Æрæджы рухс федта поэт, прозаик, драматург, æхсæнадон архайæг, филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы профессор, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны чиныг «Нæ ис, нæ бис»-ы 7-æм том. Йæ зонадон редактор у педагогон зонæдты кандидат, ЦИПУ-йы доцент Бежаты Фаризæт.  Зынгæ курдиатджын фыссæг Хъазийы-фырты ном нæ чиныгкæсджытæн хорз  зындгонд у. Йæ фыст уацмыстæ йын æхсызгонæй кæсынц, куыд хистæр, афтæ кæстæр фæлтæр дæр. Уымæн æмæ сæ автор æвдисы царды рæстдзинад йæ сагъæстæ æмæ цинтимæ. 

Чиныгмæ хаст æрцыдысты зынгæ ирон фысджытæ Плиты Грис, Джыккайты Шамил æмæ Булкъаты Михалы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй монографитæ, кæцыты Хъазиты Мелитон ныффыста йе сфæлдыстадон архайды алы æмæ алы азты. Чиныг конд у фараст сæрæй. Бирæ, тынг бирæ ног цауты тыххæй бакæсæн ис ацы чиныджы, кæцытимæ чиныгкæсджытæ зонгæ не сты. Ирон адæмы курдиатджын æмæ куырыхон фыссæг Плиты Грисы сфæлдыстадимæ зонгæ чи нæ у, уый йæхи ирон адæймаг куыд хъуамæ схона. О, чизоны бирæтæ сты йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ, уымæн дзæвгар сты йæ тадзгæ-баргæ лæггæдтæ ирон адæм æмæ Ирыстоны раз. Фæлæ фыссæг йæ рæстæджы æнæмбæлонæй цы тæрæнты бахуадта, уыдоны тыххæй уадиссаг ничи ницы зоны. Хъазиты Мелитон лæмбынæгæй æр-дзырдта Грисыл æнæхъуаджы цъыф куыд калдтой, стæй йæ диссаджы сфæлдыстады тыххæй. Автор чиныджы райдианы «Фыдбонтæй райгуыргæ рæстдзинады» фыссы: «Хорз дардмæ зыны. Æмæ искæй кæцыдæр стыр, кадджын адæймагæн йæ райгуырæн боны цытæн поэзийы бæрзонд æмæ рæсугъд æвзагæй раарфæ кæнын куы бафæнды, цæмæй йын йæ зæрдæ балхæна, уæд æнæмæнг зæрдыл æрбалæууынц æцæг курдиатджын æмæ зæрдæргъæвд чи уыдис, йæ Фыдыбæстæ æмæ адæмæн стыр лæггæдтæ чи бакодта, уыцы поэт Плиты Грисы ныхæстæ: «Сон, рын ма фен бирæ! Фæндаг уæд сыгъдæг дæ рухсмæ! Ды цы бон фæзындтæ ирæн, Уый уæд арфæйаг æнусмæ». Ацы бæрзонд æмæ кадгæнæн, арфæйы ныхæстæ Грис нæ куырыхон адæймаг æмæ комæйкургæ лæг, нæ дунейæн зындгонд æмæ æнæмсæр ахуыргонд Абайты Васойæн загъта. Фæкодта йын алы рæвдаугæ дзырдтæ: «Ды нæ Иры кады арвыл Дæ рæсугъд æрттивгæ стъалы», «Судзыс бон, æхсæв дæ куысты», «Рухс нын чи кæны цырагъау», стæй фæстагмæ раарфæ кодта, арæх цæвиттонæн кæй æрхæссæм, уыцы зырнæйзылд дзырдтæй… Æвæццæгæн  нæ ирон поэттæй дзырдыл иууыл фылдæр чи куыста, джиппыæвæрдау-иу æй чи рахаста адæмы рæгъмæ, йæ ныхас, суадоны донау, заргæ кæмæн цыд, уыдон исчи куы бæрæг кæнид, уæд, Къостайы фæстæ кæй ранымаид, уыдонимæ иу армы æнгуылдзтыл нымады æнæмæнг бахауид, кæй кой нæм ис, нæ уыцы поэт Плиты Грис дæр. Нафи загъта: «Грис æртиссæдз азы дæргъы бирæ ногдзинæдтæ бахаста ирон дзырдаивадмæ. Стæй канд поэзийы нæ, фæлæ драматургийы дæр æмæ поэтикон тæлмацы аивады дæр. Зæгъæн ис: йæ уд уыдис йæ уацмысты, йæ уацмыстæ уыдысты йæ уды. Сæ кæрæдзийæ сын нæ уыдис фæхицæн, йæхицæн Ирыстонæй куыд нæ уыдис фæхицæнгæнæн, афтæ. Æркæсæм ма, 1968 азы, майрæмкуадзæны мæйы 8-æм бон «Рæстдзинад»-ы чи ныммыхуыр æмæ поэты ныхмæ тынг бирæ загъд-замана чи расайдта, уыцы «Рагон Ир»-мæ. Йæ ацы зындгонд æмдзæвгæйы тыххæй йыл хицауæй, дымыстъæрæй тугтæ фæмысыдысты æмæ йæ уыдонмæ гæсгæ «куыйтæ дæр нал хорд-той…». Грисы хъуыды та уыд æргом æмæ нæ ног фыдбылызæй чи хъуамæ бахызтаид, ахæм. Нæ бынаты лæгтæ растадысты йæ ныхмæ, нæ кадджын фыдæлты нын куыд æфхæры, зæгъгæ. Уайтагъд газеты фæзынд уац «Плиты Грисы æмдзæвгæ «Рагон Ир»-ы тыххæй.  Йæ автортæ уыдысты Иры разагъды фысджытæ дæс адæймагæй…

