Ирон поэзимæ ног хуынхӕссӕг кӕй фӕзынд, уый тӕхудыйаджы хъуыддаг у. Уыцы хуындзауы къух абон мах исӕм зӕрдӕрайӕ ӕмӕ ныфсджынӕй, уымӕн ӕмӕ йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырд-гонд «Зарӕджы зӕлтӕ» (2020) махӕн фидар ныфс дӕттынц, йӕ автор Плиты Серго дарддӕр ӕвӕллайгӕ куыст кӕй кӕндзӕн, йӕ хуынты нымӕц та азгай кӕй рӕздзӕн.

Серго йӕ чиныджы разныхасы цыбыртӕй зӕгъы, поэтикон фӕлварӕнтӕ кӕй рай-дыдта скъолайы.

Сергойӕн йӕ райгуырӕн хъӕу у Чирцъина (Цхинвалы р-н), уым райгуырд 1963 азы, уым арвыста йӕ сабион бонтӕ. Астӕуккаг скъола каст фӕцис Куртайы хъӕуы, 1985 азы та ссис пединституты студент.

Бирӕ алыгъуызон бынӕтты фӕкуыста Серго, абон та йӕ сӕйраг куыст у ӕрыгон фӕлтӕры хъомыл кӕнын, у университеты ирон литературӕйы кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг, кӕсы лекцитӕ ирон литературӕйы зиууӕтты цард ӕмӕ сфӕлдыстадон бынты фӕдыл.

Чъирцъинайаг лӕппу ӕвзонгӕй бауарзта йӕ мадӕлон ӕвзаг, нӕ хъӕзныг фольклор, Къостайы ӕмӕ уый фӕдонты. Йӕхи базонынӕй фӕстӕмӕ у сӕрыстыр, ирон кӕй у, уымӕй.

Зӕгъгӕ дӕр ӕй афтӕ кӕны:

«Мӕлон ӕви гас уон – сӕрыстыр уыдзынӕн,

Ӕрмӕстдӕр кӕй райгуырдтӕн Иры зӕххыл.»

Ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Зарӕджы зӕлтӕ» – мӕ цы 230 ӕмдзӕвгӕйы ӕрцыд хаст, уыдоны тематикӕ алыгъуызон у. Цы рӕстӕджытыл дзуры, уыцы бонтӕ алыгъуызӕттӕ сты ӕмӕ уыдысты: кӕм ӕнкъард, ӕрхӕндӕг, кӕм тохы бонтӕ, кӕм та ӕхсар ӕмӕ лӕгдзинад ӕвдисӕг замантӕ, кӕм та фарн ӕмӕ амонды рӕстӕджытӕ. Цыфӕнды дуджы дӕр хъуамӕ зарӕг цӕра ӕмӕ зӕла, афтӕ йӕ зӕгъы поэт йӕхӕдӕг дӕр: «Поэзи у зӕрдӕйы бындур, зарӕг куы банымӕг уа, уӕд цард дӕр йемӕ банымӕг вӕй-йы».

Автор стыр хӕстӕ ӕвӕры йӕ разы, стæй алы ӕмбӕстаджы раз дӕр, йӕхи ирон чи хоны, уыдон раз, йе ‘мдзӕвгӕ «Алайнаг кодексы бындур»-ыл. Аланты ном бӕрзонд сисгӕйӕ, поэт фӕдзӕхсы алы ироны дӕр: дӕхи хон ирон, уарз дӕ наци, зон дӕ мыггаджы равзӕрд, зон дӕ мадӕлон ӕвзаг, уӕд дӕм кӕддӕриддӕр уӕздандзинад, ӕгъдау-джынӕй фынгыл бад, хӕлардзинады тӕгтӕ тау, сылгоймаджы номӕн табу кӕн, рӕвдау сабиты – кӕстӕрты:

«Дӕ фыды уӕзӕг макуы фӕкӕн рох,

Кӕмфӕнды уӕвгӕ, ам ӕви фӕсхох.

Ныййарджытӕн аккаг  хъӕбулӕй рӕз,

Ирыстонӕн сӕрхъызой фыртӕн бӕзз!».

Абоны цардӕй цӕрӕн нӕй, лӕг йӕ фидӕныл хъуыды кӕны. Сергойы поэзийы уый ӕргомӕй зыны. Йе ‘мдзӕвгӕтӕ: “Нӕ фидӕн”, “Фӕнды мӕ Ирыл удӕнцойӕ зарын», «Мӕ фӕллой», «Мӕ хъуыдытӕ Ирыл» ӕмӕ ӕндæрты, поэты сагъӕс у йӕ дзыллӕйы сомбоныл, сӕ царды фӕндӕгтыл, сӕ дарддӕры царды бӕллицтыл.

 «Мӕ хъӕр дӕм фехъуысӕд ирон лӕг,

Мӕ хъӕр фӕдисы уад кӕны.

Ныффыссӕм сомбонӕн йӕ бонӕг,

Мӕ зӕрдӕ мын йӕ маст хӕры».

