Хӕрз ӕрӕджы та фӕзынд ног чиныг Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Йӕ саразæг у нӕ университеты ирон литературӕйы истори дзӕвгар азты студенттӕн чи амоны, уыцы лектор Плиты Гацыр. Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры университетты филологон факультеты, стӕй уӕд райдиан ахуыры методикӕ ӕмӕ педагогикӕйы студенттӕн сӕ ахуыры нывӕсты ис предмет: «Ирон сывӕллӕтты литературӕ».

Дзӕвгар азты кӕсы Гацыр лекцитӕ ацы предметӕй, кӕддӕриддӕр тыхст, студенттӕн ахуыргӕнӕн чиныг кӕй нӕ уыд, ууыл ӕмӕ бавнӕлдта ацы ахуыргӕнӕн чиныг аразынмӕ. Ӕрмӕг егъау кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ акодта ӕртӕ дихы ӕмӕ мыхуыргонд ӕрцыд ӕртӕ чиныгӕй.

Абон сывӕллӕтты литературӕйӕ нӕ къухы ис 3-аг чиныг.

Ӕрмӕджытӕ фыдцаг чиныджы  райдыдтой ирон хъӕздыг фольклорӕй ӕмӕ ӕртыккаг чиныджы ӕрхӕццӕ сты нӕ абоны литературон зиууӕттӕй сывӕллӕттӕн чи фыссы, уыдонмӕ.

Махӕн алы ног чиныджы фӕзынд дæр амоны, «адӕм се ‘взаг ӕмӕ се ‘гъдӕуттӕй адӕм сты». Уыдон та, фӕстаг демократон дуджы, кӕй фӕцудыдтой, схӕцын сыл кӕй хъӕуы, уый нын амонынц нӕ фысджытӕ, нӕ зонадон кусджытӕ, ирондзинадыл йӕ уд чи хъары, уыдон се ‘ппӕт дӕр.

Ӕз мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ амонгӕйӕ базӕронд дӕн, федтон ахуыры хъуыддагӕн уавӕртӕ куыд нӕ уыд, сывӕллӕттӕ чиныг цух кӕй уыдысты. Абон царды хӕрзиуджытӕ кӕд бирæ цӕмӕйдӕрты фӕцудыдтой, уӕд-дӕр уый зӕгъӕн нӕй скъолаты уавӕрӕй. Ис скъолатӕ, ӕмбӕлон уавӕртӕ, не стӕм чиныг цух. Дуг йӕ бон калы, компьютерон рӕстӕг сывӕллӕтты – фӕсивӕды иӕхирдӕм аздæхта ӕмӕ чиныг иуварс аззад, телералӕвӕрдтӕ халынц фӕсивӕды зондахаст, не ‘взаг арвистон кӕнын райдыдта, фыдӕлты рӕсугъд ӕгъдӕуттыл нал ӕввӕрсӕм.

Гацыр ӕртыккаг чиныгмӕ цы фысджыты бахаста, уыдоны сфӕлдыстады дӕр бӕлвырдӕй зыны, сабитӕн хъомылад дӕттын кӕй хъӕуы, куыст цардӕн фӕрӕз кӕй у, чиныг – царды фӕндӕгтӕ аразӕг кӕй у.

Чиныг райдыдта Нафийӕ ӕмӕ фӕцис Кокойты Эльзӕйыл. Бӕлвырддӕрӕй, чиныгмӕ хаст ӕрцыд 30 фыссӕджы. Уым ис хистӕртӕ, астӕуккаг кары ӕмӕ стӕй уӕд абоны фӕлтӕрӕй бирӕтӕ. Хистӕр фӕлтӕрӕй дзы сты: Нафи, Саулохты Мухтар, Хацырты Сергей, Багаты Лади, Балаты Тембол, Сланты Ахмӕт, Мӕргъиты Къоста, Мыртазты Борис, Плиты Илья;

Астӕуккаг фӕлтӕрӕй: Кочысаты Мухарбег, Дзугаты Хаджумар, Беджызаты Уасо, Цӕрукъаты Ал-р, Гӕззаты Сослан;

Ӕртыккаг фӕлтӕрӕй – Цӕрукъаты Володя, Дауырӕ, Баситы Мысост, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Бахъаты Нугзар, Хаджеты Таймураз ӕмӕ ӕнд.

