Хуссар Ирыстоны районты цæрджытæн дæр ацы бонты фадат уыдзæнис бакæсын Туаты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Пæсæйы фæндон»-мæ, кæцыйы æвæрæг-режиссер у Цæриаты Валери. Ацы классикон спектакль ма раджы дæр æвæрд цыдис нæ театры сценæйыл æмæ-иу æм стыр æхсызгонæй цыдысты адæм, уымæн æмæ йæ рæстæджы нымад цыдис нæ театры  хуыздæр спектаклтæй сæ иуыл. Уый аккаг бынат ахсы нæ национ драматургийы. Уæды рæстæджы ацы спектаклы сæйраг ролтæ æххæст кодтой адæмы уарзон æмæ зындгонд арттисттæ. Бирæ азты дæргъы Мысырханы роль æххæст кодта нæ театры æрттивагдæр стъалытæй сæ иу – Цоциты Нинæ.

Музыкалон комедийæн фыццаг хатт 27-æм апрелы  аргъгæнджытæ уыдысты нæ горæты сценæмæкæсджытæ æмæ йыл сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны пад-дзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй спектакль «Пæсæйы фæндон» фыццаг ахæсдзысты Цхинвалы районы Дменисы хъæумæ, уый фæстæ та йæ, 12 ма-йы, фæнд кæнынц Дзауы районы цæр-джытæн равдисын. Ацы спектаклмæ æнхъæлмæ кæсынц горæт Къуайсайы дæр.

Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады кусæг Цхуырбаты Анжелæ нын куыд загъта, афтæмæй районы цæрджытæ спектакль равдисыны хъуыддагыл сæмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ æмæ йæм ныридæгæн билеттæ райдыдтой æлхæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.