Нæ фыдæлтæ кадыл мæлгæ уыдысты. Æрыгонæй суанг зæронды бонмæ  худинаг сæ сæрмæ нæ хастой. Худинаджы бæсты мæлæт, зæгъгæ, фæкодтой-иу афтæ. Тохы быдыры-иу мæлæт чи ссардта, уый кад-джыныл нымад цыд. Афтæ уыд раджы дæр, афтæ у ныр дæр.

77 азы рацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй æмæ кæд историон барæнтæм гæсгæ бирæ нæу, уæддæр адæймагадæн стыр нысаниуæгджын у Стыр Уæлахизы бæрæгбон. Рацæудзæн ноджы бирæ азтæ, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæдгæмттæ уæддæр нæ байгас уыдзысты ирон адæмы зæрдæты, уымæн æмæ мах хуызæн гыццыл адæмæй махау ничи басыгъд. Уыдонæн сæ хæстæг-хиуæтты зæрдæтæй никуы ферох уыдзысты уыцы уæззау бонтæ æмæ уыцы сау гæххæттытæ.

Фашизмы ныхмæ иумæйаг уæззау тохы, сæрбахъуыды рæстæджы Иры фæсивæд, стырæй – чысылæй сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæхи нæ бааууон кодтой, фæлæ райстой сæ къухмæ хæцæнгарз æмæ мингæйттæй цыдысты фашизмы ныхмæ тохмæ. Ирыстоны кæмттæй цыдысты хæстмæ сæдæгæйттæй. Фæстæ нæ фæлæууыдысты стыр æмæ гыццыл Мугуты хъæуы фæсивæд дæр. Хæсты райдианы ацы хъæуæй акодтой 35 хæстон лæджы. Уый фæстæ та сæ кодтой сындæггай куы – фондз, куы – дæс.

Стыр уæззау уаргъ сыл сæвæрдта хъысмæт, фæразгæ дæр æй кæм кодтой, фæлæ сыл хуыздæр бон нæ уыд, æмæ йæ хастой, кæмæн куыд йæ бон уыд афтæ. Хæстон фæсивæд, тасдзинад не ‘нкъаргæйæ, бырстой размæ сæ риуæмбæрц немыцаг удхорты нæмыджы ныхмæ. Бырстой размæ æмæ сын сæ къухтæй тыдтой Советон Цæдисы горæттæ иугай.  Бирæ цардбæллон фæсивæд баззад Уæрæсейы быдырты, Кавказы хæхтыл, Европæйы æмæ æндæр рæтты.

Фæлæ цард цард у. Уымæн йæхи æнæфыст закъæттæ ис, уыимæ фыдбылыз æмæ адзал сау халонæй хъауджыдæр не сты: кæм дæ разæй фæуыдзысты, кæм та дæ фæстæ ныдздзыназдзысты.

Хæсты азарæй басыгъдысты Чилæхсаты Кимайы бинонтæ дæр. Бирæсывæллонджын бинонтæ уыдысты Чилæхсаты Кима æмæ Биазырты Нинæ (Нуца) Мугуты хъæуы. Сæ цæнгты куыствæллойæ хъомыл кодтой сæ сабиты. Кæд уæззау рæстæг уыд, уæддæр хойрагæй цух никуы уыдысты. Сæ уæззау куысты сын сæ къух рæуæг кодтой сæ зæронд дада æмæ нана дæр, уыдоны ныфс сын бирæ уыд æмæ сæ цард уымæй рогдæр кодта.

Кæд куыствæллад бинонтæ уыдысты, уæддæр сæ аст хъæбулы æнæрæвдыд никуы ныууагътой. Хъомыл сæ кодтой ирон æгъдауыл, ирон намысыл, цæмæй сæ рох макуы уа, Ирыстонæн уыдон йæ сомбон аразджытæ кæй сты, уый.  Кимайæн йæ бинойнаг æмæ йæ чысыл сабитæм кæсгæйæ йæ зæрдæ рухс кодта, æмæ йын уый ныфс лæвæрдта, йæ сомбон æнæмаст æмæ хъæлдзæг  кæй уыдзæн.

Фæлæ Кимайæн йæ циндзинад бирæ рæстæг нæ ахаста – айхъуыст дзæнгæрæджы зæллангау Ирыстоны зæххыл, немыцаг фашизмы лæгсырдтæ Советон Цæдисмæ кæй æрбабырстой, уый.

