Ахӕм ӕрвылбон арфӕ йе ‘взаджы цъуппыл дардта зынгӕ ирон поэт, драматург, тӕлмацгӕнӕг, Ирыстоны адӕмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, арӕхстджын ӕхсӕнадон кусӕг, театралон аивады сгуыхт архайӕг, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг, дзӕвгар ордентӕ ӕмӕ майданты хицау, йӕ ном «Авд цухъхъайӕ» ӕмӕ «Чермен»-ӕй кӕмӕн ныхъхъӕр, уыцы Плиты Грис.

Грис гуыргӕ Ручъы ракодта 1913 азы, йӕ царды бонтӕ та Цӕгат Иры арвыста. Уым ӕрцыд ныгӕд 1999 азы.

1929-1930 азты ирон литературӕмӕ цы курдиатджын фӕлтӕр ӕрбацыд, уыдоны сӕрӕндӕртӕй иу уыд номдзыд Плиты Грис.

Зын царды фӕндӕгтыл рацыд Грис, цытӕ бавзӕрста йӕ сабион бонтӕй йӕ амӕлӕтмӕ, йӕ егъау ӕхсӕнадон куысты ӕмрӕнхъ цы литературон къӕбиц сарӕзта, уыдӕттӕ ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл фыст ӕрцыд чиныг «Плиты Грис», зӕгъгӕ, кӕцы мыхуыры рацыд æрæджы. Йӕ автор у нӕ университеты профессор, ирон литературӕйы историйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Плиты Гацыр.

Зӕгъын уал хъӕуы уый, ӕмӕ Грисы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл бирӕ загъдæуыд йӕ юбилейон азты, стӕй уӕд театралон критикӕйы дӕр.

Грисы сфӕлдыстад уӕрӕх ӕмӕ вазыгджын у. Гацыр хорз зонгӕ уыд Грисимӕ, сӕ хӕдзары бинонтимӕ Ручъы дӕр, Дзӕуджыхъӕуы дӕр. Уый та авторӕн фадат радта, цӕмӕй Грисы цард ӕмӕ йе сфӕлдыстадон фӕндӕгтӕ рӕгъмӕ рахастаид.

Хъыг ӕмӕ мӕстаг у, Грис цы хъӕрмуд, рӕгъыдзыд бинонтӕ скодта, уыдонӕй гас кӕй ничиуал ис, уыцы хъуыддаг.

Плиты Гацыры чиныг «Плиты Грис» чи бакӕса, уыдон бамбардзысты, Грисы хӕдзарвӕндаг Ирыстоны культурон фронты хъазуатон зиууӕттӕ кӕй уыдысты, уый.

Чиныг йӕ гуырахстмӕ гӕсгӕ тынг егъау нӕу, фӕлӕ дзы цы ӕрмӕджытӕ ис, цы сӕртӕй конд у, уыдон хъӕздыг ӕмӕ вазыгджын сты, Грисы цард ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаг чи ахуыр кӕна, уыдонӕн та — хъӕуаг ӕрмӕг.

Грисы бынат ирон литературӕйы историйы егъау у. Йӕ поэзийы мотивтӕ, йӕ диссаджы поэмӕтӕ, Грис ӕмӕ сабитӕ, йӕ драматурги, Къостайы фӕлгондз дзурӕг сты канд Грисы бакӕнгӕ хъуыддӕгтыл нӕ, фӕлӕ ирон литературӕйы истори ӕмӕ нӕ театры историйыл дӕр.

Кӕуылты у Грисы хайбавӕрд ирон театрты репертуартӕ фӕхъӕздыгдӕр кӕныны хъуыддаджы, канд йӕ фыст пьесӕтӕй нӕ, фӕлӕ ма тӕлмацгонд пьесӕтӕй дӕр.

Зӕрдӕрухсгӕнӕн хъуыдытӕ загъта Грис йе ’мзиууӕтты тыххӕй йӕ царды бонты. Уыдон та уыдысты Нафи, Дзугаты Георги, Гафез, Бестауты Гиуæрги, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Шамиль ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Уыдон чи бакӕса, уый бамбардзӕн бӕстон, Грис ирон литературӕ аразджытӕй кӕй уыдис сӕрбӕрзонд.