Уæдæ, Къостайы сфæлдыстадау Грисы уацмыстæй дæр диссертацитæ кæй хъахъхъæнынц, Джусойты Нафи æмæ йыл Джыккайты Шамилы хуызæн литературæиртасджытæ монографитæ кæй фыссынц, йе сфæлдыстад ын Дзуццаты Хадзы-Мурат, Бестауты Гиуæрги, Цæрукъаты Алыксандр, Ардасенты Хадзыбатыр, Булкъаты Михал, Малиты Васо, Дзасохты Музафер æмæ бирæ æндæр зынгæ фысджытæ æмæ литературон критиктæ кæй иртасынц зæрдæбынæй, уый дæр хъуыдыгæнæг адæймагæн цъус цæуылдæрты дзурæг ма хъуамæ уаид.

Иууыл диссагдæр та уый у, æмæ поэты «критик» æфхæрæн фарст æрæвæрдта цæх-гæр: «Ранымайон дын Плиты Грисы лæмæгъ уацмыстæ?» – æмæ «худинаджы фыстытæ»-йы фæстæ «тынг лæмæгътæ» кæй схуыдта, уыдон æхсæн сты Абайты Васойыл кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ «Стъалы Иры кады арвыл», стæй – «Рай мын, Ир!», балладæ «Авд цухъхъайы»… Куыд хъуамæ схуыдтаиккой Грисы ацы уацмысты «лæмæгъ» фыст. Поэты балладæ «Авд цухъахъхайы» æцæг адæмон уацмыс кæй ссис, уый сывæллæттæ дæр куы зонынц, уæд. Ацы балладæ цы скъолайы, цы сценæйыл не ‘рцыд æвæрд, æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм ахуырадон æмæ культурон артдзæст никуы уал баззад. Уымæн æмæ йæ фыццаг дзырдтæй æрцахсы адæймаджы æмæ йæ нал суадзы уацмысы кæронмæ. Плиты Грис нæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цы хæрзты бацыд, уыдон æнцон нымайæн не сты: йæхицæн ын дымæгджынæй, стыр бынæттæм сæ удты быцъынæг тонджытæ цы фыдтæ фæкодтой, уыдоныл æрдзурын дæр æнцонтæй не фты къухты. Фæлæ чъизи дон аласы, фарн баззайы. Грисæн Ирыстоны цы аргъ ис, уый фенын кодта йæ райгуырды 100 азы юбилей! Хорзæн мæлæт нæй!

Хъазийы-фырт ирдæй равдыста Джыккайты Шамилы стыр лæггдæтæ йæ радтæг Ирыстоны раз, æрдзырдта йын йæ диссаджы сфæл-дыстадыл. Чиныгкæсæджы Шамилы уацмыс-тæ сæхимæ æлвасынц сæ романтикон хъæ-лæсыуагæй, аив эпитеттæй, зæллангæнæг рифмæтæй, йæ ритмикæйæ, се ‘ппæт аивтæ æмæ сæ фидар, рæстдзинадмæ сидæг нысанæй. Джыккайы фырт цахæмфæнды темæйыл фыстаид, алы хатт дæр архайдта фæлгонцтæ ныв кæныныл, цæмæй йæ дзуринæгтæ нывтæй баззадаиккой адæймаджы хъуыдыйы. Æмæ уыцы æвæджиаг хъуыддаг йæ къухы кæй æфтыд, уый бæрæгæй зыны йе ‘мдзæвгæты. Æнæуынон ын уыдысты, адæймаджы номыл дæлæмæ чи хæцы, ахæм хъуыддæгтæ. Йæ ныхас-иу хаттæйхатт уымæн фæкарз кодта. Уымæн æмæ, каст йæ алыварс, нæ царды нын уыдта не гуыдзæг ахаст. Уайдзæфтæм-иу нын уымæн ахызт: «Дихтæ цы адæм сты, уыдон вæййынц знæгты амæттаг. Ныууадзæм нæхицæй æппæлын æмæ æвронгæй акæсæм нæ ивгъуыд заманмæ. Цы ис нæ таурæгъты, нæ зарджыты? Æрмæстдæр æфхæрд. Хуссары нын нæ туг цъырдтой гуырдзыйы æлдæрттæ. Цæгаты нæ æвирхъауæй æфхæрдтой кæсæджы æлдæрттæ, сыгътой нæ хъулгъа. Сæ ныхмæ-иу æрлæууыдысты иугай хъайтартæ, фæлæ иунæг æфсад нæу, æмæ зарджытæ-хъарджытæ кодтам нæ хæсгæ мæрдтыл».

