Ирон æгъдæуттæ нын хуыцауæй лæвæрд не сты, нæ фыдæлтæ сæ æрымысыдысты адæмы хорздзинадæн. Абон уыцы хорздзинад сабыргай сæфын байдыдта, æмæ нæм фæзындис, адæмæн æрмæст фыдбылызы хос чи у, ахæм хъуыддæгтæ. Уый аххосæй хъæздгуытæ ноджы хъæздыгдæр кæнын райдыдтой, мæгуыртæ та – мæгуырдæр. Дзыллæйы фылдæр хай бахауди уæззау æгъдæутты æфсондзы бын. Ацы уавæр знон кæнæ абон нæ равзæрди, фæлæ ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты. Æгъдæуттæн сæ мидис цæхгæр аивта: кæд раздæр адæмы пайдайæн уыдысты, уæд сын ныр та зианы хос систы. Рæдыд раст кæнинаг у: не ‘гъдæутты сыгъдæгдзинадыл аудгæйæ, раздахын хъæуы хæрзæгъдау. Хъуамæ мæгуыр, æвæрæз адæймаг йе ‘хцайы муртæ мауал хардз кæна хъæздыджы цины æмæ зианы, хъæздыг та мæгуыры муртæ мауал иса. Мæгуыр лæг, æгъдауы сæр хъуыды кæнгæйæ, йæ рæстаг капеччытæ хъæздыгæн кæй хæссы, уый нын кады хос нæу.

Нæ фыдæлтæ кæд æнахуыргонд уыдысты, тыхст æмæ уырыд уавæрты цардысты, уæддæр нырыккон фæлтæрæй хуыздæр æмбæрстой хъуыддæгтæ. Уыдон мæгуырты хардз кæнын нæ уагътой. Уый нæ, фæлæ ма сын æххуыс дæр кодтой. Сидзæртæ, сидзæргæстæ, сабитæ, зæрæдтæ сæ рох никуы уыдысты. Уæды заман чи, цы æмæ цас радта, уый нæ нымадтой, худинаг сæм касти, номхыгъдтæ дæр нæ арæзтой. Ахæм мадзæлттæ-иу ссардтой, мæгуыр зæрдæхудтæй куыннæ баззайа. Зæгъæм, зæронд лæг йæ капеччы муртæ дæтты хъæздыг зианджынтæн. Уæд-иу æхца æмбырдгæнæг раарфæ кодта лæгæн, фæлæ дзы æхца нæ иста. Уый уыди фæтк, æхсæнадон уаг. Адæммæ афтæ растдæр каст æмæ уыцы æгъдау домдтой алкæмæй дæр. Кавказы иуæй-иу адæмтæ абоны онг дæр бахъахъхъæдтой уыцы фæтк: номхыгъдтæ нæ аразынц. Мах дæр уыцы уаг куы раздахиккам, уæд-иу мæгуыртæ сæ æфстайуаг капеччытæ нæ хардз кæниккой хъæздгуыты цины кæнæ зианы. Йæ раздахын та нæ бон у. Куыд, цы хуызы, уый та нæ культурæ, нæ психологи, нæ уды æмæ нæ зонды хъаруйæ аразгæ у.

Абоны тыхст рæстæджы ахæм фыдвæтк ныффидар, æмæ мæгуыр лæгæн цины кæнæ зианы хъуыддагмæ æнæ ‘хца цæуæн нæй, æхца та йæм нæ вæййы. Адæймаг зианмæ куы бацæуа, уæд æм æнхъæлмæ фæкæсынц номхыгъды бæзджын тетрадимæ. Уый бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ фæткæвæрды ныхмæ сдзурын сæ бон нæу, уымæн æмæ хæдзары хицауы зæрдæхудтæй тæрсынц, нæ уæндынц «æгъдау» фехалын. Фылдæр адæм уыцы æгъдæуттæ хорз æнхъæлынц, сахуыр сыл сты æмæ сæ сæхи фыдбылызæн кæнынц.

Æвæстиатæй саразын хъæуы афтæ, цæмæй нæ дзыллæ бамбарой, нæ царды бирæ митæ ивинаг кæй сты. Æрмæст уыцы хабар хъуамæ алчи дæр йæ зæрдæмæ арф айса, баууæнда йыл. Хъуамæ нæ хуыздæр æгъдæуттæ парахат кæнæм æмæ не ‘хсæнады ныфс бауадзæм. Уадз, алчи дæр нæ бамбара, банкъара, нæ абоны цард, алы адæймаджы уавæр дæр æмæ скæна бæлвырд хатдзæгтæ. Цард ивгæ цæуы, ахæм у йæ миниуæг. Мах дæр хъуамæ хуыздæрмæ тырнæм, нæ авналæнтæ хынцæм. Æмæ мæ зæрдæ дарын, ацы сагъæссаг хъуыддагыл кæй бакусдзысты бæрнондæр æмæ активондæр æхсæнадон архайджытæ.

