Чи хъуамæ куса скъоладзаутимæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраджыдæр сты  ныййарджытæ, скъолатæ, милицийы æмбæлон инспектортæ. Раздæр азты куыд уыд, афтæ ныр дæр рæзгæ фæлтæримæ æмбæлон куыст кæнынц Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны, алыгъуызон спортивон секциты, аивадон хæдархайгæ къордты.

Скъоладзаутæй бирæтæн ис ахæм ныййарджытæ, æнæгъдау митæ чи кæны, хæдзары æмæ æдде дæр æвзæр дзыхæй чи дзуры. Æмæ уый та æндавы сæ кæстæртыл. Æнæфсарм дзыхæй дзурыныл ацы æлгъыстаджы дуджы тынг цайдагъ кæнынц не скъоладзаутæ. Кæмфæнды уой – уынджы æви æхсæнадон бынаты, скъолайы æви фæндагыл – дæ хъустыл ауайдзæн æлгъитын, уæлдайдæр та – скъоладзаутæ æмæ студентты дзыхæй.

Кæнæ райсæм ахæм цæвиттон. Нæ горæты уынгты арæх фенæн ис, æрыгон лæппутæ къордгæйттæй кæдæм фембырд кæнынц, ахæм бынæттæ. Æмæ дзы дзæвгар рæстæг афæстиат вæййынц, зæгъгæ, сæ фæрсты чызг фæцæуы, уæд æм ныхасæппарæн фæкæнынц. Æмæ цымæ уымæй сæ лæджыхъæд æвдисынц? Нæ, æрмæст сæ удыхъæды мæгуырдзинад.

Хуссар Ирыстоны Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ сывæллæтты фыдракæндты тыххæй радзырдта, зæгъгæ, «абоны онг профилактикон дисциплинæйы фæдыл хыгъды лæууынц 11 сывæллоны, кæцытæ сарæзтой чысыл бархалынæдтæ. Уыимæ ма нæм ис 26 зыгъуыммæ фæндагыл лæуд бинонтæ,  кæцытимæ, æнæмæнгæй,  хъæуы кусын. Хуыцауы фæрцы нæм нæй сывæллæтты наркомани, фæлæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы, сывæллæттæн электронон сигареттæ æмæ алыгъуызон æнæзакъонон  хостæ кæй уæй кæнынц, уый. Республикæйы бирæ ис ахæм сывæллæтты категоритæ, кæцытимæ хъæуы кусын. Уыдон сты сидзæртæ æмæ инвалидтæ, кæцыты хъæуы хистæрты æххуыс», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Не скъолаты фылдæр хъуамæ куыстæуа ахуыргæнинæгты культурон хъомылады фарстытыл, лæмбынæгдæр сын амонын хъæуы, хистæртæм цы ахаст хъуамæ дарой, æппæт уыдæттæ. Хистæрты ныхмæ дзурын, коммæ нæ кæсын, искуы истæмæ рады лæууыны тыххæй фæтк халын, æдзæсгомæй адæмы ‘хсæн размæ æфсæрын – уыдонæн фенæн ис фæсивæды ‘хсæн. Ныййарджыты, скъолаты иумиаг тыхты руаджы бакусын хъæуы скъоладзауты хъомылады фарстытæ скъуыддзаг кæныныл, цæмæй, æцæгдæр, суой нæ царды æмбаргæ аразджытæ, нæ дуджы аккаг адæймæгтæ. Хъуамæ хъуыды кæной нæ рæзгæ паддзахады размæцыдыл.

Стыр æмæ бæрнон сты адæймаджы хæстæ не ‘хсæнады. Адæм кæрæдзимæ хъуамæ дарой уæздан ахаст, уой намысджын, раст, куыстуарзаг,   хъуамæ тох кæной цухдзинæдты ныхмæ.

Адæймаг удæй хъуамæ уа рæсугъд, афтæ йæ конд, йæ бакастæй дæр хъуамæ эстетикон æхцондзинад дæтта, цыдæр мидæхсызгондзинад ын хъуамæ хæсса. Фæлæ уæддæр йæ рæсугъд удыхъæд, йæ миддунейæ, йæ уæздан ахастæй, йæ рæстмиаджы кæнгæ хъуыддæгтæй хъуамæ уа рæсугъд, уымæн æмæ рох кæнын нæ хъæуы ахæм базырджын дзырдтæ: уæздан ахастæй хуыздæр адæм ницæмæн аргъ кæнынц.

Уый абоны фæсивæдмæ хауы, уымæн æмæ сомбоны цардаразджытæ уыдон сты æмæ царды раст фæндагыл чысылæй хъуамæ фæхæст уой, цæмæй сомбонæн суой аккаг æмæ бафæзминаг, æгъдауджын хистæртæ.

Уæздан адæймагæн алкæддæр æмæ алкæмдæр йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæф, алы ныхас æмæ фæкаст дæр бæлвырд фæткыл, нывыл æмæ æфсармы фæлгæтты вæййынц. Ирон адæймаг æдзæрæг быдыры кæнæ тархъæды   куы уа, уæддæр ын фыдæлтæй цы уаг æмæ æфсарм баззади, уыдон домæнтæ æххæст кæны йæ Хуыцауыхай æмæ йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъдæгдзинадæй.

Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: «Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм ис, кад дæр уым ис». Кæнæ: «Ирон лæджы уагахаст – æфсарм æмæ фæткыл баст».

Адæймаг йæхи дарын зоны æви нæ, уый рабæрæг вæййы адæмы ‘хсæн дæр. Адæмы ‘хсæн йæхи дарын чи нæ зоны, уымæн уæздан рахонæн нæй, цыфæнды ахуыргонд, цыфæнды хицау æмæ фендджын, рæдау æмæ хъæздыг куы уа, уæддæр. «Æгасцуай – уынд æмæ кондæн, фæндараст уай – уаг æмæ зондæн». Адæмы ‘хсæнмæ цыфæнды рæсугъд дарæсы куы рацæуай, уæддæр уымæй уæздандæр не суыдзынæ. Фæлæ уæддæр фылдæр хатт адæймагæн йе ‘ддаг бакаст, йæ цæстæнгас, йæ ми, йæ базмæлд, йæ биноныгдзинад æмæ йæ дзыхы ныхас айдæнау февдисынц йæ миддуне æмæ йæ удыхъæд.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.