Чиныджы ис ахӕм сӕр: «Грисы тыххӕй загътой», зӕгъгӕ.

Уыцы ныхӕстӕй та бӕрӕг у, Грис ӕрмӕст йӕ адӕмы Грис нӕу, Грис кӕй ахызт Ирыстоны арӕнтӕй, Грис йӕ царды бонты кӕй уыд хӕлардзинӕдты хидтӕ аразӕг Кавказы нациты ’хсӕн дӕр ӕмӕ йӕ стыр Цӕдисон Республикӕты ’хсӕн дӕр.

Йӕ рӕстӕджы йӕ уӕндонӕй загъта Ардасенты Хадзыбатыр: «Своими поэтическими сборниками и драматургическими произведениями, своими переводами произведений русской и мировой классики, советских поэтов Г. Плиев снискал любовь и уважение осетинского народа. Его имя как поэта и драматурга широко известно за пределами нашей Республики. У него много друзей среди писателей Кабардино-Балкарии, Чечено-Ингушетии, Дагестана и Абхазии, Москвы и Тбилиси».

Грис йӕ ахӕмы цардыл цытӕ фӕфыста поэзи ӕмӕ драматургийы фадыджы, уыдоны бӕлвыр-дӕй зыны, кӕй уыд йӕ дзыллӕйы ӕнувыд хъӕбул, йӕ Иры размӕгӕнӕг. Афтӕ йӕ зӕгъы чиныджы автор Гацыр дӕр: «Грис йӕ лӕппуйы бонтӕй йӕ зӕронды бонтӕм уыдис нӕ адӕмы царды ахсджиагдӕр фӕдисонтӕй иу. Йӕ адӕмы царды хъӕздыг ӕвӕрӕнты къӕбицтӕ кӕд исчи зыдта, уӕд уыдонӕй иу уыдис Грис».

Плиты Гацыр йӕ куыстыты арӕх хӕссы цӕвиттонтӕ Нафийӕ. Уыцы цӕвиттонты бӕлвырдӕй зыны, нӕ литературон зиууӕттӕ кӕрӕдзи кӕй ӕмбӕрстой, кӕрӕдзи сфӕлдыстадтӕн куырыхон аргъ кӕй кодтой. Ӕрмӕст Нафи иу ран афтӕ кӕй загъта: «Грис иууыл фылдӕр кӕй уарзта, уый уыд йӕ ныййарӕг дзыллӕ. Иууыл фылдӕр цӕмӕй ӕфсӕрмы кодта уый — йӕ дзыллӕйы ном! Йӕ райстбавӕрд сомыгӕнӕн дӕр уыдысты Ир ӕмӕ Ирыстон». Уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕвдисӕн у Грисы удыхъӕдӕн, йе сфӕлдыстады хъӕздыг къӕбицӕн.

Плийы фырт бӕстон ӕмӕ арф ныхъхъуыды кодта Грисы поэзийы ахсджиаг фарстытыл. Иры къуымты царды уаг Грис фагӕй кӕй зыдта, рӕгъмӕ рахӕссын сӕ куыд бафӕрӕзта, уыдӕттӕ бӕлвырдӕй зынынц Гацыры чиныджы.

Грисы сфӕлдыстады иууыл егъаудӕр фарст у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты темӕ. Поэт хӕсты тугӕйдзаг фæндæгтыл йӕ райдианӕй кӕронмӕ, суанг Берлинмӕ куыд фӕцыд. Уыдӕт-тыл бӕстон ныхас цӕуы, цы чиныджы кой кӕнӕм, уым.

Хӕстмӕ цӕугӕйӕ, карзӕй ӕлгъыста, фыццаг хатт хӕст чи ӕрымысыд, уыдоны…

Чиныджы бӕстон ныхас цӕуы Грисы пьесӕтыл.

