Цы кодтам, цы ныл æрцыд, ирон æдæм, цы Хуыцауы æлгъыст фестæм?!. «Нæ фыдæлтæ», «нæ фыдæлтæ» ма цæмæн хъæр кæнæм, уыцы фыдæлтæн æрчъиагæн дæр куы нал бæззæм, уæд?!. Нæ фыдæлтæ-иу комы дымæджы æнæзонгæ барæг куы федтой, уæддæр-иу фæдис куы ныхъæр кодтой; тох ныккодта, зæгъгæ-иу сæ фæдисмæ сидтæй хæхтæ куы ныцарыдтой, уæд мах, сæ фæстагæттæ, цы кодтам, æргъæвсгæ бакодтам, ацы хъуырнавирусы дунеон  шоу нын не ‘мбудæнтыл æфсæн гамхуд бакодта æви фейсбуччы æнæрæгъыдзыд зондамонджыты уацары кæронмæ ныррыгъдыстæм?!.

Мах кæрæдзи хæрæм, чидæртæ та нæм сæ кæрдтæ цыргъ кæнынц… Ирыстон æмæ ирон адæмы хæрзиуæгæн иу пъамидоры хъил дæр чи никуы сцыргъ кодта, ахæмты «патриотизмæн» æмдзæгъд кæнынæй дæр нæ къухтæ уæзæг сæвæрдтой, нæ цæгатварс сыхæгтæ та нын нæ кад, нæ номы кафт Симдæн æмдзæгъд кæнынц, сæхи дзы хъал кæнынц!

Æмæ та ацы хатт дæр куырмæфсон, къуырмайыфсон скодтам… Мачи зæгъæд афтæ: æмæ фыццаг хатт у?.. Фыццаг хатт нæу, нæ хуссайраг фыдбоны сыхæгтæ йæ раздæр бафæлвæрдтой сæхи бакæныныл, фæлæ уæд советон дуг уыд æмæ «æфсымæрон нациты» ‘хсæн тох кæнын нæ, быцæу кæнын дæр æнæфæтджиагыл нымад уыд. Ныр та «демократийы» дуг куы у, алкæмæн дæр дзырды бар куы и… Ирыстонæн йæ хуссар хай нымад паддзахад куы у, йæ цæгат хай та Уæрæсейы сконды уæвæг республикæты ‘хсæн æмбар субъект куы у, уæд «макæ» зæгъынхъом цæмæннæ стæм, нæ рагфыдæлты кафт нын æдзæсгомæй чи байста, уыдонæн?.. Ныртæккæ Цæгат Кавказы республикæты дæр, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ, бар нæй массон мадзæлттæ уадзынæн, концерттæ æвдисынæн, уæддæр диссаг фесты ацы фæстаг дыууæ мæйы. Цыма æмдзырд бакодтой: кæсæг зæгъай, адыгейæгтæ æви черкесæгтæ – арт æмæ сын фæнык нал ис, концерт концерты фæдыл кæрцц кæнынц, нæ адæмон кафт Симд нын сæхи бакодтой, ницы дзы фæивтой,  афтæмæй йæ чи «Удж пых» хоны, чи – цы, æмæ йæ кафынц, куыд сæхи адæмон кафт, афтæ. Æниу… æмдзырд куы бакодтаиккой, уæд æй алчи йæхи националон кафт нæ хонид…

Фæлæ махæн цы хъауджыдæр у, æмдзырд бакодтой æви нын хицæнтæй æвдæрзынц нæ национ сæрыстырдзинад… Ницы бынтондæр. Уый ноджы риссагдæр куы  у – иу наци ма куы бахастаид йæ ныфс, ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ сæрыстыр кæмæй сты, уыцы кафт йæхи бакæнынмæ, фæлæ – цалдæр нацийы… Ау, афтæ æгуыдзæгыл нæ нымайынц?.. Хорз, тæрсгæ нæ мачи кæнæд –  æфсæрмыйы бынаты дæр никæмæн стæм? Алы хатт алы хатт æмæ алчи махмæ цæмæн бауæнды?.. Уымæн æмæ нын нæ фæлмæн зæрдæйыуаг  зонынц, нæхицæй æндæртæн фылдæр кæй аргъ кæнæм, уый сын бауырнын кодтам, æмæ нæм суæндыдысты – кау кæм ныллæгдæр у, уым йæ сæрты æнцондæр гæппгæнæн у…