Ирон адæм дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Цæттæ кæнын райдыдта Ирыстон дæр йæ сахъ лæппуты хæстмæ æмæ цыдысты мингæйттæй тохы быдырмæ.

Хæст хæст у, уый хатыр æмæ тæригъæд нæ зоны. Æрбахастой сидты гæххæтт Чи-лæхсаты бинонтæм дæр. Афæндараст кодта йæ цардæмбалы Нуца дæр, æндæр æй цы бон уыд, дæ амондыл хъуамæ сразы уай, афтæ арæзт у царды уагæвæрд.

Афæндараст æй кодтой дард балцмæ, аргъæутты куыд дзырдæуы, фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Раст ахæм фæндагыл фæцыд Кима Ирыстоны зæххæй Украинæйы зæхмæ. Йæ хæдфæстæ йын акодтой йе ‘фсымæры дæр. Хæдзар аззад æнæ дарæгæй, аст сывæллоны, фарастæм – гуыбыны, зæронд дада æмæ нана баззадысты Нуцайы æвджид. Ацы уæззау бонты Нуца цы уавæры уыд, уымæн иунæг Хуыцау – йæ зонæг. Фыдæбон кодта, уæдæ куыд уыдаид. Бон æрбацъæхæй æхсæвдалынгтæм кодта хъугдуцæджы куыст. Æхсæв-бонмæ та – æмпъузгæ æмæ бигæ, цæмæй йæ сабитæ æххормаг æмæ уазал ма уыдаиккой. Бирæ æххуыс ын уыдысты зæрæдтæ дæр – Сашино æмæ Багиан. Уыдон уыдтой сæ чындзы уæззау фыдæбон, уыйæппæт сывæллæтты дарын æмæ хæрын хъуыд æмæ сæ  бон куыд уыд, афтæ куыстой æмæ сын лæггад кодтой. Хæрдцух нæ уыдысты, æгæрыстæмæй ма-иу сæ сыхæгтæн дæр алæггад кодтой, сæ къухы цы уыд,  уымæй. Мæ мад-иу афтæ фæдзырдта: “Хæрдцух никуы уыдыстæм, кодтам зæхгуыст, фосдарды куыст æмæ нæм алцы дæр уыд, фæлæ нæм æхца нæ уыд”.

Хæст йæ бон калы, йæ райдианæй  суанг йæ кæронмæ, Ирыстоны фæсивæдæй чидæриддæр хæстмæ цæуынхъом уыд, уыдоны иууылдæр кодтой Гуырдзыстонмæ æмæ сæ уырдыгæй æппæрстой, карздæр тохтæ цы рæтты цыдысты, уырдæмыты. Кимайы дæр Гуырдзыстонæй акодтой Украинæмæ, горæт Харьковмæ. Украинæйы фæхæцыд æртæ азы дæргъы. Уæззау тохтæ цыдысты уыцы ран. фыстæджытæ дæр-иу æрвыста, йæ бон куыд уыд, афтæ. Фæстаг фыстæг æрæрвыста 1943 азы горæт Запорожьейæ: “Цæуы дзы карз тохтæ, немыцаг лæгсырдтæ лæбурынц, махæн дæр нæ бон куыд у, афтæ бырсæм размæ. Иу ахæм тохы фæцæф мæ цонг æмæ дæн госпиталы, уымæн ницы у, мæнæ радзæбæх уыдзынæн æмæ фæстæмæ – фронтмæ. Хæст тæригъæд нæ зоны, нæмыг тæхы æмæ йæ нæ зонын, мæлæтдзаг цæф кæд фæуыдзынæн, уый, дарддæр мæ хъысмæт куыд уыдзæн, уымæн дæр ницы зонын. Фæлæ дæ уæддæр фæдзæхсын: кæд нал сæмбæлон мæ фыдыуæзæгыл, уæд-иу мын мæ сывæллæтты æххормагæй æмæ æнæахуырæй ма ныууадз. Мæ мад æмæ мын мæ фыдмæ дæр фæкæс!”

Уый фæстæ дзы ницыуал райхъуыст, æрмæст ын йæ сау гæххæтт цалдæр мæйы фæстæ  райстой йæ бинонтæ.