Гацыр банысан кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: нӕ фысджытӕй иуӕй-иутӕ ницы фыссынц сывӕллӕттӕн, иннӕ хай та ныффыстой цъус, ӕртыккаг хай та бакуыстой ӕмӕ кусынц ацы ахсджиаг хъуыддагыл.

Сабитӕн фыссын ӕнцон хъуыддаг нӕу, йӕ рӕстӕджы йӕ Нафи дӕр

загъта:

«Нӕ зонын сабитӕн фыссын,

 Фӕлӕ мӕ зӕры бон хъӕздыг дӕн!

Мӕнӕй-ма скодтой мӕ фысым

Сӕ цин, сӕ хурбоны цӕссыгтӕ»

Нафийӕн бирӕ ахсджиаг фарстатæ агайдтой йӕ зӕрдӕ, Коцойты Арсены загъдау, бирӕ фысджыты «чысыл литературӕ аразынмӕ ӕвдӕлгӕ дӕр нӕ кодта».

Сабиты раз алчи дӕр хӕсджын у, цӕмӕй сыл дзурӕм фӕлмӕн, рӕвдаугӕ. Цингӕнгӕйӕ сӕм дзуры поэт Саулохты Мухтар дӕр:

«О сабитӕ, цӕй, рацӕут,

Ног хур нӕм ӕркаст!»

Зӕгъы сын йӕ зӕрдӕйы фӕндиӕгтӕ Хацырты Сергей дӕр:

«Айрӕзут, нӕ царды цин уӕм

Рухсдӕр фидӕнӕй кӕсы».

Рӕвдаугӕ сӕм дзуры Сланты Ахмӕт дӕр, ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕны : «Мӕ цӕсты рухс,

Мӕ зӕрдӕ,

Дӕ мадау уарз

Дӕ бӕстӕ».         

Йӕ зӕрдӕмӕ ӕввахс айста сабиты Мыртазты Барис. Цардӕфсӕст, цинӕфсӕст сабитӕн зӕгъы:

«Нӕ сабийы дзӕбӕх хъазтӕй Мӕхи адзӕбӕх кӕнын,

Нӕ сабитӕн сӕ цъахахстӕй,

Сӕ худынӕй цӕрын».

Беджызаты Уасойы фӕдзӕхст сабитӕн ног дуджы ахӕм у:

«Чиныг зонд у, чиныг кӕс,

Чиныг рухс цардмӕ -фӕндаг Ахуыр кӕнын у дӕ хӕс,

Зивӕг ма кӕн, у уӕндаг».

Дауырӕ бирӕ ӕмдзӕвгӕты ссардта сабиты ном, цин сыл кӕны кӕддӕриддӕр, алы хатт дӕр сын йӕхи ӕрӕвӕры рӕвдауӕг мады бынаты:

«Ды мæ къона

Ды мæ хур,

Ды нæ фидæны бындур

Æз дæ хорз нанатæй иу,

 Дзаг-дӕ циндзинӕдтӕй риу!»

Бирӕ хӕрзты бацыд сабитӕн нӕ абоны сылгоймаг зиууӕттӕй иу, Бызыккаты Земфирӕ. Рӕвдаугӕ, узӕлгӕ ныхас кӕны сабитимӕ:

«Мӕ гыццыл хур, мӕ хъӕбул!

Мӕ урс уӕрыкк, мӕ бӕдул!

Мӕ цин ӕмӕ мӕ ныфс дӕ,

Мӕ зӕрдӕйы фӕрдыг дӕ»

Цардӕфсӕст, хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уагимӕ ӕвдисы ног дуджы сабиты зӕрдӕйы равг Кокойты Эльзӕ сабиты змӕлд ӕмӕ хъазтмӕ кӕсгӕйӕ, сӕ ахаст зымӕгмӕ цахӕм у, уый сын зӕгъы сӕхи ӕвзагӕй:

«Зымӕг! Зымӕг! Ӕгас нӕм цу, зымӕг

Схъиу, фӕйлау дӕ уӕрдон тул,

Мах та дзоныгъыл фӕбырӕм,

– Байтау бӕстыл урс хъӕццул».