Серго рӕхсы йӕ дуджы цаутӕн аргъ кӕнынмӕ, сӕрыстыр у Ирыстоны царды зиууӕттӕй ӕмӕ сын сӕ удыхъӕд, сӕ лӕггӕдты тыххӕй арфӕ кӕны. «Сарӕзта зонады диссӕгтӕ сонт удӕй» – зӕгъы Васойӕ; «Ӕвзаджы ды ныууагътай арф фӕд» – дзуры Гӕбӕраты Никъалайӕ; «Ӕнувыд сӕрхъы-зой, лӕггадхъом фыдызӕххӕн артдзӕстӕн разынд»- зӕгъы Гӕбӕраты Сосланӕй. Фы-дӕлгъыстӕй фӕстæ ницыуал ныууагъта Серго, иууылдӕр сӕ схай кодта Джыгкайты Шамилы марӕгӕн. Ӕлборты Х.У.- ӕй та зӕгъы: «Алайнаг туг ирон дзыллӕйы хъарыс, Рӕстдзинадӕн нывонд кӕныс дӕ цард». Мысы Дзуццаты Х.-М.-ы ӕмӕ дзы зӕгъы: «Ды – нӕ истори, ды – нӕ цыртдзӕвӕн».

Ракодта поэт Нафийы кой ӕмӕ дзы зӕгъы: «Ды дӕ ӕрдзон лӕвар нӕ Ирӕн, нӕ раздзог, зонады цырагъ!» ӕмӕ «Дӕхи къуыдайраг зӕронд ма хон, ды махӕн никуы дӕ зӕронд!» Нафийы адзалы бон та зӕрдӕрыстӕй зӕгъы: «Фӕллӕйттӕ фӕкодта ӕфсымӕртӕ, хотӕн, Ир зондзӕн ӕнустӕм сӕрхъызой лӕджы».

Нӕу рох Сергойӕ нӕ номы лӕг, куырыхон Къоста  ӕмӕ дзы сӕрбӕрзондӕй зӕгъы:

«Ирӕн кӕй райгуырдис номдзыд Къоста,

Уый нын нӕ кадыл схӕцыд бӕрзонд.

Ирӕн йӕ ивгъуыд, йӕ фидӕн фыста,

У нын цӕвиттойнаг абон йӕ зонд!».

Серго масты цæхæртæ ныккалдта сау хъулгъайыл, ирон карз æлгъыст æвдисæн у дугæн дæр æмæ поэты зæрдæйы уагæн дæр:

«Ды сабимар, удхор,

Лæджы фыдæй путхор,

Дæ рахиз цонг бахуыскъ уæд тагъд.

Нæ хъæбул куыд фæрыст,

Ды баййаф фыддæр рыст,

Дæ цæуæт æрбауæнт бындзагъд».

Мӕнгард сыхӕгтӕ та Ирӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой 1920 аз. Ныллӕууыд ноджы ӕгъатырдӕр геноциды рӕстӕг. Сӕфы та рӕстӕй Хуссар Ир, нӕ фӕдисы хъӕр никӕдӕм уал хъуыст. Поэт Серго уыдта йӕхи цӕстӕй ӕппӕт дӕр, уыд хӕсты артдзӕсты йӕхӕдӕг, кӕсы йӕ адӕмы уавӕрмӕ ӕмӕ фӕдисы хъӕргӕнӕгау зӕгъы:

«Рӕстдзинад нӕм хӕстӕг нӕ цӕуы, бынтон нын нал хъусы нӕ хъӕр,

Хуыцау!-Рӕстӕгыл ма нӕ бахиз, зындоны басыгъди нӕ сӕр.

Мӕнгарддзинад! – ды та нӕ рыстӕй рӕхджы бон авд дӕлдзӕх ныххау,

Ӕмӕ нӕ тӕригъӕдӕй саныр, фӕрчытӕ алырдӕм фӕхау!..».

Нӕ царды дӕр ӕмӕ Сергойы поэзийы дӕр ацы дуджы ӕбуалгъы нывтӕ егъау бынат ӕрцахстой.

Йе ‘мдзӕвгӕтӕ : «Дзабиты Геннадийӕн», «Ирон туг ӕхсысти йӕ уӕнгты», «Мӕнӕ та ногӕй», «Сау зӕхх туг пырхӕнтӕй басырх», «Тугуарӕн ӕнӕвгъау тохы сау зӕхх» ӕмӕ ӕндæртæ зӕрдӕмӕ арфхъарӕг дзырдтӕй ӕвдыст ӕрцыдысты нӕ фӕсивӕды тохы фӕндӕгтӕ, тугкалд ӕмӕ хъизӕмайраг бонтӕ, мӕдты хъарӕг ӕмӕ лӕгбирӕгъты ӕбу-алгъ митӕ, ироны тугӕй дойны кӕмӕн уыд, уыцы хъӕддаг лӕгсырдтӕ. Уынӕм дзы уый дӕр, ирон йӕ сӕр лӕвар нӕ ратдзӕн, ирон зоны мӕлын дӕр куыд хъӕуы ӕмӕ знагимӕ куыд дзурын хъӕуы, уыдӕтты. Йӕ цард ӕнӕвгъауӕй чи радта, уыдон ӕрттиваг цыр-тыты аккаг сты, ахӕм у поэты хъуыды дӕр.