Ирон мад æмæ фыдæй чи райгуырд, ахæм лæппу йæ сæрмæ никуы хаста йæ фыдæлты кад æмæ намыс фегад кæнын. Гъе, уыцы лæппутæй иу уыд Кимайæн йæ хистæр фырт Герсан дæр. Йæ фыды фæстæ царды уæз йе уæхсчытыл æрæнцад,  кæд ыл 17 азы дæр нæма цыд, уæддæр. Фæлæ та хъысмæт нæ бацауæрста æвзонг, цардбæллон лæппуйыл дæр.

1942 азы августы нæ хæдзары къæсæрыл æрбалæууыдысты дыууæ лæджы, ссыдысты нæм Дзауæй, – дзуры мæ мад Галинæ, – уæд мыл цыд фондз азы, рæстмæ дæр не ‘мбæрстон, цы сæ хъæуы.  Мæ мад дзырдта семæ æмæ йæ цæссыгтæ калдысты. Уыдон ацыдысты æмæ та нæм цалдæр боны фæстæ ссыдысты. Уый фæстæ мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæд æй бамбæрстон, ме ‘фсымæры кæнынмæ мын кæй ссыдысты. Уæд не ‘ппæты кæстæр æфсымæрыл иу къуыри цыд, æмæ мæ мад рынчын уыд, хуысгæ кодта. Чи йæ афæндараст кодтаид, уый  хъом нæ ничи уыд. Ме  ‘фсымæр æй хуыссæн уатмæ ныхъæбыс кодта, йæ цæссыгтæ æркалдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Цы ми кæндзынæ адæппæт сабитимæ, фæкæсынхъом сæ куы ничи у . . .»

Куыддæрты растад мæ мад йæ уатæй æмæ йæ ахизын кодта хъæугæронмæ. Мæ зæрдыл дзы æндæр ницы бадардтон. Йемæ ма йын кæй акодтой Дзауы комæй,  уый стæй ме  ‘фсымæрæн дзырдта, зæгъгæ нæ Гуырдзыстонмæ иумæ ныккодтой, фæлæ уым фæхицæн стæм. Герсаны акодтой Дзæуджыхъæумæ, уыцы рæстæджы немыцаг фашисттæ Кавказмæ лæбурдтой, хи-зынмæ хъавыдысты Кавказы хæхтыл. Уырдæм бирæ фæсивæд акодтой æмæ дзы иу дæр нал æрыздæхт, иууылдæр æбæрæг сæфт фæкодтой хæхты”.

Нырма йæ цард разæй кæмæн уыд, бирæ  рæсугъд фæндтæ кæмæ уыд, уыцы цардбæллон лæппу Герсан йæ цард радта  йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Хæст хæст у, уый хатыр æмæ тæригъæд никæмæн кæны. Герсанæн йæ уд мæрдты дæр никуы баулæфдзæн, йæ мады рынчынæй кæй ныууагъта, йе ‘нахъом æфсымæртæ æмæ хотæ та æвæгæсæг кæй баззадысты, уый тыххæй. Фæлæ мæгуыр амæлæг у, удæгæстæ истытæ кæндзысты. Ахæм амонд радта Хуыцау Кима æмæ йæ фырт Герсанæн, æмæ æбæрæг сæфт фæкодтой Стыр Фыдыбæстæйон тугкалæн хæсты. Адæмы фарн бирæ у. Нæ ферох сты хæстæг, хионæй сæ рухс нæмттæ.

Сæххæст кодта Биазырты Нинæ (Нуца) йæ дзæнæтыбадинаг сæрыхицауы фæ-дзæхстытæ. Бахъомыл  сты иууылдæр йæ цот æмæ сæ иу дæр æнæ уæлдæр ахуырæй нæ баззад. Ахæм уæззау фæндæгтыл рацыдысты Чилæхсаты Кимайы бинонтæ.

Никуы ничи бафсæст цардæй, фæлæ цыма цардбæллондæр чи вæййы, уый цæрынхъуагæй цæмæн амæлы. Космикон тыгъдады цы стьалы ахуыссы, уый хуызæн у адæймаджы цард дæр. Уый йæ фæстæ ныууадзы йæ уарзон адæмы зæрдæты йæ рухс ном æмæ сæ бирæ азты тавы йæ койæ.

                              ÆЛБОРТЫ Агуындæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.