Иу мæйы размæ уыдаид – мæ хистæр хæлар, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Агънаты Гæстæн мæм Дзæуджыхъæуæй дзуры, мæнæ, дам, Кæсæг-Балхъары Фысджыты цæдисы сæрдар Муталип Беппаевæн юбилей аразæм, æмæ, дам, нæм саккаг кæн. Йæ уæлвæд та мæм, ноджы уæлдæр ранæй,  фæдзырдтой, дæ хæлар, Мæхъæлы Фысджыты цæдисы сæрдар Раиса Дидиговайы дæр, дам, фæхуыдтам, уый дæр, дам, æрцæудзæн æмæ, дам, сыл бацин кæнæм… Æмæ иу мæйы бæрц хъуыды кæнын: цæмæн хъуамæ аразæм юбилейтæ кæсгон-балхъайраг фысджытæн, цы уынгæджы бон ныл ныккодта –  уыдон нын нæ фысджыты юбилейтæ аразынц? Уыдон искуы Хъазиты Мелитоны фæхуыдтой æмæ йын йæ юбилей сарæзтой?.. Нæ. Æмæ уæдæ махыл цы мæгуыры бон ныккодта, дæллаггалæй цæрын акаг цардыл цæмæн нымайæм, искæмæн лæгъзтиаг цæмæн хъуамæ уæм?

Науæд… Раиса Дидигова кæдæйнырмæ у мæ хæлар?.. Мæ хæлар уыд курдиатджын мæхъæлон поэт Сали Арчаков, фæлæ 1992 азы ирон-мæхъæлон хæсты фæстæ нал у мæ хæлар. Фысгæ дæр æм ныккодтон, зæгъын, иугæр дæ нацийы æргом фыдракæнды ныхмæ иу сыбыртт æргомæй не скодтай, уæд æй афтæ нымайын, дæуæн дæр ахæм тугмондаг позици кæй ис… Фæстæдæр æй базыдтон, Сали Арчаковы марынмæ дæр кæй хъавыдысты, ирон адæмы ныхмæ хæст расидын æбуалгъ хъуыддагыл кæй нымадта, уый тыххæй, фæлæ, куыдфæндыйæ дæр – знаг знаг у. Дидигова мæ хæлар нæу – мæ хорз зонгæ у, курдиатджын поэтессæ кæй у, уый тыххæй йын аргъ кæнын, хорз ахастытæ нын ис, куыд кавказаг сылгоймаг, афтæ йæм æфсæрмыйы цæстæй кæсын, æндæр цас хæлæрттæ стæм…

Фæлæ афтæ: хъуамæ искæй нæхиуыл тыхбаст кæнæм, алкæмæн нæ иузæрдиондзинад æвдисæм, нæ мидбылхудт нæ былалгъыл бада, нæ сæр бандонæн æвæрæм, нæ риу – фæндагæн… Æмæ цæмæн? Цæмæн хъуамæ уæм лæгъзтиаг æндæр адæмтæн – кæмæй цы дарæм, кæмæй цы хæсджын стæм, цы сæрнизæн нæ бахъуыд тыхарæзт хæлардзинад?

Æз ирон адæмæй уый нæ курын, цæмæй нæ сыхаг адæмтæм знаджы цæстæй кæсой, фæлæ мын кæд бафæрсыны бар ис, уæд мæ фæнды бафæрсын: мах юбилейтæ цы фысджытæн аразæм, нæхицæн хæлæрттыл кæй нымайæм, уыдонæй иу афтæ цæмæннæ зæгъы, алæ-ма, цы ми кæнæм, кæйдæр аивад цæмæн давæм, искæй фарнæй нæхи цæмæн хъæздыг кæнæм?..