Дуг йӕ бон калы, цынӕгъуызон бӕллӕхтӕ дзы вӕййы. Сӕрбахъуыды бон – иутӕ тохы быдырмӕ, иннӕтӕ – къӕбицмӕ, разыны хи уды сӕраппонд уӕйгӕнджытӕ дӕр. Уыдта сӕ поэт ӕмӕ сыл худинаджы гакк сӕвӕрдта йе ‘мдзӕвгӕ “Иры уӕйгӕнӕг”-ы. Зӕгъы йын:

«Макуы дын батайӕд Иры тӕригъӕдтӕ,

Макуы дыл ракӕсӕд хурбон.

Бахордтай, бахсыдтай Иры æд  уидӕгтӕ,

Знагӕй скодтай ӕмхъузон».

Серго арӕхстджын разынд ӕппӕлыны хъуыддаджы дӕр. Дзӕвгар у сӕ нымӕц ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕн, поэт ӕрыгон фӕлтӕры рӕсугъд, ӕнӕхин удыгъӕд кӕм ӕвдисы. Уыцы ӕмдзӕвгӕтӕ сты: «Ӕз уарзын дӕу», «Ӕнӕ дӕу», «Айс мын мӕ зӕрдӕ лӕварӕн», «Ард бахӕрин уарзтӕй», «Дӕ фендӕй басӕтты мӕ дойны», «Дӕ уды ӕххуырсты фӕцӕрин», «Ды мӕ сонт уды ӕрдхӕрӕн», «Зӕрдӕ дзыназы» ӕмӕ ӕнд.

Бирӕ ис дзурӕн поэты интимон лирикӕйыл, ӕрмӕст цыбыртӕй зӕгъӕн ис, йе стыр сагъӕсты ӕлхынцъы дуарӕн сӕ дӕгъӕл у поэтӕн йӕхи дзуапп:

«Уарзт ӕфхӕры, уарзт рӕвдауы, уарзын алкӕй дӕр фӕнды, Уарзын-царды хос зӕрдӕйӕн, удӕн уарзоны фӕндыр.

Уый куынӕ цӕуа ӕмгӕрон, рохуаты дзы ды куы уай,

Уӕд ӕрхӕндӕг вӕййы зӕрдӕ, цасфӕнды дӕ цардыл рай».

Сергойы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгондыл бирӕ фӕдзурӕн ис, уымӕн ӕмӕ бирӕ зӕгъинӕгтӕ хӕссы рӕгъмӕ.

Йӕ сабион бонтӕй фӕстӕмӕ йӕ ирон ӕвзаг у йӕ уд, йӕ дзӕцц ӕмӕ йӕ зӕгъгӕ дӕр афтӕ кӕны:

«Ӕвзаг у кӕстӕртӕн сӕ фидӕн,

Фыдӕлтӕй сомбонмӕ фӕндаг!

Цы лӕг дӕн ӕз, а – зӕххыл ӕз чи дӕн?

Куы нал зонон ирон ӕвзаг!..».

Алы ирон лӕг дӕр йӕхимӕ ахӕм фарст куы дӕттид, уӕд фӕдисы хъӕр нӕ кӕниккам, не ‘взаг мӕлы, зӕгъгӕ. Уӕд ирон ӕвзаг (дунейыл- нӕргӕ ӕвзаг) удисӕг мӕрдты къордмӕ на бахаудаид.

Ӕвзаджы алцы рахонӕн дӕр ис, фӕлӕ дзы сӕйраг у, ӕвзаг – нацийы дарӕг. Нартӕ, Алантӕ, Къоста, Секъа, Арсен, Нигер, Къубалты Алыксандр ӕмӕ ӕнд. Цы ‘взаджы хаттыл дзырдтой, уый хуымӕтӕг нӕу ӕмӕ йыл нӕхицӕй ӕдтӕмӕ кӕй ӕнцайӕм, ууыл у Сергойы сагъӕс. Уыцы сагъӕс та мах бамбардзыстӕм уӕд, куы бакӕсӕм поэты ӕм-дзӕвгӕтӕ: «Нацийы ӕвзаг», «Не ‘взаг», «Наци ӕвзагӕй наци у» ӕмӕ ӕнд.

Мӕ цыбыр уацы кӕрон мӕ зӕгъын фӕнды: стыр цинимӕ арфӕ кӕнын нӕ нӕуӕг литературон хосдзауӕн. Гайтма йӕ цӕвӕгимӕ уӕндонӕй ӕрлӕууыд литературон фӕтӕны. Сергойӕн абоны – бон йӕ къухы ис фарастӕм номыры цӕвӕг ӕмӕ йӕ рӕхджы дыууадӕсӕмӕй цы раива, уый йын уарзы нӕ цӕст.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.