Фаг ныхас ӕрцыд ууыл дӕр, Грис кӕй уыд тӕлмац кӕнынмӕ иттæг арӕхстджын. Нырма уал автор банысан кодта уый, Грис В. Шекспиры кӕй сдзурын кодта иронау, ӕмбӕлон ныхас ӕрцыд куысты, уый канд Шекспиры тӕлмацгӕнӕг нӕ уыд, иронмӕ хӕрзгъӕд сты Пушкинӕй, Лермонтовӕй, Мольерӕй, Шиллерӕй, Къостайӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр.

Тӕлмацы фадыджы дӕр Грис нӕртон хосдзау кӕй уыд, уый йӕ рӕстӕджы банысан кодта Нафи… «тӕлмӕцтыл кӕрӕйкӕронмӕ зыны аив дзырды дӕсныйы ӕрмдзӕф, зӕрингуырды лыстӕг куыст».

Чиныджы автор Грисы сфӕлдыстады рахицӕн кодта ахӕм фарст дӕр: «Плиты Грис — сабиты уарзон фыссӕг». Ӕмбӕлон хъуыдытӕ ӕрцыд загъд ацы темӕйы дӕр. Бӕлвырдӕй зыны, поэт сабиты зӕрдӕтӕм фӕндаг арын кӕй зыдта, кӕй сӕ хуыдта царды дидинджытӕ.

Уӕлдӕр загътон, ацы чиныг чи бакӕса, уый базондзӕн ӕмӕ бамбардзӕн Грисы царды фӕндӕгтӕ, йӕ бирӕ тухитӕ, базондзӕн, Грис ӕнӕрӕгъдзыд «критикты» ӕрхъулайы куыд бахауд, йе сафыныл куыд архайдтой, куыд калдтой цъыф йӕ хӕстон поэзийыл, йӕ пьесӕтыл, куыд сыл ӕхгӕдтой дуӕрттӕ. Чиныджы ӕмбӕлон уавӕрты ӕрцыд ныхас, Грис дӕр бынтон иунӕг кæй нӕ уыд, йӕ рӕстдзинад ын чи ӕмбӕрста, уыдоны нымӕц дӕр цъус кӕй нӕ уыд, Нафи, Шамил ӕмӕ Цӕрукъаты Алыксандрӕй райдайгӕйӕ.

Куысты бӕстон ныхас ӕрцыд, Грис ӕнӕрцӕф кӕй уыд, бирæ азты цардис ӕгуыстӕй, фӕлӕ искӕмӕ куыстагур никуы бацыд. Цӕлхдурӕвӕрджытӕн иунӕгӕй дӕр фаг кодта, цы аккаг уыдысты, дзырдта сӕм ахӕм нӕмттӕй. Кӕддӕриддӕр йӕ тохы уӕлахизы тырыса йӕ къухӕй никуы ахауд, никуы ӕрӕвӕрдта йӕ фыссӕн сис дӕр.

Аккаг хуын у нӕ чиныгкӕсджытӕн ацы куыст. Грисы цард, йӕ хъуыдыты фӕндӕгтӕ, йӕ куырыхон сагъӕстӕ, поэзи, драматурги, йӕ тӕлмӕцтӕ, йӕ диссаджы фыстӕджытӕ Нафи, Гафез, Нигер, Дзугаты Гиуæрги, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Дӕбе, Бестауты Гиуӕргимӕ стыр ӕмӕ ахсджиаг ӕрмӕджытӕ сты поэт-драматурджы дунембарынадмӕ ныккӕсынӕн, уыдон чи бакӕса, уый бамбардзӕн Грисы ныхӕстӕ:

«Зӕххыл рӕсугъд цӕрынӕн фидар.
Дыууӕ стыр ныфсы ис лӕгӕн:
Фыдыбӕстӕ ӕмӕ сӕрибар, —
Циу цард ӕнӕ сымах? — ингӕн…»

Чиныгӕн зӕгъын фӕндараст, Ирыстон ӕмӕ Ирондзинадыл кӕй зӕрдӕ риссы, уыдон ын уыдзысты аргъгӕнӕг, тӕрхон-гӕнӕг.

Плиты Риммӕ,
Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт ахуыргӕнӕг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.