Хуссарирыстойнаг спортсментæ 7 майданы рамбылдтой æвзæнгты ’хсæн æмхæццæ æмбуархæстæй (ММА) Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты. Уый тыххæй хъусын кæны тренер Хъуылымбегты Мамед. Ерыстæ уагъд цыдысты Кисловодскы. Фыццаг бынæттæ бацахстой Тъехты Герман (70 кг), Джиоты Артем (55 кг) æмæ Æлборты Арсен (77 кг). Æвзист призертæ систы Пу-хаты Умар (55 кг) æмæ Джиоты Дмитри (70 кг). Бронзæйон хорзæхтимæ та Цхинвалмæ æрыздæхтысты Цхуырбаты Сослан (60 кг) æмæ Одтаты Артур (60 кг).

«Райгонд дæн нæ спортсменты архайдæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æмвæзадыл 7 майданы рамбулын хорз бæрæггæнæн у. Бузныг мæ фæнды зæгъын паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ Президенты æххуысгæ-нæг Гаглойты Николайæн, ерыстæм ацæуынæн нын финансон æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй», — загъта Хъуылымбегты Мамед.

Ссис турниры уæлахиздзау

Хуссарирыстойнаг армрестлер Хæбæлаты Арсен Элистайы ссис æппæтуæрæсейон турнир «Кубок дружбы Калмыки»-йы уæлахиздзау. Арсенæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 90 кг уæзы категорийы. Финалы уый рамбылдта Дагъыстаны минæвар, Уæрæсейы чемпион Зураб Гаджиевы. Нæлгоймæгты ’хсæн æртыккаг та ссис Гасситы Сослан, кæцы хæцыд иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+110).

Сылгоймæгты ’хсæн 70 кг уæзы æвзист майдан рамбу-лын йæ къухты бафтыд Дыгъуызты Миленæйæн.

Спортсменты тренировкæ кæны Джиоты Валери.

Хуриты Батрадз