Куыд мын æй уырнын кæнут, цыма уый хуымæтæджы плагиат у? Куыд хъуыды кæнут, хорз адæм, паддзахадон ансамбль «Кабардинка»-йы аивадон къухдариуæггæнæг, сæйраг балетмейстер æмæ хореограф нæ зыдтой, цы æвæрдтой, уый. Кæнæ цы сæвæрдтой, уый сæ разамонджытæ нæ уынынц æмæ йæ нæ зонынц, сæ паддзахадон ансамбль сæхи адæмон кафты æфсон ирон адæмон кафт Симд кæй кафы? Кæмæн æй бауырнын кæндзыстут æмæ Кæсæг-Балхъарты республикæйы разамынад нæ зоны, сæ номдзыд поэт, сæ литературæйы классик Хъайсын Кулиев ирон адæмон кафт Симды тыххæй цы загъта, уый?.. «Ирон адæм сæ национ кафт Симд йедтæмæ æндæр куы ницыуал  сфæлдыстаиккой, уæддæр сын бар ис, цæмæй сæ сæр бæрзæндты хæссой, куыд стыр адæм, афтæ», – загъта Хъайсын Кулиев.

Ивгъуыд æнусы райдайæны, ССР Цæдисæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæд кафты стырдæр дæснытæ сфидар кодтой, ахæм хореографион æмбарынад «Адæмон кафт». Цæмæн? Уымæн æмæ уыдон махæй дардмæуынагдæр уыдысты, æмæ йæ æмбæрстой, цæмæй иумæйаг стыр паддзахады скондмæ цы бирæ нацитæ бацыдысты, уыдонæй алкæмæн дæр баззайа йæхи национ аивады хæдбындурдзинад, иу дзы иннæйы фыдæлты хæзнатæй ма пайда кæна, иу дзы иннæйы ма дæлдзиныг кæна. Æмæ уыцы æмбарынад бындур сæвæрдта карз принциптæ æмæ домæнтæн: йæ фыдæлтæй кæмæн цы баззад, ууыл фидар хæцын, ногдæр æй кæнын, фæлæ йæ æндæр искæй æндæвдадæй хъахъхъæнын. Æмæ иумæйаг паддзахады иумæйаг системæ алкæмæн дæр фадат лæвæрдта йæ национ аивад рæзын кæнын æмæ популяризаци кæнынæн. Æппæт уыцы системæйы, хореографион æмбарынад «адæмон кафт» æмæ йæ фидардæр кæныны хъуыддаджы кæд исчи уæлдай активон хайад райста, уæд уый уыдис Уарзиаты Хадзысмел, кæцыйы ном зындгонд уыдис бирæ бæстæты, йе сфæлдыстадон æрмдзæфмæ йын сæ хъус лæмбынæг дардтой амæй-ай номдзыддæр хореографтæ. Бирæ зындгонд ансамбльтæн баххуыс кодта, рæзты фæндагыл бирæты бафтыдта, кæцыты нымæцмæ хауы ансамбль «Кабардинка» дæр.

Дзырд дæр ыл нæй, Хадзысмелы цæст æрттивгæйæ иунæг хореограф дæр, иунæг концертмейстер дæр йæ ныфс нæ бахастаид æппæтцæдисон нысаниуæджы кафты дæсныйы раттæг адæмы национ аивадмæ гуымир æгъдауæй фæныхилынмæ, уыцы нымæцы ансамбль «Кабардинка» дæр.

Ныр сæ ныфс бахастой, нæ адæмон кафт, нæ национ сæрыстырдзинад сæхи бакæнынмæ. Нæ рагон Симды уæздандзинадмæ сæхи кафты æууæлтæй цыдæртæ бахастой, фæлæ мелоди ныууагътой бынтон æнæфæивгæйæ. Цы у уый? Хуымæтæджы плагиат æви наци ныдæлдзиныг кæнынмæ бафæлвæрд? Куыдфæнды йæ схонæм, цы уæлдай дзы ис? Фæнды дур хъуырауыл ныццæв, фæнды хъуырауæн йæхи ныццæв дурыл – уæддæр хъуырау асæтдзæнис. Кæм сты, чысыл ницæй тыххæй дæр фæдис чи ныхъæр кæны æмæ цъыфкалæнтæм чи фæвæййы, уыцы патриоттæ, æхсæнадон организацитæ? Кæд рæстдзинад афтæ тынг уарзæм, кæд афтæ тыхджын стæм, уæд нæм фæйнæрдыгæй цæмæн уæндынц, сæ къæхтæ ныл цæмæн сæрфынц?

Дзæнæттаг Шамил цæйау загъта: «Геройты Ир, дæ геройтæ кæм сты?».

Кæдмæ цæрдзыстæм афтæ, нæ къухтæ фæсхыл кæдмæ тилдзыстæм,  кæмæндæрты къæхтæсæрфæн кæдмæ уыдзыстæм?..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.