Ацы ныхас уымæн кæнын æмæ ныронг фаг критикон цæстæнгас нæ уыди нæ национ культурæмæ, цардыуагмæ. Æнæ критикон цæстæнгасæй та размæ цæуæн нæй. Абон нæм парахат у ахæм хъуыды: цас фылдæр адæм æрæмбырд уа мæ зиан кæнæ мæ цинмæ, уыйас æхца дæр фылдæр æрæмбырд уыдзæн. Æхца куыд фылдæр уа, афтæ та æгъдæутты арæнтæ дæр уæрæхдæр кæнынц. Фынг кæд хъæздыгдæр уа, уæд искæй хардзæй хорз бахæрын æмæ баназын чи уарзы, уыдонæн – цæттæ бæрæгбон!

Стыр хъыгагæн, нæ цины æмæ нæ зианы фынгтæ сæмхуызон сты. Хатгай афтæ дæр рауайы: исты хъуыддаг кæмæ вæййы, уый номхыгъдмæ æркæсы, æмæ дзы хæстæджытæй, зонгæтæй исчи къаддæр схардз кодта, уæд ыл йæ зæрдæ фæхуды. Иуахæмы иу хъæздыгæн йæ бинойнаг амард. Йæ мæгуыр сыхаг ын æртæ боны зæрдиагæй фæлæггад кодта, æхца йæм нæ уыд æмæ ницы радта. Уæд ын иу бон хъæздыг афтæ: «Кæм уыдтæ ды та, куынæ дæ федтон?»

Ныры дуджы алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр æхца у йæ сæр, йæ ном, йæ кад, йæ уынаффæгæнæг. Хуыцауæй разы, фæзынд ахæм хъæздгуытæ, амалджын адæймæгтæ, æмæ цыфæнды хъуыддаджы дæр нал уадзынц номхыгъдтæ аразын. Уый хорз, раппæлинаг фæзынд у. Æрмæст сæ нырма бирæтæ нæ фæзмынц æмæ сæрмагонд лæджы æд тетрад æрбадын кæнынц кæрты. Мæ разы ис иу фыстæг. «Цалдæр азы размæ мæ чызг, æрыгон ахуыргæнæг, амард, – фыссы зæронд лæг. – Æз загътон: иунæг капекк дæр никæмæй райсдзынæн, мæхи хъаруйæ йын кæнын æппæт æгъдæуттæ дæр. Мæ хæстæджытæ уый куы базыдтой, уæд мæ сдзурын дæр нал бауагътой, кой дæр, дам, æй мауал скæн».

Æндæр цау. Бынтон цæрынхъуагæй амард амалджын бинонты мад. Хæдзары хицау, кадджын хистæр, йæ чызгмæ дзуры:

– Чызг, нæ бон у, æнæ искæй æххуысæй, нæхи хъарутæй марды æгъдæуттæ скæнын?

– Уый та куыд? – дзуапп радта чызг. – Адæмы зæрдæхудты цæмæн цæуыс? Адæмы хардз кæнын фæнды.

Абоны царды стыр сагъæссаг у чындз æрхæссын, чызг раттын. Хæдзары хицау хонджытæ арвиты хуымæтæг зонгæтæм дæр, уымæн æмæ чындзæхсæвы æхца хъæуы. Æхца кæмæ нæ вæййы, уый æфстау райсы, чындзæхсæвы цы æрæмбырд уа, уыдонæй сæ бафиддзынæн, зæгъгæ. Ныр уæхæдæг хатдзæг скæнут: ахæм тыхмадзæлтты æххуысæй арæзт æгъдæуттæн нывыл рахонæн ис? Кæд дæ фадат нæ амоны, уæд цæмæн хъæуы утæппæт адæмы хонын!

Зианджын æгъдау раттыны охыл æппындæр ницæмæуал фæкæсы, хæсты бацæуы æмæ æрцæуæг адæмы хорз фены. Ома, дам, хъуамæ хъаст мачи ахæсса. Афтæ, гъе, чи фылдæр схардз кæна, зæгъгæ, нæ адæм ерысы бацæуынц. Хистытæ нæм куывдты хуызæн систы, уæлдайдæр дыууиссæдзæм бонтæ. Фынгмæ куы бакæсай, уæд æй нæ раиртасдзынæ, адæм цины фынгыл бадынц æви зианы.