Ацы цӕвиттонтӕн адарддӕр гӕнӕн ис, чиныгмӕ цы фысджытӕ бацыд,  уыдонӕй алкӕмӕндӕр бантыст сывӕллӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын. Алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕрӕзтӕ, йӕхи зӕ-гъинӕгтӕ, йӕхи рӕвдауӕн митӕ. Уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ сабитæй алкæмæн дæр ис йæхи сагъæстæ, йæхи бæллицтæ, йæхи хъуыддæгтæ.

Нӕ поэттӕ, нӕ прозаиктӕ сӕ фыстыты канд циндзинӕдтӕ ӕвдисӕг не сты, сабитӕ цы дуджы цӕрынц, уыцы дуджы цӕсгом ӕмӕ ӕууӕлтимӕ сӕ зонгӕ кӕнынц. Мамсыраты Темырболат сӕ зонгӕ кодта сайдвӕстаг адӕмыл цытӕ рцыд, уыдӕттимӕ. Къоста бамбарын кодта мӕгуыр, ӕгъатыр ӕмæ тӕригъӕддаг дуджы кӕй райгуырдысты, Нигер сӕм ныккодта фӕдисы хъӕр: «Кӕмттӕн сӕ нарджытӕй, нӕ хъуысынц хъарджытӕ, нал кӕуы сидзӕр сыдӕй», Хъамбердиаты Мысост сыл бакодта сырх галстуктӕ.

Ныззылд та царды цалх, райхъуыст та мӕдты хъарӕг, сабиты ниуын Джыгкайты Шамил сӕм дзуры (сабитӕм):

«Фыдӕх тӕры зындонмӕ дӕу,

Хуыцау дӕм нал цӕуы ӕмгӕрон…

Ӕрлӕу мӕ гыццыл хур, ӕрлӕу,

Ӕз дӕ мӕ зӕрдӕйы нывӕрон».

Зарынц сын поэттӕ, Ир та йе знӕгтыл куыд фӕуӕлахиз, Хуссар Ир кӕй ссис хӕдбар паддзахад, сабитӕн арӕзт кӕй ӕрцыдысты ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Зӕххыл сӕрибардзина-дӕй егъаудӕр хӕзна кӕй нӕй, ууыл у сӕ ныхасы сӕйрагдӕр, чиныгмӕ хаст чи рцыд, уыцы фысджытӕн.

Чиныг «Ирон сывӕллӕтты литературӕ» аккаг хӕзна у ахуыр-хъомыладон куыстӕн. Скъолаты ахуыргӕнджытӕ, университеты лектортӕ, ирон хъуыддӕгтимӕ баст факультетты студенттӕн дзӕвгар фӕрӕуӕгдӕр кӕндзӕн сӕ къух ацы чиныг. Ныййарджытӕ дӕр ӕй кӕд райсой сӕ къухмӕ, кӕд ӕй бакӕсой, уӕд сӕ зондахаст зынгӕ фӕивдзӕн мадӕлон ӕвзаг, ӕмткӕй ирондзинады рдӕм.

Плиты Гацырӕн цы ӕртӕ чиныджы ӕрцыд уагъд ирон сывӕллӕтты литературӕйӕ, уырдӕм хаст ӕрцыд 100 фыссӕджы бӕрц. Уый та дзурӕг у ууыл, ӕмӕ нӕ сывӕл-лӕтты литературӕ хъӕздыг у, кусынц ыл уӕхскуӕзӕй нӕ фысджытӕ.

Фӕндараст зӕгъӕм Ирон сывӕллӕтты литературӕйы 3-аг чиныгӕн, цӕрӕццаг уӕд.

Плиты-Гӕбӕраты Риммӕ,

Цӕгат Ирыстоны-Аланийы

 сгуыхт ахуыргӕнӕг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.