйы рауагъдæдтæ, ныммыхуыр ын кодтой йæ чингуытæ: «Тень орла» (1969), «Яблоко нартов» (1974), «Катится арба навстречу дню» (1981), «Кремень» (1985)… Уыдонæй дарддæр ын тынг бирæ уацмыстæ тæлмац æмæ мыхуыр æрцыдысты æндæр адæмты æвзæгтыл дæр.

1966 азы йæ айстой ССР Цæдисы Фысджыты цæдисмæ. Æвзонг поэты курдиатыл суанг йæ цæст æрæвæрдта зынгæ æмæ фæлтæрд фыссæг æмæ литературæиртасæг Джусойты Нафи. Фæлтæрд критик Нафийы зæрдæмæ фæцыд, поэты æмдзæвгæты тæвд туг кæй фыхт, фæйнæрдæм цæвæнтæ кæй кодта, лирикон хъайтар ныллæгæй бæрзондмæ схизыныл кæй хъардта йæ уд æмæ уыцы нысан йæ къухты кæй æфтыд. Йæ уац, поэты фидæныл хъуыдыгæнгæйæ, уымæн рахуыдта нæргæ номæй – «Æхсарджын сагъæстæ». Царды бирæ ныхдурты сæрты хизгæйæ, поэт ссис журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор. Ныры дуджы, уæлдайдæр, фæлурс, æнæуд журналты ‘хсæн «Мах дуг»-æй Хъодзаты Æхсар цы сарæзта, уый тыххæй цæвиттонæн æрхæссæм филологон зондæты доктор Гæбæраты Никъалайы хъуыды: … «Мах дуг», Хуыцауæн арфæ, къæссавæлдæхт фæци хорзæрдæм. Адæм æй кæрæдзи къухæй раскъæф-баскъæф кæнынц, æппæлынц кæрæдзийæн: «Мæнæ-ма æркæс, цы диссæгтæ дзы ис!..». Ахæм хæдæгъдау журналы исты ныммыхуыр кæнын алкæмæн дæр ном у».

Хъодзаты Æхсар сæйраджы-сæйраг у поэт. Æцæг поэт. Æмæ, куыд стыр зæрдæйы хицау, куыд Ирыстоны æнувыд хъæбул æмæ ирондзинадыл тохгæнæг, афтæ йын уыцы миниуджытæ агурын хъæуы йе сфæлдыстады, уæлдайдæр йæ поэзийы.  Мах, ирон адæм, сæрыстыр хъуамæ уæм, Хъодзаты Æхсары хуызæн фысджытæ нæм кæй уыдис æмæ ис, уымæй, – фыссы чиныджы кæрон Хъазитты Мелитон.

Хъазийы фырт гуырахстджын куыст бакодта Хъодзаты Æхсары сфæлдыстад ирдæй равдисыныл, анализ ын саразыныл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Монографи фысгæйæ, спайда кодта дæсгай зынгæ ахуыргæндты æмæ фысджыты куыстытæ æмæ литературæйæ. Æмæ æппæт уыдон сахуыр кæнын та бынтон æнцон кæй нæу, уый æмбæрстгонд у. Стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Хъазиты Мелитонæн. Уадз, фылдæр ын бантысæд, уæлдæфы хуызæн ын чи ссис, уыцы сфæлдыстады.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.