Ирон уæздандзинад у адæймаджы удварны бындур, куырыхондзинад  æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уый у æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн.

Исбон уæздандзинады ахъаззаг бæрæггæнæн нæу. Исбоны руаджы йæхи уæздан чи хоны, уый удыхъæдæй мæгуыр æмæ æнæфсарм адæймаг у.

Уæздандзинад алы адæмтæм дæр ис, фæлæ сæ алчидæр уæздандзинады мидисыл æвæры йæхи бæрæггæнæнтæ. Ирон уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ, йæ аразæн хæйттæ сты: рæстдзинад, æцæгдзинад, хиуылхæцынад, зæрдæхæлардзинад, сæр сæрмæ хæссын, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыд уæвын.

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ хорз миниуджытау, æрдзæй рахæсгæ нæу. Йæ миниуджытæ сты, Иры дзыллæ сæ иумæйаг царды сæ кæрæдзиимæ ахастдзинæдтæн цы æнæфыст закъонтæ сæвæрдтой, царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, динон уырнындзинады фæрцы дæсгай фæлтæрты зондахасты кæй сфидар кодтой, уыдон. 

Ирон уæздандзинады миниуджытæн сæ фылдæр систы динон уырнынады домæнтæ, уымæ гæсгæ уыцы домæнтæ не ‘ххæст кæнын ссис Хуыцауы ныхмæ цæуыныл нымад. Хуыцауыл уырнынад æмæ ирон уæздандзинад æнусты дæргъы адæмы разæнгард кæнынц цардбæллондзинадмæ, систы хъомылады программæ – æмбал кæмæн нæй, ахæм хъомылады фæрæз.

Ирон уæздандзинад тынг фæцудыдта Советон дуджы, хицауад дины æмæ дингæнджыты ныхмæ тохмæ куы расидти, уæд. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уæздандзинад йæ уидæгтæй баст у динон уырнындзинадимæ, сæрмагондæй та ирон динимæ, нæ фыдæлтæн паддзахадон закъонтæ чи ивта, уыимæ.

Уæздандзинад Иры фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æхсæнады закъонты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ — æгъдау æмæ фæтк, уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдис сыгъдæг æмæ райдзаст, Хуыцауы раз та — æнæтæригъæд, равзæргæ.

Кæд уæздандзинады хъомыс æмæ динон уырнынад тыхджын уыдысты, уæддæр, иуæй-иу адæмты динон уырнындзинæдтау, адæймагæй фанатик, ома сæ хъомысы цагъайраг нæ арæзтой. 

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ цæрæгойтæй чи хицæн кæны, ахæм миниуæг у. Цæрæгойтæн сæ уагахаст иугуырæй дæр æрдзæй рахæсгæ (инстинкт) æмæ гуырдзон рефлекстæй арæзт у, цæргæ дæр уыдоны руаджы кæнынц. Уыцы æрдзон æууæлтæ адæймаджы уæнджы дæр сты, фæлæ уымæн æмбæрзт сты уæздандзинады «хъæццулæй». Адæймагмæ уæздандзинад къаддæр уа, уыйас йæ хъæддаг æууæлтæ тынгдæр раргом вæййынц. Уæздандзинады тæнæг хъæццулæн йæ бон нæ вæййы сæ бамбæхсын, стæй сæ æвдисын нæ хъæуы, уый адæймаг æмбаргæ дæр нæ фæкæны. Æмæ уæд йæ митæ æмæ йæ архайдæй тынг баввахс вæййы цæрæгойтæм. 

Адæймагæн дæр, цæрæгойау, йæ бон у фæцæрын йæ æрдзон æууæлты руаджы, фæлæ уæд уый адæймаг нал уыдзæн, уый уыдзæн фос.

Ирон уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы фæлтæрты хъомыладæн сæйраг нысанæн кæй æвæрдтой, хъомылады æмæ лæгдзинады сæйраг бæрцбарæн чи уыди, ахæм хуызы къæпхæн.

Кæд бирæ хатт, уæздандзинадыл дзургæйæ, ирæттæ фæзæгъынц, уый адæймагæн йæ туджы ис, зæгъгæ, уæддæр уый бынтон афтæ нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ æмæ фыдæлты гентæ адæймаджы удыхъæдыл æндавынц, фæлæ уыцы архайд у тынг чысыл. Адæймаджы уагахаст æмæ удыхъæдыл æппæтæй тынгдæр архайынц йæ алфæмблай уæвæг адæм, тынгдæр та йæ ныййарджытæ. Фыццаджыфыццаг адæймагæн йæ зондахасты уæздандзинады талатæ ныййарджытæ ныссадзынц, уыдон ын бавæрынц – бауадзынц йæ удыхъæды æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ. 

Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд йæ сагъæсты бындурон, йæ царды сæйрагдæр нысан хъуамæ уа уыдон уæздандзинады бындурыл схъомыл кæнын æмæ сæ адæмы рæгъы рауадзын. Кæд дæхæдæг уæздан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цотæн дæр уæздан суæвынæй ма «тæрс» – Сау хохæй урс дуртæ нæ тулынц. Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йæ удыхъæды æнæфсармдзинад райдайа рæзын. Сывæллоны уæздандзинадыл хъомыл кæнын хъæуы алы бон дæр, алы сахат дæр, йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ. Уый алы ныййарæгæн дæр æрдзы æмæ æхсæнады раз йæ уаз хæс у. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнæгæй хъуамæ рох ма уой, æппæт адæмты уæздан-дзинады бæрæггæнæнтæй иумæйаг чи у, уыдон. Фæлæ хъомылгæнджытæ, ныййарджытæ хъуамæ архайой, сæ хъомылгæнинаг сомбон цы адæмы ‘хсæн цæрдзæн, уыцы адæмы уæздандзинады мидисы цы национ хицæндзинæдтæ ис, уыдон ын йæ удыхъæды бавæрыныл.

Адæймагæн æцæгдзинад агурын, рæстдзинады фæндагыл цæуын йæ удыхъæды сывæллонæй куы нæ ныффидар уа, уæд уæздан никуы суыдзæн. Кæд æмæ уæздан митæ адæмы цæстмæ кæна, уæд та, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр рабæрæг уыдзæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.