Гæбæраты Юри зæгъы: «Шамил æй тынг хорз зыдта, йæ фæдисхъæр алкæмæн æхцон æмæ æхсызгон кæй нæ уыд, фæлæ нæ тарст. Уымæн æмæ, цы Фыдыбæстæйы хъæбул дæ, уыцы Фыдыбæстæйæн хъуамæ хъæбулы лæггад кæнай. Хъуамæ дын йæ хъысмæт æмæ йæ рæстдзинад бæрзонддæр уой мæлæты тасæй». Ходы Камал зæгъы: «Шамил у Ирыстоны стырдæр поэттæй иу. Фæлæ афтæ зæгъыны тыххæй ахизын хъæуы ирон хæлæг, ирон æдзæстуарзондзинады сæрты». Нæ кадджын фыссæг, нæ ахуыргонд, Иры кадыл удуæлдай тохгæнæг, нæ сæрхъуызой, æцæг ирон лæгаулæг Джыккайты Шамилы ном нæ Фыдыбæстæйы чи нæ зоны, ахæм адæймаг ссарын, æвæццæгæн, алкæмæн дæр фæзын уыдзæн. Йæ номыл ын мæрдырох бафтауынмæ чи хъавыдысты, уыцы ницæйæгты сæ фын фæсайдта.

Чиныджы автор лæмбынæг æрдзырдта Булкъаты Михалы цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй. Букуылты Алыкси дзырдта: «Булкъаты Михалы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц нæ фыдæлтæ – аланты цардыуаг æмæ уæззау историон хъысмæт кæм æдисы, уыцы уацмыстæ… Фыссæджы цард, йæ курдиат, æппæт йæ тыхтæ лæвæрд уыдысты Ирыстонæн, йæ радтгæ адæмæн лæггад кæнынæн». Джусойты Нафи  загъта: «Михалæн фыдыбæстæйы уарзондзинад, куыд æнкъарæн, афтæ уыд æвæджиау бæрзонд æмæ уаз, сæххæссæн кæмæ нæй, йæ фидауцы рухсмæ цæст кæмæн нæ лæууы, ахæм. Михалæн фыдыуæзæгыл баст уыд адæймаджы царды мидис æппæтæй». Михалы роман «Нарты Сосланы æвдæм балц»-ы хъайтартæ сæйраджы систы нæ адæмы алæмæтон эпос «Нарты кадджытæ»-йы сæйраг архайджытæ – Сослан, Уырызмæг, Батрадз, Æхсæртæг, Хæмыц, Сатана…

Автор спайда кодта тынг бирæ литературæйæ. Ноджы ма йæ зæгъон, адæймаг дисты бахауы, уыйбæрц литературæ æрæм-бырд æмæ сахуыр кæнын  йæ бон куыд свæййы.  Уый стыр курдиат æмæ куыстуарзондзинады фæстиуæг у! Егъау куыст бакодта Хъазийы фырт. Ис дзы  цымыдисон æрмæджытæ, фæлæ сыл, хъыгагæн, иу уацы æрдзурæн нæй. Хуыздæр у чиныг къухмæ райсын æмæ йæ сæрæй кæронмæ бакæсын. Дызæрдыггæнæн нæй чиныгæй алчидæр райгондæй кæй баззайдзæн ууыл, уæлдайдæр та ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ, студенттæ-филологтæ æмæ чиныгкæсджыты уæрæх аудитори.

Хъазиты Мелитонæн  нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нын æнæнизæй бирæ азты дæргъы  нæ зæрдæтæ рухс кæна йæ диссаджы сфæлдыстадæй!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.