Сæрд райдайы Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны бæрæгбонæй. Ацы аз ыл æххæст кæны 70 азы. Ацы нысаниуæгджын бон фидар æрцыд 1949 азы Сылгоймæгты дунеон демократон федерацийы, хæстæй цыппар азы фæстæ, Европæ нырма йæ туджы куы мæцыд, уæд. Растдæр уæд сывæллæттæн мадæлтæ æрæмысыдысты ацы бæрæгбон, уыцы сывæллæттæн, кæцытæ сæ сабибонтæ арвыстой хæсты уæззау дуджы. Зæрдæтæ иугæнæг бæрæгбон цæрæццаг разынд æмæ йæ нысан кæнынц æнæхъæн дунейы.

Мæскуыйы ныр 33-æм хатт бæрæгбонæн старт радта Уæрæсейаг сывæллæтты фонд, кæцыйæн традицион ссис йæ нысан кæнын йæ уæвынадæй фæстæмæ. Столицæмæ фонды фæхуындмæ гæсгæ æрцыдысты 11 мин сывæллоны, социалон æгъдауæй хъахъхъæд чи нæу цæрджыты уыцы категорийæ, сывæллæттæ, кæцытæ бахаудтой уæззау цардуагон уавæры. Се ‘хсæн уыдзысты ахæм сывæллæттæ дæр, кæцытæ баззадысты æнæ ныййарджытæй. Уыдонæй бирæтæн сæ фыдтæ фæмард сты се ‘мбæстагон хæс æххæст кæнгæйæ. Бæрæгбоны хайад райсдзысты дунеон æмæ уæрæсейаг алыгъуызон конкурсты уæлахиздзаутæ дæр.

Уæрæсейæгтимæ циндзинад адих кæндзысты се ‘мгæрттæ алы бæстæтæй, уыдон ‘хсæн сты Хуссар Ирыстонæй 10 сывæллоны. Уæрæсейы Стыр театрæй райдайгæйæ, 18 зындгонд столицæйон театры уыдонæн балæвар кæндзысты сæ хуыздæр спектаклтæ. Æмæ спектаклты фæстæ та æвзонг уазджытæм æнхъæлмæ кæсы ноджы иу сюрприз – Уæрæсейаг сывæллæтты фондæй лæвар – чингуытæ æмæ адджинæгтæ. Сывæллæттæ æввахсдæр базонгæ уыдзысты Мæскуыимæ, Кремлимæ, столицæйы музейтæм æмæ галереятæм экскурситæм ацæугæйæ. Хуыздæр ресторантæ сывæллæтты суазæг кæндзысты хæрзаудæн сихортæй. Дард рæттæй æрцæуæг сывæллæтты «десанттæ» Мæскуыйы арвитдзысты фондз боны.  «Зын у уæззау фæлварæнтыл чи рацыд, уыцы сывæллæттæ цы циндзинад банкъарынц, уый афыссын, – дзуры Уæрæсейаг сывæллæтты фонды сæрдар Альберт Лиханов. Уыдон никуы ферох кæдзысты уыцы аргъауы æмæ фæстæмæ аздæхдзысты махмæ уарзондзинадимæ, Мæскуы æмæ сæм Уæрæсе цы ахаст дарынц, уыцы æмбарынадимæ. Кæддæр уый баххуыс кæндзæн, мах иумæ цæрын кæй хъæуы, уый бамбарынæн. Æрæджы æз ахъуыды кодтон: æрвылаз дæр махмæ æрцæуынц ног уазджытæ, æмæ уый размæйы уазджытæ та куыд кæнынц? Луганскæй, сомихстойнаг хæххон аултæй, Хъыргъызтаны, Хуссар Ирыстоны сывæллæтты хæдзæртты сывæллæттæ… Æмæ мах аскъуыддзаг кодтам, ацы аз 1-æм июнмæ уыдон сæ хæдзæртты махæй райсдзысты хæлар фыстæджытæ æмæ чиныг лæварæн. Цæмæй уыдон ма рох кæной нæдæр Стыр театры бæрæгбон, нæдæр Мæскуыйы æмæ нæдæр уырыссаг æвзаджы. Афтæ уыдзæн алыхатт дæр. Мах фæнды зонын нæ уазджыты, уыдон куыд рæзынц, уый».

Уæрæсейаг сывæллæтты фондимæ æнгом контакттæ ис æмæ æнтыстджынæй йемæ æмгуыстад кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты фонд дæр, кæцыйыл ацы аз æххæст кæны 10 азы. РХИ-йы Сывæллæтты фондæн бындур æрæвæрыны бонæй фæстæмæ йæ сæйраг нысан у сывæллæтты алыгъуызон проблемæтæ скъуыддзаг кæнын: сывæллæттæ-сидзæртæн, сывæллæттæ-инвалидтæн, рынчынтæн, бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонтæн æххуыс кæнын.

РХИ-йы Сывæллæтты фонд паддзахадон æмæ коммерцион нæу, йæ исады сæйраг гуырæн сты барвæндæй фиддонтæ, æмбæстæгты, организациты æмæ уагдæтты æххуысы фæрæзтæ. Фонды æмæ мæхи номæй бузныджы ныхæстæ зæгъын фæкæсынхъуаг сывæллæттæм  Хуссар Ирыстоны фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы æмæ сын чи æххуыс кæны,уыдонæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты фонды правленийы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æппæт сывæллæттæн ацы диссаджы бæрæгбоны сæраппонд! Мæ зæрдæ сын зæгъы сыгъдæг арв, сабырдзинад, æнæниздзинад æмæ амонд. Уадз, алыхатт дæр сын æххуысгæнæг уæд Стыр Хуыцау! Уадз, алыхатт дæр сæм хъусдард, уарзондзинад, удты хъармдзинад æмæ ауыдындзинад уæд хистæрты ‘рдыгæй. Уымæн æмæ «дунейы æппæт амонд дæр нæу æнæаххос сывæллоны царды аргъ». Уадз, сæ цæсгæмттыл алыхатт дæр уæд хъæлдзæг мидбылхудт.

Сывæллæттæ сты нæ фидæн! Адæм æнæнхъæлæджы нæ дзурынц: «Амондджын сывæллæттæ кæм ис, уым ис амондджын адæм».

ТЕДЕТЫ Роланд,

 РХИ-йы Сывæллæтты фонды сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.