Махмæ цæйбæрц фæлхæстæ скæнынц зианы хъуыддæгты, махмæ цæйбæрц адæмы æрæмбырд чындæуы, уыйбæрц зæххы цъарыл иу адæмыхатмæ дæр нæ фендзынæ. Ам фыццаджы-фыццаг аххосджын сты хъæздгуытæ æмæ бæрнон бынæтты кусджытæ: исты хъуыддаг сæм куы вæййы, уæд бæрц нал фæзонынц, уымæн æмæ сæм ис. Уыдонæй хъуамæ рох ма уаид: сæ алывæрсты бирæ мæгуыртæ цæры, уымæ гæсгæ хъуамæ сæхи уæздандæр дариккой.

Уæдæ цы бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдбылызы уавæрæй фервæзæм, уый тыххæй? Иу хатт ма йæ зæгъын: раздахæм, нæ фыдæлтæм цины æмæ зианы хъуыддæгты цы æгъдæуттæ уыд, уыдон. Къух сисæм номхыгъдтæ аразыныл. Нæ сыхаг адæмтæм хорзæй цы ис, ууыл дæр былысчъил кæнын нæ хъæуы, истæмæйты сæ куы бафæзмæм, уæд уым æвзæрæй ницы ис.

Æгъдæуттæ хицæн бинонтæ сæхæдæг нæ фæкæнынц – æхсæнады фæфæзмынц, ома, дам, иумæйаг фæтк ахæм у, æмæ йæ махæн дæр æнæкæнгæ нæй. Уымæ гæсгæ æвæстиатæй саразын хъæуы афтæ, цæмæй алыхуызон цæлуарзджытæ, арахъхъдзуангæнджытæ, не ‘гъдæуттæ, нæ цард нын чи æгад  кæны, уыдон уынаффæгæнæг ма уой. Хъуыддæгтæ хъуамæ сæхимæ райсой æмбаргæ, уæздан хистæртæ æмæ кæстæртæ. Цæмæй ацы хъуыды царды ацæуа, ныффидар уа, уый тыххæй бæлвырдæй зонын хъæуы адæмы хъуыды, не ‘гъдæуттæм ногæй цы хæссынц Ирыстоны хистæртæ. Процессæн нæдæр тагъддæр кæнæн и, нæдæр уромæн – хъуамæ баргæ къахдзæфтæй цæуа йæ нысанмæ. Иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр хæцын нæ хъæуы, талф-тулф митæй никуы ницы рауади, къуылымпыйы хос цы вæййынц, æндæр. Адæмы ‘хсæн цы хорздзинæдтæ райгуыры, уыдон сæ цæфыл уынын æмæ æмбарын хъæуы. Хъуамæ рæстæгимæ æмдзу кæнæм, хынцæм уавæртæ. Хорз миниуджытæ куыд фæзынынц, цауд миниуджытæ дæр афтæ фæзынынц, æмæ сæм лæмбынæг кæсгæ у, хорзæн хъуамæ фæндаг дæттæм, æвзæры та нæхимæ  æмгæрон ма уадзæм.

Цыфæнды хорз фæтк дæр фесæфы, структурæ йын куынæ уа, уæд. Уыцы структурæ та хъуамæ адæмимæ куса иудадзыг. Афтæ куынæ уа, уæд нæ мидбынаты цоппай кæндзыстæм. Структурæйы (схонæм æй Координацион Центр) уæнгтæ хъуамæ уой адæмы ‘хсæн нымад чи у, кад кæмæн ис, ахæмтæ: паддзахадон хицаудзинады разамонджытæ, уæллаг къæпхæнæй бинаг къæпхæны онг цы бæрнон кусджытæ ис, уыдон, дзыллон-информацийы фæрæзты сæргълæуджытæ, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ, культурæйы, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, мидхъуыддæгты, фæллойы æмæ социалон рæзты министртæ, ахуыргæндтæ, дины кусджытæ, республикæйы кадджындæр хистæртæ æмæ а.д. Адæм иугæйттæй сæ ныфс нæ хæссынц уавæр раивынмæ. Кæд Координацион Центры Совет сарæхса, уæд нæ фæндтæ дзæгъæлы нæ фæуыдзысты. Аминдигæнæг та хъуамæ уа Стыр Ныхас.

Фыццаг рæстæг ахæмтæ дæр разындзæн, барæй кæнæ æнæбары ацы «рекомендацитæ» чи ницæмæ дара. Цæмæй уыдоны фæнд нæ, фæлæ мах фæнд ацæуа, уый тыххæй сæ хъæуы иуварс кæнын.

ГАССИТЫ Хъазбег

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.